Харебаты Федыры райгуырды сæххæст 90 азы

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахдон театр йæ уæвынады рæстæджы бирæ актертæн ссис, сæ курдиат кæм райхæлд, театруарзджытæм сæ диссаджы аивад кæцæй хæццæ кодтой, ахæм фæзуат. Уыдонæй сæ сфæлдыстадон тых, æрдзæй рахæсгæ курдиат, кæй зæгъын æй хъæуы, иугъуызон нæ уыд æмæ уый гæнæн дæр нæй – æрдз, дунескæнæг адæмыл иугъуызон ницы уары.

Ирон театралон аивады архайджыты стъалы-бардзы йæхи æнæфæцудгæ бынат ис РХИ-йы адæмон артист, РЦИ-Аланийы сгуыхт артист, Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артист, ак-тер, режиссер, æхсæнадон архайæг Харебаты Федырæн.

Федр Стыр сценæмæ фæндагыл йæ фыццаг фæлварæнтæ аразын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Ахуыр та кодта Тбилисы. Уырдæм Знауыры районы Исахъыхъæуæй хуыздæр цардагур алыгъдысты йæ ныййарджытæ. Иуæндæс сывæллоны сын уыдис, иуæндæсæм – Федыр. Уыдонæй сын æртæйы нæ бантыст цардмæ ракæнын. Дуг зын, уæззæу уыдис, фæлæ уæддæр царды амæлттæ кодтой. Бацыдис скъоламæ Федыр. Ахуыры æмрæнхъ чысыл лæппуйы зæрдæ домдта сценæ дæр æмæ хайад иста скъолайы хæдархайгæ драмкъорды æвæрд спектаклы, инсценировкæты.

Актер, режиссер, æхсæнадон архайæг

Скъола каст фæуыны фæстæ уый æрбаздæхт æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд нæ пединс-титуты (ныры университеты) уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Æнтысгæ ахуыримæ уый кодта активон æхсæнадон куыст дæр. Уыд курсы, стæй та факультеты фæском-цæдисон организацийы секретарь, æртыккаг курсы та йæ сæвзæрстой институты фæском-цæдисон организацийы секретары хæдивæгæй. Уымæй дарддæр ма йæхи ныффыссын кодта Цхинвалы Культурæйы хæдзары архайæг драмкружокмæ дæр æмæ хъазыд, цы спектаклтæ æвæрдтой, уыдоны. Драмкружокæн уæд разамонæг уыд ирон зынгæ театралон ныв-гæнæг, режиссер Гаглойты Тауырбег æмæ йын уыд стыр æнтыст йæ архайды. Иу ахæмы сæвæрдтой Дунаевскийы опереттæ «Вольный ветер». Хæдархайгæ аивадон къордæн уый зын хæс уыд, фæлæ йыл фæтых сты. Уыдис ын стыр æнтыст. Æвдыстой йæ паддзахадон драмон театры сценæйыл цыппар боны фæд-фæдыл æмæ уымæй бæрæгбон скодтой нæ театруарзджытæн. Опереттæйы сæйраг ролтæй сæ иу – Миккийы роль та æххæст кодта Харебаты Федыр. Миккийы ном бирæ рæстæджы фæхаста Федыр йæхæдæг дæр æмæ уый та дзурæг уыд ирд æмæ хæдхуыз, зæрдылбадаринаг фæлгонц кæй сарæзта.

Фæстейæ баззадысты ахуыры азтæ. Хъуыд царды хисæрмагонд фæндаг сбæлвырд кæнын. Адæймагæн та йæ хъуыддæгтæ алы хатт йæхи фæдиаг нæ фæцæуынц. Æмæ Федыры дæр бахъуыд зæрдæдзургæйæ æндæр фæндагыл – нæдæр ахуыргæнæджы, нæдæр актеры – ацæ-уын. Кусын райдыдта фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй, стæй та – фæскомцæдисы Цхинвалы горæтон комитеты агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæгæй. Æрыгон лæппуйæн фадат уыдис карьерæ саразынæн, уæлдайдæр та  фæскомцæдисон куысты бæрæг фæлтæрддзинад райста институты йæ ахуыры азты, фæлæ уыцы куыст æввахс йæ зæрдæмæ нæ лæууыд, йæ хъуыдытæ æдзух баст уыдысты актеры дæсныйадмæ, сценæимæ. Æмæ йын уыцы фадат фæцис 1956 азы. Уæд æнтысгæйæ радта фæлварæнтæ æмæ ссис Мæскуыйы аивадон академион театры цур В.И. Немирович – Данченкойы номыл зындгонд скъола-студийы студент.

Федыр  иунæгæй нæ уыд – йемæ ма уыдыс-ты нæ курдиатджын фæсивæдæй иу къорд, æдæппæт 22 æвзонг лæппу æмæ чызджы. Уыдонæй абон бирæтæ не ‘хсæн нал сты, фæлæ дзы абон сæрæгас чи сты, уыдонимæ уыдонæн дæр сæ нæмттæ хорз зындгонд систы нæ театрдзаутæн. Галуанты Людмилæ, Гугкаты Евелинæ, Куымæридтаты Донарæ, Абайты Маирбег, Годжыцаты Исахъ, Цоциты Къæдзæх, Зæгъойты Руслан, Еналдыты Вахтанг, Цæбиты Руслан, Тедеты Алихан, кæй зæгъын æй хъæуы, Харебаты Федр – уыдоны æмæ æппæт иннæты нæмттæ дæр сæ аккаг бынат ссардтой се сфæлдыстадæн табугæнджыты зæрдæты.

1961 азы фæстæмæ æрыздæхгæйæ, ацы театралон фæсивæд семæ æрластой сæ дипломон спектаклтæ æмæ сын уыд стыр æнтыст, уæлдайдæр та Н. Гоголы «Ускурын»-æн, кæцыйы Жевакины ролы хъазыд Федыр. Спектакль нæ сæйраг театры сценæйыл цыдис цалдæр азы.

Йæ курдиат æххæстæй райхæлынæн уæрæх фадæттæ фæзынд профессионалон театры сценæйыл. Фæлæ йæ йæ куыст ныууадзын бахъуыд 1963 азы, йæ мад Тбилисы иунæгæй кæй цард æмæ йæм кæсын кæй хъуыд, уымæ гæсгæ. Ам уæвгæйæ дæр йæ уарзон профессийæ нæ фæиппæрд, куыста æвзонг сценæмæкæсджыты уырыссаг театры, ТЮЗ кæй хуыдтой, уым. Хъазыд æндæр æмæ æндæр спектаклты.

Дыууæ азы фæстæ Харебайы фырты фæстæмæ кусынмæ æрбахуыдтой Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрмæ. Куыста йæ директорæй æмæ уыцыиу рæстæджы хъазыд спектаклты дæр.

Куыд актер, афтæ Федырæн йæ курдиат уæлдай ирддæр æмæ бæстондæрæй райхæлд комедион æмæ карз сатирикон ролты, уæлдайдæр та ахæм спектаклты, куыд «Дыууæ чындзæхсæвы». Уæфтийы ролы, «Уарзондзинады кадæджы» Сæрмæты, «Фыдфынтæ»-йы Хыдыры, «Ныййарæджы кафæджы» Дадийы, «Мæрдтæйдзæуджытæ»-йы Гæбылайы, «Чепена»-йы Микелы, «Дыууæ хойы» Буцæйы ролы «Фæныкгъуыз»-ы æмæ æндæртæ.

Хуызджын сты актеры курдиаты аивадон ахорæнтæ. Алы фæлгонцæн дæр уый арæхст йæхи бæрæг характерон мадзæлттæ ссарынмæ. Сæйраг ын, кæй  ролы хъазыд, уымæн йæ æддаг бакасты æууæлтæ нæ уыдысты, фæлæ йæ миддунейы миниуджытæ.

Харебаты Федыр у, аивады йæ бынат чи ссардта, сфæлдыстадон æмæ æмбæстагон активондзинад йæ духовон домындзинад кæмæн у, уыдонæй. Йæ актерон манерæ æмæ æмткæй йе сфæлдыстадон архайды ис, лæмбынæг ахъуыды кæнын æмæ раиртасын кæй хъæуы, ахæм миниуджытæ.

Саулохты Мельс, РХИ-йы адæмон артист,

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон

 премийы лауреат.

Федыр нæ театры сценæйыл сарæзта цыппор фæлгонцæй фылдæр. Цы æндæр æмæ æндæр ролты хъазыд, уыдон ын иууылдæр сты зынаргъ, уымæн æмæ сæ алкæуыл дæр хардз кодта бирæ сфæлдыстадон хъарутæ. Уыдон зынаргъ уыдысты театрдзаутæн дæр, уымæн æмæ сын хастой æхцондзинад, сæ удты сын цырен кодтой рæсугъддзинады, цардмæ тырнындзинады æнкъарæнтæ.

Цы фæлгондзтæ сарæзта, уыдон, æнæдызæрдыгæй, иууылдæр бæрзонд профессионалон æмвæзадыл сты, фæлæ дзы уæддæр æнæзæгъгæ нæй сæ хуыздæрты тыххæй. Уыдон сты Саламты Къола æмæ Брытъиаты Зариффæйы «Дыууæ чындзæхсæвы» Уæфтийы фæлгонц, Ю. Парнисы «Афродиты сакъадах»-ы – Джорджы, Гаглойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг»-ы Сæрмæты, Шериданы «Хæ-лæрттæ»-йы – Мендосы фæлгонц æмæ æндæртæ.

Театры директорæй кусгæйæ, Федыр бирæ хъарутæ хардз кодта, коллективы раз цы проблемæтæ лæууыд, уыдон скъуыддзаг кæ-ныныл. Фыццаджыдæр, кусджытæ истой цъус мыздтæ æмæ сæ бон сæ бинонты дарын нæ уыд. Директорæн йæ бон цы уыд, уый – штатты фæкъаддæр кæнын æмæ уыдоны хардзæй хицæн сфæлдыстадон кусджыты мыздтæ фæфылдæр кæнын. Бирæтæ тыхстысты цæрæнуатыл. Нæ уыд йæхи къуым йæхицæн дæр æмæ-иу йæ хиуæттæй куы кæмæ цард, куы кæмæ. Фæлæ уæддæр куыста, архайдта коллектив. Йæ разамындæй театры архайд зынгæ фæтынгдæр. Йæ репертуары фылдæр зынын райдыдытой бынæттон авторты фыст пъесæтæм гæсгæ æвæрд спектаклтæ. Уыцы автортæ уыдысты Гаглойты Владимир, Гуыцмæзты Михал, Хацырты Сергей, Хъайырты Владимир, Уанеты Владимир, Нартыхты Григол. Спектаклтæ æвæрынмæ хуынд цыдысты режиссертæ Хъайырты Владимир, Хуыгаты Геор, афтæ композитортæ Плиты Христафор, Хаханты Дудар, Гæбæраты Илья, Æлборты Феликс.

Ахæм æнтысгæ куыст лæвæрдта хорз фæстиуджытæ. Уымæн æвдисæн стæм мах, хистæр фæлтæр дæр. Спектаклтæм кæддæриддæр цыд бирæ адæм, бирæты-иу билеттæ дæр нал фæцис.

Федырæн кæд йе сфæлдыстадон æмæ административон куыст рæвдз цыдысты, уæд-дæр йæ царды зындзинæдтæ æвзæрста. Цыдис ыл 36 азы, афтæмæй  йын балæууæндон, йæхи хæдзар дæр нæма уыд, нæма бакодта бинонты кой дæр. Кæдæм æркодтаид йæхицæн цард-æмбал? Рæстæг та цыд. Æмæ, хи къуыммæ нæ банхъæлмæ кæсгæйæ, чысыл чындзæхсæв скодта йæ хистæр хо Любæйы хæдзары. Цардæмбалæн æркодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон-уырыссаг факультеты рауагъдон Битарти Зойæйы.

Актеры цард бæстон кодта, фæлæ йæ иу ахæмы бахъуыд театры коллективы разамонæджы бынат æвæндонæй ныууадзын. Хъуыддаг та рауад афтæ. Театр сфæлдыстадон æгъдауæй куы сырæзт, профессионалон æгъдауæй куы сфидар, уæд ын йе скондмæ Гуырдзыстоны хицауад бакодта гуырдзиаг труппæйы, кæцы арæзт æрцыд гуырдзиаг хæдархайгæ драмон къорды уæнгтæй. Афтæмæй ирон театры куыстмызды фонд æмхуызон дих æрцыд дыууæ труппæйыл. Фæлæ гуырдзиаг труппæйæн сце-нæмæкæсджытæ нæ уыд æмæ сæм æфтиаг дæр ницы цыд. «Иу ахæмы театры кусджытæн куыстмызд бафидын фæстиат кодта къуырийы бæрц æмæ ирон труппæ куыстмæ нал рацыд – уый уыд протестон куыстурæд, – зæгъы Харебаты Федыр. – Ирон театры коллектив домдта, цæмæй гуырдзиаг театры ахицæн кодтаиккой, уымæн æмæ иу бюджетыл дыууæ театрæн сæ бон æнтысгæйæ куыст кæнын нæ уыд».

Ацы цауы фæстæ, нæ областы разамынад, Гуырдзыстоны хицауады æндæвдады бын уæвгæйæ, систой Федыры директоры бынатæй. Кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны радиоалæвæрдты комитеты музыкалон-драмон алæвæрдты редакторæй. Уый æмрæстæджы куыста театры актерæй дæр. Фæлæ та йæ театры дирекци фæстæмæ йæхимæ æрбахуыдта литературон хайады гæсæй. Активон хайад иста театры репертуар аразыны хъуыддаджы.

Федыр йæ хъус лæмбынæг дардта режиссурæмæ дæр. Литературон хайады гæсæй кусгæйæ дæр уыдис цалдæр спектаклы режиссеры ассистент. Актерæй дарддæр ма йæм режиссеры æвзыгъддзинад дæр кæй ис, уый зонгæйæ, театры разамонджытæ Федыры 1979 азы арвыстой Мæскуымæ, уæлдæр режиссерон курсытæм, ССР Цæдисы адæмон артист Олег Ефремовы æрмадзмæ. Курсыты æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ театрмæ. Райдианы куыста æвæрæг-режиссерæй, стæй та сæйраг режиссерæй.

Æмæ та театралон аивады ацы къабазы дæр Федырæн йæ æрмдзæф ирд æмæ бæрæгæй разынд. Уыимæ бахаста ногдзинæдтæ ирон режиссурæмæ æмæ уый цасдæрбæрцæй фæзынд, цы спектаклтæ сæвæрдта, уыдоны аивадон ахадындзинадыл. Зынгæ ирон фыссæг драмтург Гаглойты Владимиры, кæцыйы пъесæтæм гæсгæ театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты цалдæр спектаклты, хъуыдымæ гæсгæ Федыры æвæрд спектаклтæ хицæн кæнынц сæ лирикон æмæ эмоционалон здæхтæй, сæ идейон мидисы арф райхæлд æмæ сæ реалистон миниуджытæй, сæ гуманистон ахаст æмæ социалон мидисæй.

Ирд æмæ хъæздыг у Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры актер-режиссер Харебаты Федыры сфæлдыстад. Индивидуалон у йæ хъазты манерæ, мидисджын – йæ режиссерон æрмдзæф. Царды дæр æмæ сценæйыл дæр – лирик. Уæлдай дæсныдæр та характерон фæлгæнцтæ аразынмæ у.

Гаглойты Владимир, драмтург

Ирон сценикон аивады зынгæ бынат бацахста адæмон хъайтар Чермены фæлгонц. Нæ курдиатджын артисттæ иу æмæ дыууæ хатты не ‘вдыстой йæ æнæмæлгæ фæлгоц сценæйыл. Йæ гæрзтæ йæм рабаста Харебайы фырт дæр. Æмæ йæ сæвæрдта нæ театры сценæйыл. Спектаклы архайдæй артисттæн сæ къухы бафтыд Чермены удыхъæд, социалон рæстдзинады сæрыл йæ тох хуымæтæг реалистон фæрæзтæй, æнæ къæбæлдзыг архайæг сценæмæкæсджыты размæ рахæссын.

Ацы спектаклæй дарддæр Федырæн бирæ æндæр спектаклтæ сæвæрын бан-тыст. Уыдонæй уæлдай раппæлинагдæртæ сты Д. Вергайы драмæ «Усбирæгъ», Гуыц-мæзты Михалы пьесæ «Бинонты драмæ», В. Розовы «Хъæддаг хуыйы хъыбыл», Гоголы комеди «Ускурын», Гаглойты Владимиры пъесæ «Табæт» æмæ æндæртæ.

Федыр йæхи равдыста арæхстджын тæлмацгæнæгæй дæр. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Н. Гоголы «Ревизор», «Ускурын», М. Горькийы «Фæстагæттæ», В. Розовы «Хъæддаг хуыйы хъыбыл» æмæ сæ мыхуыры рауагъта хицæн чиныгæй. Чиныг ма рацыд йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй дæр. Фыста рецензитæ спектаклтыл. Кодта хъомыладон куыст дæр – лекцитæ каст нæ университеты театралон факультеты студенттæн.

Театралон аивадæн йæ цард снывонд кæнгæйæ, Харебты Федыр тырны, цæмæй йæ алы ног фæлгонц, йæ алы сарæзт спектаклы дæр адæмы цард æвдыст цæуа рæстаг æмæ уырнинагæй. Цæмæй æппæт дæр æмбæрстгонд уа адæймагæн, фыццаджыдæр ын йæ хъуыды фæйлауа, æхсызгондзинад ын хæсса, разæнгард æй кæна цæрынмæ, фæллой кæнынмæ.

Бæциаты Агуыз, аивадиртасæг зонæдты кандидат

Дæргъвæтин нæ уыд Федырæн йæ режиссерон архайд, фæлæ йын уыд æнтысгæ. Цы спектаклтæ йын бантыст сæвæрын нæ театры сценæйыл, уыдонæн стыр аргъ скодтой театралон аивадиртасджытæ, кри-тиктæ, æввахс сæ сæ зæрдæмæ истой æмæ æхцондзинад истой нæ театрдзаутæ. Чи йæ зоны, ноджы ма цас рæвдыдтаид йе сфæлдыстадæй сценæмæкæсджыты, фæлæ ивгъуыд æнусы 90-æм азты трагикон цаутæ æнæбандавгæ нæ фесты театры архайдыл дæр. Кæд коллективæн йæ куыст не ‘рлæууыд, уæддæр бирæбæрцæй фæстæмæ алæууыд, нал уыд се сфæлдыстадон плæнттæ æххæстæй æххæст кæныны фадат. Театры коллективæн, уыдонимæ Федырæн дæр уæззау цæф уыдис, кæм куыстой, аивады бæрзæндтæм кæй сценæйыл хызтысты, се сфæлдыстадон плæнттæ кæм æххæст кодтой, сценæмæкæсджытæ дæсгай азты дæргъы кæдæм тагъд кодтой, уыцы бæстыхай кæй басыгъд, уый.

Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ-гуыраурдæм бандæвтой Федыры сфæлдыстадон архайдыл, фæлæ уæддæр, куыд актер æмæ куыд режиссер, афтæ уæзгæ хуынтæ бахаста ирон театралон аивады рæзты хъуыддагмæ. Йæ лæггæдтæн ын æрцыд æмбæлон аргъ. Нæ уацы райдианы кæй банысан кодтам, уыцы кадджын нæмттæй дарддæр ма хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй, «Республикæ Хуссар Ирыстоны 25 азы сæххæсты» майданæй.

Сфæлдыстадон куыстæй дарддæр Федыр активон хайад иста театры æмæ республикæйы æхсæнадон царды дæр, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстонæн йæ уæззау рæстæджыты. Кæддæриддæр лæуд уыд активон æмбæстагон позицийыл.

Харебаты Федыры тыххæй дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй йæ цардæмбалы тыххæй дæр. Мах ской кодтам, йæ цард кæй баиу кодта нæ раздæры пединституты рауагъдон Битарты Зойæимæ. Уæды æвзонг чызг абон у зындгонд ахуыргонд, ирон æвзаг иртасæг, профессор, студентон фæсивæды хъомылгæнæг. Уый йæ царды мидисы иу фарс у. Æндæр фарс та – йæ æхсæнадон-политикон архайд. Махæн, ныр хистæр фæлтæр чи у æмæ нæ фæстæ чи цæуынц, уыдонæн дæр зындгонд у, цахæм активон архайд кодта, цæмæй нæ адæм, цы зын уавæры ныххаудысты ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты – нæ историйы карздæр дуджы, уымæй сивæрзтаиккой. Æмæ ма ноджы æртыккаг фарс – зонадон куыст æмæ студентон фæсивæды ахуырхъомыладон куысты æмрæнхъ уый æрæвнæлдта рæзгæ фæлтæрæн сывæл-лæтты цæхæрадонæй райдайгæйæ, ирон æвзагыл хъæуæг ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ  бацæттæ кæнынмæ. Йæ хъæппæрисæй Ахуырад, зонад æмæ спорты министрад æнтысгæйæ æххæст кæны программæ «Малусæг» скъолайы агъоммæ уагдæттæн, кæцыйы хайад райста Федыр дæр.

Бирæ ис дзурæн Битароны тыххæй, фæлæ абон нæ ныхас йæ цардæмбалыл кæй у, уымæ гæсгæ ма сæ иунæг æдзард хъæбул Заринæйы тыххæй дæр æнæ-зæгъгæ нæй. Ныййарæгæн хъæбулы зианæй фыддæр ницы фенæн ис, уæлдайдæр та дын иунæг куы уа, уæлдайдæр та дын зонадон бæрзæндтæм фæндвидарæй куы цæуа. Æгъатыр низ сын æй атыдта сæ къухтæй. Æмæ йæм цас фæндтæ уыдис! Ирайнаг филологийы фæдыл сахуыр кæнгæйæ, уый æрæвнæлдта ирон-персаг-гуырдзиаг дзырдуат аразынмæ, фæлæ йын бантыст æрмæстдæр «А» дамгъæйыл цы дзырдтæ райдайынц, ууыл. Йæ цыбыр царды уый бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. «Авестæ»-йæ йæ тæлмæцтæ бацыдысты чиныг «Авестæмæ» уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Фæстæдæр Зойæ мыхуыры рауагъта Заринæйы зонадон куыстыты æмбырдгонд «Заратушт-Наме. Омразд-ашт», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Зæрдæфхæрд ныййарджытæн ныр сæ цин, сæ ныфс сты, Зæринæ цы дыууæ кæстæрты ныууагъта, уыдон.

Бинонты царды кæстæр фесафын трагеди у. Фæлæ… уæддæр афтæ фæзæгъынц, маст æмæ, дам, цин æфсымæртæ сты. Цард размæ цæуы. Æмæ…

Харебаты Федыр, Иры номдзыд лæг, ирон культурæйæн бирæ, бирæ азты лæггадгæнæг ацы бонты банысан кодта йæ 90 азы юбилей. Уый цины хъуыддаг у. йæхицæн дæр æмæ йе сфæлдыстадæн табугæнджытæн дæр.

Æмæ ма… Федыры даргъ сфæлдыстадон фæндагæн аргъ хъуамæ æз, рæнхъон журналист ма кæнид, фæлæ аивад чи иртасы, чи йæ æвзары, ахæм профессионалон адæймæгтæ. Фæлæ, хъыгагæн, æрмæст театралон аивады нæ, фæлæ сфæлдыстады æндæр къабæзты дæр йæ уæзгæ ныхас чи зæгъа, уыдонæй афтид кæнæм.

Федыр, ды нын дæ, ды акастæ дæ нæуæдз азы сæрты, дæ нырма уæнгрог æмæ дын сфæлдисæг цы царды бонтæ сныв кодта, уыдон дæхи фæндиаг батон.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.