Зынгæ, курдиатджын адæймаджы юбилейы алы хатт дæр æппæлгæ фæкæнынц, уæдæ, цы. Ныры дуг та ахæм у, æмæ искæй æфхæрыс, уæд истыгар – хъуын-хъис дзы куыннæуал аззайа; искæй стауыс, уæд æй Хуыцауы цъупмæ куыд сисай – цæй тыххæй, цы сарæзта, уый скойы æфсæрм дæ нæй. Мæн иугæр афтæ фæнды, зæгъгæ, сæфт кæнæ йæ гени хонын, æмæ сымах дæр фæзмут мæн. Фидистæ йын куы кæнон, уæддæр.

Ахæм аргъгæнджытæн се ‘фхæрд дæр, се ‘ппæлд дæр сæхицæй раздæр амæлынц – æвзæрæн йæ рыг нæ ацæгъдынц, хорзыл сæ цъыф нæ ныххæцы.

Абон нæ дзырды сæр чи у – Джусойты Нафи, кæнæ та йæ адæм, æндæр ирон стыр фысджытау – Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Арсенау – уарзгæйæ æрмæст номæй куыд хонынц – Нафи – æнæраны цъыфкалæнтæ дæр æмæ раны æппæлд дæр цъус нæ бавзæрста æмæ нæ федта. Йæ царды хæрдтæ дæр дзæвгар уыдис æмæ уырдгуытæ дæр. Дисы йæ ницæмæй бафтаудзыстæм.

Уый тыххæй зынгæ поэт æмæ литературæиртасæг Дзуццаты Хадзы-Мурат афтæ загъта: «Иу рæстæджы чидæртæ Нафийы сфæлдыстадæн раст аргъ нæ кодтой: Нафи, дам, хъуыды кæны уырыссагау, фысгæ та – иронау æмæ, дам, уымæ гæсгæ йе ‘мдзæвгæтæ сты тæлмацы хуызæн… Мæнмæ гæсгæ, Нафийы æмдзæвгæтæ уыдысты ног фæзынд нæ поэзийы. Уыдон хастой семæ ногдзинад æмæ кæйдæрты трафаретон, рæсугъд, фæлæ тутт æмдзæвгæты хуызæн куынæ уыдысты, уæд сæ тæлмацы хуызæн схуыдтой».

Æз, ныртæккæ рæстæг хынцинаг кæй у, уый охыл дæртты нæ дзурдзынæн, цы бирæ æмдзæвгæтæ, кадджытæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ, критикон æмæ зонадон уацтæ æмæ куыстытæ фæмыхуыр кодта, уыдоныл. Æрмæстдæр цыбыртæй бацархайдзыстæм, ирон дзырдаивадмæ ногæй цы ‘рбахаста, уыдон арæхтæ æрнымайыныл, æмæ уымæй дæр бæрæг уыдзæнис, иу рæстæджы, иу зæххыл цы стыр адæймагимæ цардыстæм æмæ куыстам, иу уæлдæф кæимæ улæфыдыстæм, иу дон кæимæ нуæзтам, уый.

Йæ цардбонтæ цыбыр уыдысты æви даргъ – 1925 – 2016) (Æниу, цардбонтæ бирæ кæд вæййынц?) – иууылдæр ын баст цыдысты йæ дуджы ахсджиагдæр цаутимæ: хæлофæй ахуыр кæныны дуг, Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæныны азтæ – кæд комкоммæ хæстон тохты хайадисæг нæ уыдис, уæддæр службæ кодта æфсады; хæстдзагъд паддзахад йæ къахыл слæууын кæнын… Ногæй – ахуыр институты, стæй аспирантурæйы, уыдонимæ литературон æмæ зонадон куыст…

Уыдон иууылдæр стыр адæймагæн, Фыдыбæстæйæн кадгæнæгæн раппæлинаг хъуыддæгтæ сты, фæлæ Нафи Ирыстоны иууыл зындгонддæр кæмæй ссис, уый у йе ‘гæрон сфæлдыстад – йæ поэзи, прозæ, драматурги, зонадон æмæ тæлмац уацмыстæ, йæ публицистикæ æмæ йе ‘хсæнадон куысты фæстиуæг.

Се ‘ппæты номгай æрымысын дæр æнцон нæу, фæлæ бацархайдзыстæм, ирон литературæйы уыцы жанртæм ногæй цы бахаста, æрмæст уыдон æрнымайыныл.

Нафи ирон дзырдаивадмæ куы æрбацыд, уый тыххæй зынгæ ирон фыссæг æмæ литературæиртасæг Джыккайты Шамил хуымæтæджы нæ загъта, ома, алы лæгæн дæр царды ис йæхи нысан, йæхи бынат; Нафийы курдиат æхсызгон хъуыд ирон культурæйы, ирон монон царды æмæ адæмы фарнæй фæзындис афоныл. Афоныл уымæн æмæ «редакцитæ иунæг домæн æвæрдтой поэты раз: рифмæтæ дзы уæд æмæ нырыккон хъуыды, суанг рифмæгонд лозунгтæ уæд – уый та ноджы хуыздæр! – æмæ алчи дæр йæхи цæттæ кодта æмæ йæ быцъынæг тыдта ахæм «поэзийыл» кусынмæ». 

Æмæ нæ Ирбæсты уыцы æнæаивадон дуджы Нафийы хъуыды, кæд ын «уыд трагеди», – аст азы цы ныффыста, уыдоныл æй хъуыд йæ къух исын, – уæддæр зæрдæйы хъустæй ахста, ирон поэттæ Фыдыбæстæйон хæсты размæ куыд фыстой, афтæ фыссæн сын кæй нал ис. Се сфæлдыстады нæ уыд «зæрдæйы рæстдзинад, æнкъарынад æмæ æцæг драматизм. Хæдарæзт уæздандзинад, сентименталон бибитæ æмæ формæйы иударон джипп амардтой поэзи».

Уый «соцреализмы» дуджы. Йæ уæды рæстæджы дзы, номæй дарддæр, реализмæй уадиссаг раппæлинагæй кæй ницы уыд, уымæ гæсгæ. Æмæ ног – ирон литературæйы æцæг реалистон фæндагыл Нафи кæд фыццаг нæ уыдис, уæддæр йæ ныффидар кæныны кæддæриддæр уыд раздзогты рæнхъыты. Йæ бирæ поэтикон, прозæйон, драмон æмæ литературон-критикон уацтæ æмæ чингуытæй алы хатт дæр цæвиттон æвдыста, нывæфтыд литерату-рæйы куыд цæуын æмбæлы реализмы, стæй цахæмфæнды «измы» дæр æцæг аивадон фæндагыл, кæд алы хатт уый æнцон нæ вæййы, уæддæр.

Уыдис-иу рæстæджытæ, æгæрыстæмæй, фысджытæй дæр бирæтæ Нафийы физикон æгъдауæй скуынæг кæнынмæ комкоммæ куы сидтысты. Сæ иу 1974-æм азы тъæнджы мæйы 30-æм бон нæ фыдбоны сыхæгты компартийы уæды фыццаг нымæрдар, Советон Цæдис фехалджытæй иу,  фæстæдæр ирæттæ æмæ абхазæгты куынæггæнæг Шеварднадземæ фыста: «Мы вели и будем вести непримиримую борьбу против антипартийных, антисоветских элементов… Писатели просили, а затем требовали, чтобы их избавили от  Н. Джусоева, Ф. Гаглоева, Бестаева, Дзуццова, но эта просьба до сих пор не выполнена». Уыцы карз домæн, хъыгагæн, иунæг нæ уыдис æмæ йæ уый фæс-тæ дæр саухъус дзырдхæсджытæй бирæтæ сфæлхатт кодтаиккой зæрдæрайæ, сæ хъул сах абаддзæнис, зæгъгæ, ууыл сæ зæрдæ куы дардтаиккой, уæд.

Фæлæ, нымæт нæмынæй бæзджындæр куыд кæны, афтæ Нафи йæ адзалы онг, кæд диссаг у, уæддæр æппынæдзух куыста йæхиуыл æмæ йе ‘рмдзæф кодта тыхджынæй-тыхджындæр. Иу æнтыст иннæйы фæдыл уый тыххæй æфтыд йæ къухы.

Уый фæбæрæг йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Салдаты зæрдæ»-йæ. Гафез чиныджы разныхасы хуымæтæджы нæ загъта, зæгъгæ, æмбырдгонды нæ зыны хæцæг салдаты фæлгонц, стæй дзы бирæ уацмыстæ нæ уыдысты æххæст фæуд, кæнæ фæзмæджы нывæст æрцыдысты уæды схемæтæм гæсгæ, уæддæр, уыцы дуджы нæ поэзийы Фыдыбæстæйон хæстыл цы поэтикон чингуытæ фæзынд, уыдон хуыздæртæй уыдис. Чиныгкæсджыты йæхимæ æлвæста йæ хуымæтæг æмæ сыгъдæг зæрдæйы уагæй. Уымæй æрлæууыд Нафи нæ поэтты фыццæгты рæнхъы.

Ирон поэзийы сонет, стæй кадæджы дæлжанртæ Нафийы сфæлдыстадæй дзæвгар раздæр фæзындысты. Токаты Алиханы сонеттæ «Цыкурайы фæрдыг» æмæ «Алыхуызон мæсыг» цæсты тигътæ исынц; Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ», Къостайы «Чи дæ?», Секъайы «Иунæг» ирон кадæгæн раджы æрæвæрдтой бындур, фæлæ Джусойты Нафийæн бантыст ирон поэзийы сонетты фыццаг быд, стæй, къæмдзæстыджы хуызы хъайтарон зарджыты этюдтæ кæй хоны, уыцы кадджыты æнæхъæн цикл дæр фыццаг уый æрбахаста ирон литературæмæ. Йæ бон сæ баци, «Чингисханæй æгъатыр Тамерланмæ» цы замантæ уыд, уыдонæй нæ абонмæ нæ адæмы æгъатыр истори равдисын. Уыимæ, æртындæс коммунарыл цы бирæ уацмыстæ æрцыд фыст, уыдонæй иууыл хуыздæр кадæг сфæлдисын.

Йæ бонрæфты иууыл хуыздæр поэтикон æмбырдгонд «Зын кары» та ирон поэзийы уыдис революцийы хуызæн. Нафи нын аивады хуызы æргомæй фенын кодта, кæд æцæг Адæймаг дæ, уæд дæхи гуылы бын ма ‘ндзар арт, фæлæ («Зын кары»):

Ысуадз æхсоныл дæр хъамбул тау,

Зæххон цард, уалдзæгау, фæлындз…

Мæсыгæй расхъиуæггаг дурау,

Дæ бонтæ радыгай кæлынц.

Зын у? Ай-ай, зын у, мæ хæлар,

Кæд уыд лæгæн цæрын æнцон?

Къуыпайау д’алы бон куы хæла,

Уæд цард у зæрдæйæн æхцон.

Цард æнцон никуы уыд Нафийæн, фæлæ «Къуыпайау д’алы бон куы хæла, Уæд цард у зæрдæйæн æхцон». Алæбон дæр йæ къухы куысты æнтыст кæй æфтыдис, уый йын лæвæрдта куыстхъомдзинад, иу уæлахиз иннæйы фæдыл исыны хъару.

«Зын кары» фæстæ йæ кæцы поэтикон æмбырдгонд нæ уыд æнтыст – «Æнæном чиныг», «Сабыр ныхæстæ», «Изæры рухс», «Хæрзбон, ссæдзæм æнус!»… Æмæ сæ йæ ныхмæлæуджытæй цалæн арæзта сæ къух, цæмæй йæ хуыдтаиккой «антипартион», «антисоветон», «антиадæймагон» æмæ, чи фæнымайдзæн, цалхуызон «анти» æмæ «титæ» мысыдысты æмæ фæмысынц сæ партийыл дæр, сæ советон цардæвæрд æмæ сæ адæмыл дæр сæхи удты иубонон пайдайы тыххæй, – табу уæ фарнæн, – чи нычъ-чъыртт кодтой, уыдон. Нафи та, лæгау-лæг æмæ фыссæгæн куыд æмбæлы, афтæ йæ адзалы бонмæ иузæрдыгæй баззад компарти æмæ советон цардæвæрды идейæтæ æмæ нæ адæмыл. Дзырд зæгъыны сæр куы хъуыд, уæд та, кæй æрцахстой, сырддоны кæй дарынц, фæлæ ахсты иунæг, бынылзадæй дæр чи нæ цот кæны, уыцы хъæддаг галмæ дзырдта æхсарджынæй:

Æфсымæр хъæддаг гал!

                                    Иунæг нал дæ, æз – дыккаг.

Багъæц уал.

                 Лæгдзинад æвæстаг нæ вæййы,

                                                              лæгдзинад мах у.

Ныр та уал, æфсымæр,

                                   аскъуыйæд фæлтау дæ мыггаг,

Фæлæ макуы су

                         æрмахуыр!

                                  («Хъæддаг гал»)

Æрмахуыр кæнынц фос; йæ идейæтæ дæр, йæ ахсджиæгты дæр борщы къусыл чи ныууæй кæнынц, чи нымудзынц, афтæмæй стыр кад æмæ къæлæтджынтæм чи фæбæл-лынц, уыдон. Сæрыстырæй сыл уымæн худы Нафи. Ахæм сæрыстырæй чи æвналы йæ куыстмæ, уымæн æнтысы.

Нæ уæзгуытæ уæзæгуат кæй кæнынц, ууыл æппæты фыццаг зæлланггæнаг аивадон æвзагæй чи сдзырдта? Нафи. Мады стыр уарзт нæ æппæты фыццаг иууыл хуыздæр, аивдæрæй чи равдыста? Нафи. Фæлгонцон уынынад ирон поэзимæ иууыл æрттивгæдæрæй чи хастой, уыдон æхсарджынтæй чи уыд? Нафи.

Хæхтыл талынг мæрддзыгойау бады.

Кæмттæм сабыр уæлæрвтæй цæуы.

Талынг? – Уый кæд мæ саударæг мад у?..

Сабыр? – Уый кæд мæ уарзон кæуы?   

                                               («Æхсæв хæхты»)

Æмæ нæ фыссæг æрмæст поэзийы нæ уыдис фыццаг рæнхъы. Афтæ уыд прозæйы жанры дæр. Уымæн æмæ фыссæг æппынæдзух тырныдта фыццаг уæвынмæ. Курдиатджын адæймаг хъуыддагзонгæйæ йæхи цæмæ феууындзы, уый йæ къухы æнæмæнг бафты. Нафи Ирыстонæн, ирон адæмæн цы хæрзты цыдис, уыдон – æргомзæрдæйæ æмæ йын æнтыст.

Нафийы размæ ирон прозæйы цъус нæ уыдис цæстыахадгæ уацмыстæ. Ис нæм новеллæтæй фыст оригиналон уацау дæр – Беджызаты Чермены «Мæсгуытæ дзурынц». Æцæг, уацмысæн йæ райдайæн æмæ йæ кæронæй дарддæр новеллæтæ сæ фараст дæр нæ фыдæлты цардæй кæй сты, æндæр сæ кæрæдзиимæ ницы бæтты. Фæлæ уацауы ахæм хуызæн дæр кæй ис цæрыны бар, уымæн æвдисæн – уацмыс йæхæдæг. Сæдæ азмæ æввахс æй ирон чиныгкæсæг йæ къухæй не ‘ппары. Нæ, уæддæр, авторæй мах фæзондджындæр стæм æмæ йын йæ уацмысты царм фелвасæм – тыхæй йæ хонæм новеллæты цикл, новеллæты сæ кæрæдзиимæ сæ хъайтартæ кæй нæ бæттынц, уый тыххæй.

Уацмысты хъайтартæ иумиаг кæмæн сты, ахæм новеллæтæй конд уацаутæй та нæ литературæ фыццаг Нафи фæхъæздыгдæр кодта хохаг хъæууон цардыл дзурæг аив радзырдтæй нывæст уацаутæ «Бæлццоны сагъæстæ» æмæ «Æрцыдтæн та ногæй»-йæ, кæд сæ йæхæдæг радзырдты циклтæ хоны, уæддæр.

Уæдæ, Ирыстоны истори йемыдзаг у алы цымыдисон, фылдæр трагикон хабæрттæй. Æрмæст 1830-æм азы паддзахы æфсады инæлæрттæ Ирыстоны цæгат хайы Абхазов, Хуссары – Рененкампф нæ фыдбоны сыхæгты æлдæртты ардыдæй цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон сæхæдæг диссагæн дзуринаг таурæгъты нымаинаг сты. Нæ хуыздæртæй иу – Тыбылты Алыксандр уымæн кодта сæ кой: «…æлдæртты ныхмæ Чеселгомæй тыхджындæр ничи лæууыд. Рененкампф æппæты разæй уымæн бахъавыд Чеселтгоммæ, уымæн сын фæкодта фыццаг цæф. Иугæр Чеселтгом сæ сау туджы зæйты бын фесты æмæ сæ сæр æргуыбыр кодтой Рененкампфы раз, уæд иннæ ирон адæмæн дæр сæ тых æмæ се ‘хсар асастысты… Æгас Хуссар Ирыстоны ма иунæг Дзимыры ком баззадысты æнæ басæтгæ Уырысы æфсæдтæн. Дзимыр хъæбатырдзинадæй Чеселтæй къаддæр нæ уыдысты… Уырысы æфсæдтæ кæм цыдысты, уым дур дурыл нал ныууагътой. Чысыл Леуахийы комы басыгътой Цапарух æмæ Гнугъы хъæутæ, мæсгуытæ фехæлдтой, сæ фос æмæ сæ фæллой байстой адæмæн. Ирон адæм чысыл балтæй сæ ныхмæ тыхджын лæууыдысты, фæлæ Рененкампфы æфсæдтæн сæ бауромынæн ницы бафæрæзтой… Нæ радтой сæхи æрмæст Тогойтæ. Уыдон сæ мæсыджы бацыдысты æмæ афтæмæй хæцыдысты уырысы æфсæдтимæ… Тогойтæн сæ сылгоймæгтæ дæр хæцыдысты».

Уыдæттæ рагпаддзахы заманæй диссагæн дзуринаджы æрмæг сты историон уацмыстæн, уæдæ, цы! Æмæ сæм æппæты фыццаг чи æрæвнæлдта? Чеселты хæстыл историон роман чи ныффыста? Нæ ирон адæмы уыцы сæруæлдай тох æцæг аивадон æвзагæй адæмы рæгъмæ æрттивгæ чи рахаста? Кæй зæгъын æй хъæуы, Нафи. Йæ роман «Фыдæлты туг» 1965-æм азы хицæн чиныгæй рухс куы федта, уæдæй фæстæмæ уымæн ссис ирон фæсивæдæн ахуыргæнæн чиныг.

Уый фæстæ фæзындысты къорд ирон историон романы, фæлæ фыццаг уæддæр Нафи уыдис. Фыццагæн та алы хатт дæр зындæр цæуæн вæййы. Традици аразын йæхимæ æрхауы, фæлæ йæ адæмы хъысмæтыл чи сагъæс кæны, уымæн æй æнæ аразгæ нал вæййы. Куы зонай, дæ адæмæн дын цы митæ кодтой – «хæцгæ чи кодта уырысы æфсæдтимæ, уыдонæй Рененкампф  ракодта 118 лæджы. Адон уырысы хицæуттæ, куыд фыдгæнджыты, афтæ æфсæддон тæрхонмæ радтой æмæ дзы 23 лæгæн шпицрутентæ аскъуыддзаг кодтой: мин цæфæй къаддæр никæмæн радта уыцы æфсæддон тæрхондон. Цæмæй ирон адæмы стырдæр тас бацыдаид уырысы хицæуттæй, уый тыххæй уыцы 23 лæгæй алкæй дæр хъæумæ фæкодтой æмæ сыл уым адæмы цæсты раз уырысы салдат ауагътой шпицрутентæ. Уый фæстæ сæ ноджы Сыбырмæ ахастой». Æмæ абон афтæтæ чи фæдзурынц æмæ фæмыхуыр кæнынц, Къостайæн æз дæр йæ зæвæтмæ баххæстæны тыххæй, кæд, дам нæ чи надта уистæй, уыдæттæ истори рафæлдахынмæ ма хъуамæ зивæг кæниккой, цæмæй адæмы дæр ма æппарой дызæрдыджы æмæ сæхи дæр ма худинаг кæной адæмы цæсты. Фæлæ уыдæттæн дæр лæгдзинад фæхъæуы.

Нафийы, зивæг цы у, ууыл бæстон ахъуыды кæнынмæ никуы равдæлд, нæдæр истори базонынмæ, нæдæр кусынмæ, иу æнтыст иннæйы фæдыл уый тыххæй æфтыд йæ къухы. Ирон хъæу кæй æдзæрæг кæны, ууыл æппæты фыццаг тæхудиаджы уацау («Урс-урсид мит»)  чи сфæлдыста? Нафи. Ирон прозæмæ фыццаг публицистон уацау («Зарæг дыууæ хъæлæсæй») чи ‘рбахаста? Нафи.

Æмæ уыцы дзырд – «фыццаг», «фыццаг» нæ бон у фæлхатт кæнæм бирæ, бирæ хæттыты. Уымæн æмæ Нафи литературæйы дæр, зонады дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис фыццаг.

Ирон прозæйы дæр фольклоры бындурыл фыццаг дилоги – «Сырдоны цæссыгтæ» Нафийы фыссæн сисы фындзы бынæй рацыд. Нывæндгæ та йæ скодта нæ адæмы цыт æмæ фарн «Нарты кадджыты» бындурыл. Фыссæгæн кæд йæ фыццаг уацмыстæй фæбæрæг, фольклорæй пайда кæнынмæ æмхиц кæй у, йæ уацмыстæ дзы комкоммæ кæй рæсугъд кæны кæнæ сæ уый бындурыл кæй фæлдисы, уый, уæд ацы дилогийæ та йæхи равдыста бынтон оригиналон фыссæгæй.

Нафи, нарты цæуæнтыл, нарты хæтæнтыл зилгæйæ, сфæлдыста, нарты гуыппырсар хъайтартæ сæйраг кæм сты, ахæм цымыдисон уацмыс, фæлæ сын сæ удыхъæд æргом кæны йæхи сценаримæ гæсгæ. Йæ романы, кадджыты куыд у, афтæ сæйраг тых нæу, фæлæ – æрхъуыды, хæйрæгдзинад. Уыдон курæг та арвы хин æмæ зæххы кæлæн Сырдон никæмæ ацæудзæнис, уымæ гæсгæ фольклоры куыд у, афтæ нарты сафæг нæ, фæлæ авторы бархъомысæй свæййы сæ ирвæзынгæнæг.

Уацмыс раст уый тыххæй расайдта дзæвгар радзур-бадзур, фæлæ уымæй нæ сафы йæ нысаниуæг. Стæй, автор йæ хъайтартæй, историон ма уæнт, æндæр кæуыл цы хæс æвæры, уый йæхимæ хауы. Ам зынгæ уацмысы кой та кæнæм, фольклоры бындурыл нæм уый фыццаг роман кæй басгуыхт, æмæ йæ фæдыл ноджы зынгæ романтæ (Булкъаты Михалы «Нарты Сосланы æвдæм балц», Хуыгаты Сергейы «Нарты Фарнæг»), стæй æндæр уацмыстæ кæй сайы, æмæ уый хорз хъуыддаг кæй у, уыдæтты охыл.

Уæдæ, ирон драматургимæ дæр фыццаг психологон драмæйы æууæлтæ Нафийы сфæлдыстадæй цæуынц. Ирон нывæфтыд публицистикæ Нафи цы бæрзæндмæ систа, уымæн æвдисæн у йæ егъау, ахадгæ чиныг «Царды æвидигæ сагъæс». Фæлдисын сæ куы райдыдта (1946 аз), уæд, йæхи загъдау, «публицистон уацтæ нæм мыхуыры уыдысты тынг стæм», афтæмæй нæ фыссæджы сфæлдыстад афæйлыдта раздæры Советон Цæдисыл. Æмæ нæ аивадон публицистикæйы Нафийы уацты проблематикæ æмæ аивадон авнæлд афтæ дардыл уыдис фыццаг. Нафийæ дарддæр нæм иунæг публицисты къухы дæр ахæм æнтыст нæ бафтыд, æмæ уымæй уæлæмæ схæцыд нæ раттæг Ирыстоны кадыл.

Æмæ æндæр адæмты литературæйы классикты уацмыстæй цы бирæ аив тæлмацтæ балæвар кодта нæ адæмæн, уыдон! Ирон æвзагмæ æндæр æвзæгтæй тæлмац кæныны дæсныйад профессионалон æмвæзадмæ бирæ цæмæйдæрты сырæзт Нафийы æрхъуыды æмæ арæхстдзинады фæрцы.

Нафи ирон профессионалон критикæ æмæ литературæзонады раздзог цы хъуыддæгты уыд æмæ у, уыдоныл сæрмагондæй æрныхас кæнын æмбæлы, фæлæ ам нæ бон у цыбыртæй зæгъæм, нæ литературон критикæйы Нафийы цæстæнгасæн æмбал кæй нæй; нæ литературæйы классикты сфæлдыстад маштабонæй, профессионалон цæстæнгасæй фыццаг нæ кады лæг кæй æрæв-нæлдта æвзарынмæ. Уый сæрмагонд монографитæ кæй цард æмæ сфæлдыстадыл ныффыста, уыдон цъус не сты – Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Плиты Грис…

Уæдæ, ирон литературæйы истори ныффыссыныл кæд бирæ хæттыты уыдис бафæлвæрдтытæ, уæддæр стыр дамгъæйæ райдыдта Нафийы «История осетинской литературы»-йы 2 томонæй.

Ирон литературæиртасджытæй фыццаг профессионалон хуызы Нафи æрæвнæлдта сыхаг адæмты литературон уацмыстæ æвзарынмæ. Æмæ-иу Ирыстоны фæдисы, кæд æнæхъæн дуне нæ, уæддæр æввахс фæсарæнтæ кæй фехъуыстой, ахæм дзырд зæгъыны сæр æнæмæнг хъуыддаг куы уыд, уæд-иу уый æппæты фыццаг кæмæй рацыд? Нафийæ.

Нафи ирон адæм, ирон аивад æмæ зонадæн, Ирыстонæн цы бирæ хæрзты бацыд, уыдон иу сахат, иу бон, иу афæдзæй нымайгæ не сты; уыдонæн æрмæстдæр рæстæджы бон бауыдзæнис раст аргъ скæнын. Фæлæ мæм диссаг фæкæсы, нæ иуæй-иутæ йыл, къулыл хъæдуры нæмгуытæ згъалæгау, цъыф бакалынмæ куыд фæхъавынц; иронау иу дзырд дæр æдæрсгæ чи никуы бакаст æмæ бакæсын дæр чи никуы базондзæнис, уыдон цы цæсгомæй фæдзурынц, сæ сины сæртыл хæцгæйæ: «Цæй фысджытæ, цæй литературæ нæм ис?!»

Æндæр адæмты ‘хсæн нæм æппæты фыццаг раппæлинаг цы сты, уыдон – нæ диссаджы рæсугъд Фыдыбæстæ æмæ нæ аивад, уæлдайдæр, нæ нывæфтыд литературæ. Æмæ сæм былысчъилтæй нæ, фæлæ лæмбынæг хъæуы æркæсын. Куыд æмбæлы, афтæ аудинаг æмæ рухсмæ хæссинаг сты. Уый нæ адæм, нæ Райгуырæн бæстæйы раз нæ алкæй стыр хæс дæр у.

Ирыстоны цыты лæгтæй иу – сауджын Цомайты Харлампи, Къостайы тыххæй ныхас кæнгæйæ, загъта: «Дæхи бæгъæмвад скæн æмæ афтæмæй æрбацу ардæм, ацы бынат сыгъдæг у». Ацы ныхæстæ раджы кæддæр загъта Хуыцау дзуттыты пахуымпар Мойсейæн, судзгæ къутæры йæм йæхи куы равдыста æмæ йæ минæвар куы ‘рвыста фараон-паддзахмæ, уæд.

Бæззынц, хорз адæм, зæгъынмæ ацы дзырдтæ абон ирон адæмæн дæр Къостайы ингæны уæлхъус.

Сбæгъæмвад кæн ды дæр, нæ уарзон ирон, дæхи, æмæ худистæй æрбацу абон ацы ингæнмæ, дзуары бонмæ цæуæгау».

Æз та йæ фæлхатт кæнын Джусойты Нафийы тыххæй.

Нафи йæхæдæг дæр, цы литературæйы ис, уый дæр у сыгъдæг, сыгъдæг æмæ Ирыстонæн кадгæнæг. Цæуын дæр сæм бæгъæмвад æмæ æхсад цæсгомæй хъæуы, «дзуары бонмæ цæуæгау». Сæ кой та, – уый ма хъуамæ рох кæнæм, – комæнхъæвзтæй æмбæлы.

Цæмæй Нафи иурæстæджы ахæм адæймаг, фыссæг, зонадон кусæг æмæ æхсæнадон архайæг уыдаид, уый æнцон нæ уыд. Фæлæ лæгаулæджы хъаруйæ цух никуы уыд, зыдта зынтимæ тох кæнын æмæ уæлахиз йæ къухы уый тыххæй æфтыд. Æндæр хабар у – цы аргъæй. Фæлæ уый дæр йæхицæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр ничи зæгъдзæн:

Зындæр у, де ‘мгæртты фыдхахуыр,

Хæлæртты ‘нæцæстуарзон ми

Дæ цæрæнбон куы кæной къахыр,

Фæлæ дзы ‘нæбыхсгæ кæм и?

                              («Зын кары»)

Быхсын дæр домбай лæджы миниуæг у. Куыд, уый Нафийæн амонын никуы хъуыд. Æнтысгæ дæр ын уымæн кодта.

 ХЪАЗИТЫ Мелитон

ПЛИТЫ Феликс

НАФИЙЫ НОМАРÆН

Нафи! Цыдæр бардуаг уæлвонгæй

Æркаст дæумæ дæ сонты азты

Æмæ нæ бауагъта уый сонтæй

Дæу сæфын Джусойты зæйласты!

Дæ хæрзгæнæгæн хъуамæ зонæм

Кæнын мах уыйадыл уæлдай цыт,

Æстыр Къоста æмæ Уасойæн

Дæуæй æцæг фæдон кæй рацыд!

Нывнæлдтай рагбонты лæмбынæг

Дзырдаивады, зонады æрфæнтæм…

Дæ зиугуыстæн нæ бæстæ скуынæг

Æмæ уæд анхъæвзта фæйнæрдæм!..

Цыд рæстæг. Де ‘нтысты бæркадыл

Æфтыдтай ног бæркад, хуыздæр ад.

Улæфт нымадтай ды фæлладыл

Æмæ улæфтыл та – куыствæллад.

Улæфыс ныр… дзырд нæй дзæнæтыл, –

Дзæнæт, зындон – уæлзæхх æрмæстдæр.

О, бавзæрстай сын цардвæндæгтыл

Ды фаг сæ рæвдыд дæр, æфхæрд дæр!

Нафи! Ды махæй дæ ныр хицæн,

Фæлæ мæрдон хъуыдыйæ бамбар,

Æмткæй нæ рухсмæ тырнæг Ирæн

Кæй дæ фæсмæлæт дæр цырагъдар!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.