Саби уыдтæн уæд æз, цыдтæн фыццæгæм къласмæ. Цы ʻмбæрстон уæд, Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы цытæ цыд, уыдæттæн. Хæдзары цумахъом уыдтæн, изæрдалынгты фосмæ акæсæнтæ нал уыд, комендантон уавæрæн дæр цы зыдтон. Зыдтон уый, Рукъгом æфсадæн кæй баззад, не скъолаты æхсæв салдаттæ уыдысты, бон та дзы ахуыр кодтам.

Æмбæрстон уый дæр, æфсады хистæр Мартамæ кæй æрцард, (йæ мыггаг Орлов уыд, уый дæр фæстæдæр базыдтон) йæ хæдивæг та махмæ, астæуккаг Ручы, æвæццæгæн мæ фыдыфсымæр Лавер скъолайы директор кæй уыд, уый хынцгæйæ.

Æфсад уæззау уавæрты уыдысты хæринаджы хъуыддаджы. Комбæстæ сын æххуыс кодтой, сæ къухы цы уыд, уымæй. Уыцы азты цы-тæ федтон æмæ мæ зæрдыл цытæ бадардтон, уыдон фæдыл мæ зæгъын фæнды мæ хъуыдытæ.

Нырма уал уый, æмæ Дзеранты хъæуккаг Местор кусарты уоны куы акаст, уæд æй æрбацъæлтæ кодта, фынджы сæрæй фестад, адæмæн зæгъы – хæст райдыдта (Аларды вæййы июны). Махмæ хабæрттæ рæстæгыл нæ хæццæ кодтой.

Комбæстæ цы уавæры уыд, уый уыдтон, оффытæ, æртхъирæнтæ, Хуыцау æмæ Лæгтыдзуары Уастырджымæ кувын хъуыст лæгты ‘рдыгæй; хъарджытæ, марой кæнын æлгъитын хъуыст устыты ‘рдыгæй.

Тохы быдырмæ цæугæйæ, алы Цъалагоймаг дæр фæлхатт кодта нæ фыдæлты тохы тырысайыл фыст: «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт».

Алы хъæу дæр фæндараст кодта йæ бæлццæтты. Нæлгоймæгтæ цыдысты заргæ.

Сæ иу – Плиты Миша, æрдзæй æнæниз нæ уыд, ничи дæр æй æрвыста, фæлæ не ‘рлæууыд, йæ хызыны цы хъæбæр кæрдзынтæ уыд, уыдонмæ амонгæйæ загъта: «Æз ацы кæрдзынты тигътæй хъуамæ ныппырх кæнон Гитлеры дæндæгтæ».

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, Цъалагом-Рукъгомы фæсивæд, фылдæр аивылдысты бархийæ, иуæй сæм сидты гæххæтт нæ уыд, аннæмæй та дзы уыдис ахæмтæ дæр, кæцытыл цыд 16-17 азтæ.

Уæззау уыд нæ хæдзарвæндаджы уавæр, мæ фыд конд æрцыд хæстмæ, мæ мад йæ бирæ сывæл-лæттимæ хъарæггæнгæ къуымты рауай-бауай кодта, йæ кæуынмæ куыдтон æз дæр.

Уыдæтты дæр фæстæдæр базыдтон, фæсчъылдымы фосдарджыты æфсадæй ссæрибар кодтой. Куыд дарæг, афтæ мæ фыды дæр раздæхтой Иранæй цалдæр мæйы фæстæ.

Ам æмбæлы ранымайын, цал нæлгоймаджы фæцыд уыцы хæстмæ æмæ ма дзы хæдзар цалæй ссардтой.

Рукъгомæй хæсты быдырмæ ацыд 74 нæлгоймаджы. Уыцы нымæцы: Дзеранты Сикъо, Бытъа, Дзеранты Хаджумар А., Хаджумар., Ефим, Бытъа Л., Уасил Л., Уасил Б., Батыр, Кима, Иосиф, Деметы Граф, Деметы Алыксандр, Деметы Ахберд, Деметы Налыхъ, Деметы Софрон, Деметы Ефим, Деметы Митуша, Деметы Уасдже, Деметы Илья, Деметы Цуцги, Деметы Сардо, Къозонты Дзатте, Темболат, Граф, Федя, Кудза, Степан, Федыр, Плиты Порфил, Лади, Митуша, Быта, Бидыр, Плиты Харитон, Гриша, Михал, Иван, Сомсон Дмитри, Гоги, Плиты Симон, Плиты Зауырбег, Дзыбæ, Хъазбег, Андрей, Садул Гадзæбе, Атто, Миша, Федыр, Владимир, Шура, Рустамбег, Иван, Леви, Исмел, Къоста, Хъасбол, Цъæхой, Никъала, Гæбила, Мус-сæ, Филипп, Петр, Ясон, Ефим, Томайты Александр, Елиоз, Сардион, Грдан, Гиго, Федыр, Цуцги, Бежо.

Мæ  фыд та райста йæ фыййауы лæдзæг. Ныр фосæн Хъызлармæ аскъæрæн нæ уыд, немыц бацахс-той уыцы ацæуæнтæ. Мартайы рæгъæуттæн равзæрстой Борчалойы бынат.

Хæст, уæззау дугæй пайдагæнджытæ, стъигъджытæ, давджытæ сарæх сты. Борчалойы рагъыл фæ-зындысты мæ фыды дзугмæ дæр, бацайдагъ сын тох, сæ къухы ницы бафтыд, фæлæ дзы фæмард йе ‘фсымæр Елмæрзайы фырт Самсон.

Ракæнон ма Рукъы уавæры кой. Кæд хæстон уавæрæн дзуапп Орлов лæвæрдта, уæддæр æппæт дæр Мартайæн уыд хæсгонд. Зы-мæгон ацæуæнтæ æмæ æрбацæуæнтæ Марта куыннæ амыдтаид, уæд сæ зæй фæластаит.

Нæ хæдзары цæрæгæн зымæджы уыдис бæхдзоныгъ, бæхтæрæг. Скодта мыл æфсæддон дарæс, кæд сæм мæ аккаг нæ уыд, уæддæр сæ скодтон, иууыл мæ кодта йемæ. Цыбыр дзырдæй, уыдтæн полчъы фырт.

Æфсæддон ахуырты æдде, салдаттæ къахтой акъоппытæ, Рукъ-мæ æввахс цагътой нæзы хъæд æмæ дзы æмбæрзтой сæ акъоппытæ.

Знагæн нæ бантыст хæхтыл рахизын, хæсты фæуды фæстæ мæ цахъхъæнтимæ уыцы акъоппыты хъазыдыстæм. Цы фахс ныццагътой, уым та сзад уырыскъæф æмæ сын хæрынæн ницы фæрæзтам.

 Рукъгомы уавæрыл цы историон æрмæджытæ æрцыд фыст, уыдоны разынд, æфсады хистæр Ор-лов кæй уыд, фæлæ йæ абоны бон дæр нæ зонæм, йæ хæдивæг, махмæ чи цард, уый цы мыггаг уыд. Мæ зæрдыл бадардтон уый, уæздан, хæдæфсарм лæг кæй уыд.

Банысан кæны ма мæ фæнды уый дæр, 72 адæймагæй сæ фыды уæзæгмæ кæй æрыздæхтысты:  Дзеранты Хаджумар, Уасил, Кима, Иосиф, Деметы Уасдже, Миха, Ми-туша, Сардо, Илья; Къозонты Степан, Федыр; Плиты Зауырбег, Никъала, Гæбила, Муссæ, Филипп, Ясон, Ефим, Харитон – 20 адæймаджы. Дзæвгар у сæ нмæц, æбæ-рæгæй сæфт чи сты, уыдонæн.

Афтæмæй зæгъæн ис, нæргæ Рукъгом Фыдыбæстæйон хæсты азты тынг кæй сфæлахс, лæгдоны лæг нал баззад, фæлæ уæддæр Марта йæ адæмимæ Рукъгомы æдзæллаг уавæрмæ не ‘руагъта.

Рукъгомыл дзурын дардыл     хъуыддаг у, фыст дæр ыл æрцыд. Мæ чысыл æрмæг у мысинаг. Ныффыстон, сывæллонæй цы федтон, уыдæттæ.

Кæронбæттæны мæ уый зæ-гъын фæнды æмæ Рукъгом дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты    æгуыдзæгæй кæй нæ равдыста йæхи.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.