Фæнды мæ Стыр Уæлахизы 75 азы боны сæраппонд нæ газеты фæрстыл æрдзурон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Битеты Уасил Сардойы фырты хæстон фæндаджы тыххæй. Йæ чындз Цхуырбаты Сиранæ мын мæ разы æрæвæрдта, рæстæг йæ уæззау фæд кæуыл ныууагъта æмæ рæстæджы цыдимæ чи сбур, ахæм документтæ.

Битеты Уасил райгуырд Дзауы районы Гуфтайы хъæуы. Ацы хъæуы арвыста йæ сабибонтæ дæр. Æрыгон, æнæзивæг лæппу уарзта Пацъайы цæугæдоны ленк кæнын, йæ сыр-сырæй йын иста æгæрон æхцондзинад. Бирæ уарзта хъæбысæй хæцын дæр. Лæппу  ахуырмæ уыд æвзыгъд. Астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ цалдæр азы бакуыста ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты математикон факультеты æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1940 азы. Æрæздæхт Гуфтамæ æмæ кусын райдыдта Цхинвалы районы Рустауы хъæуы астæуккаг скъолайы директорæй. Бæргæ цыдысты йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг æвзонг адæймагæн, фæнд кодта бинонтæ æркæнын дæр, фæлæ…

1941 азы немыцаг тыхæйисджытæ нæ райгуырæн бæстæмæ куы æрбабырстой, уæд æппæт советон адæмы бахъуыд Фыдыбæстæ куыдфæндыйæ дæр бахъахъхъæныны сæр. Советон адæмы хъуыды уыд иу – æппæт дæр фронтæн. Уасил цалдæр хатты æрцыд æфсæддон къамисариатмæ, цæмæй йæ бархийæ акодтаиккой фронтмæ. Дзырдта-иу: «Мæнмæ худинаг кæсы нæ адæмы хуыздæртæ фронты сты æмæ æз та ам уон, мæнæн мæ намыс уый бар нæ дæтты. Уымæн мæ нæ фæцахуыр кодта нæ хицауад, цæмæй йын бахъуыды сахат ма баххуыс кæнон».

Æфсæддон къамисар та-иу ын загъта: «Ды раст дæ Битейы фырт, фæлæ нын ам дæр  кадртæ нæ фаг кæны æмæ нæ дæ сæр ам дæр хъæуы. Куы тыхсæм, уæд та дæ нæхæдæг æрцагурдзыстæм».

1942 азы немыцæгтæ сæ размæбырст куы фæтыхджындæр кодтой, уæд  Уасилмæ дæр æрсидтысты Сырх Æфсадмæ æмæ уал æрвыст æрцыд цæттæгæнæн курсытæм. Æртæ мæйы фæстæ йæ арвыстой Калинины фронтмæ (фронтыл командæ кодта инæлар-булкъон Конев). Уырдыгæй райдыдта Уасилы хæстон фæндаг. 1942 азы декабры  Уасил цы полчы уыд, уымæн карз тох бацайдагъ немыцæгтимæ Смоленскы областы. Нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. Полкæн цæмæй йæ тох æнтыстджын уыдаид, уый тыххæй Битейы фырт куы бæхуæрдæттыл æмæ куы та автомашинæтыл раззаг хаххмæ ласта нæмгуытæ, дарæс æмæ хæлц. Иу- ахæмы немыцаг хæдтæхджытæ сæ сæрмæ фæзындысты æмæ сыл бомбæтæ калын райдыдтой. Иу бомбæ æрхауд Уасилмæ хæстæг. Бæхтæй иу фæмард. Уасилы та сыджыты бын аныгæдта. Салдаттæ фæтыхстысты, Битейы фырты куынæуал ауыдтой, уæд. Базгъордтой, бомбæ кæм æрхауд, уырдæм. Уасилæн ма зындис æрмæстдæр йæ сæр. Æфсæддонтæ йын уайтагъд йæ алыварсæй сыджыт акалдтой æмæ йæ уырдыгæй сластой. Уасил йæхи куы æрæмбæрста, уæд сдзырдта, зæгъгæ, тагъддæр нæмгуытæ æмæ хæлц рæстæгыл бахæццæ кæнæм фронты раззаг хаххмæ. Бахæццæ сты, 48-æм гвардион полк кæм хæцыд, уырдæм. Полчы командиртæн уыд иттæг æхсызгон, нæмгуытæ байуæрстой хæстонтæн æмæ та сцырын хæст. Уыцы тохты рæстæджы ацы полк ссæрибар кодта фондз хъæуы æмæ немыцæгты фидаргонд пункт. Ацы тохты Битейы фырт йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, полкæн рæстæгыл хæстон æрмæг æмæ хæлц кæй баласта, уый тыххæй йын командир загъта бузныг.

1943 азы 15-æм июны Уасил æрвыст æрцыд бастдзинады хаххыл ахуырмæ, лæвæрд ын æрцыд хистæр лейтенанты ном. Уый фæстæ æрвыст æрцыд Цæгаттаг фронтмæ 65-æм æхсæг дивизимæ сæрмагонд бастдзинады взводы командирæй. Ацы взвод æххæст кодта дивизийæ полкмæ бастдзинады куыстытæ. Хæст та сцырын советон Заполярьейы немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныныл. Бастдзинады взводы командир, хистæр лейтенант Битеты Уасилæн та йе взводимæ хæсгонд æрцыд, цæмæй баст-дзинад саразой полчы командиртимæ. Ирон лæг та дивизийы командиры ацы бардзырд дæр  сæххæст кодта намысджынæй.

Дивизийы командир Калиновский Уасилмæ фæсидт æмæ йын афтæ зæгъы: «Бузныг, стыр бузныг, ирон бæгъатыр, канд ды нæ, фæлæ ирон хæстонтæй алчидæр йæхи фронты æвдисы хъæбатыр хæстонæй, сæ ном дæр айхъуыст æнæхъæн фронтыл». 1945 азы январы Битейы фырт цы дивизийы уыд, уый æрвыст æрцыд Дыккаг белорусаг фронтмæ. Дивизийы хæстонтæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ карз тохты ссæрибар кодтой горæттæ Шлохау, Поллнов, Кезлин, Штольп, Лауенбург æмæ æндæрты.

1945 азы  5 апрелы Битейы фыртæн лæвæрд æрцыд бардзырд, цæмæй бастдзинады хахх хаст æрцыдаид æндæр ранмæ. Уасил иу æмбалимæ ацыд, телефоны хахх кæм уыд, уырдæм. Кæд нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр Уасил æмæ йæ хæстон æмбал нæ фæтарстысты, телефонон бастдзинад аразгæйæ. Битейы фырты æмбал, сержант Быстрих фæмард сармадзаны нæмыгæй. Уасил сæ иунæгæй бахæццæ кодта контролон пунктмæ. Уым уыдис дыууæ салдаты æмæ уыдонимæ нейтралон зонæмæ ахастой телефоны кабель æмæ афтæмæй дивизимæ бастдзинад нæ фехæлд. Ахæм хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Битеты Уасил хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты II-аг къæпхæны орденæй. «1944 азы Кариквайвишы бæр-зæнды сæрыл тохты гвардийы хистæр лейтенант Битеты Уасил ныхмæлæууæджы минометон æмæ пулеметон æхстыты бын, йæ астæуы онг доны хуылыдзæй 12 сахаты дæргъы æнæкъуылымпытæй  ифтонг кодта телефонон бастдзинад дивизийы командæкæнынады 38 æмæ 60-æм æхсæг полкты штабтимæ. Гвардийы хис-тæр лейтенант Битеты Уасил йæхæдæг хызт хаххмæ, телефонты бастдзинад æн-дидзын кæныны тыххæй». Советон Заполярьейы сæрыл тохты гвардийы капитан Битейы фырт йæхи хорз организацигæнæг, бастдзинады хъуыддаджы йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, уый тыххæй та хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Командæкæнынады фыстæджы дзырдæуы: «1945 азы 20-æм февралæй 20 мартмæ гвардийы хистæр лейтенант, телефонон-кабелон ротæйы командир Битеты Уасил бырсæг раззагон хæйттимæ уæвгæйæ, тыхтæ æмæ бастдзинады фæрæзтæ раст адих кæнгæйæ, æфсæдтыл управленийы фæдыл командæкæнынады æнæ къуылымпытæй сифтонг кодта бастдзинадæй. Йæхдæг-иу сæрмагондæй рахызт бастдзинады сæй-раг здæхтытæм æмæ-иу артиллерион æхстыты бын сæндидзын кодта телефонон бастдзинад».  Афтæ ма Стыр Фыды-бæстæйон хæсты йæ архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæй.

1946 азы майы Битеты Уасил æрæздæхт йæ райгуырæн хъæу Гуфтамæ. Кусын райдыдта Дзауы астæуккаг скъолайы директорæй. Фæкуыста дзы 1951 азы онг. 1951 азæй 1967 азмæ куыста Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Уый фæстæ та – Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Хæсты фæстæ  Уасил йæ цард баиу кодта Кучиты Елизаветæимæ, кæцы йæм æнхъæлмæ каст цалдæр азы дæргъы. Уый та бирæ азты дæргъы куыста уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Дыууæ дæр сæ хорз куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

Битеты Уасил æмæ йæ цардæмбал Кучиты чызгæн уыд дыууæ фырты. Битеты Асланы ном хорз зындгонд у Хуссар Ирыстоны. Уый фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты, уыцы нымæцы уыд Дзауы райкомы фыццаг секретарь дæр. Ныртæккæ цæры Дзæуджыхъæуы. Йæ иннæ фырт Алик (ныртæккæ дзæнæты бадинаг) дæр каст фæцис дыууæ уæлдæр ахуырадон уагдоны. Уый та куыста горгазы, нырма инженерæй, æмæ уый фæстæ та аварион службæйы хистæрæй. Йæ дадайы ном хæссы йæ фырт Аликы лæппу Битеты Вася. Уый тынг хорз нысæнттыл каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет, кусы РХИ-йы Юстицийы министрады тæрхондонон приставты службæйы хистæр приставæй, афтæ ма у 3-аг рангы юстицийы уынаффæгæнæг. Ис ын майоры цин. Йæ кадджын дадайы номыл къæм абадын нæ уадзы. Уæд ын фылдæр æнтыстытæ йæ царды.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.