Ацы хæдзарады чи фæллой кæны, уыдонæн кæддæриддæр сæ къухты æфты æнтыстытæ, куыд фосдарды къабазы, афтæ зæхгуысты дæр. Уый та уымæн афтæ у, æмæ бинонты уæнгтæ, кæрæдзи æмбаргæйæ, архайынц сæ разылæууæг хæстæ рæстæгыл ахицæн кæныныл. Афтæ уыд райдианы дæр, фондз азы размæ сæ хæдзарад куы сырæзт, уæд æмæ уыцы хорз фæтк абоны онг дæр дарддæр кæнынц. Уый уын Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Хъабанты Хъазбег æмæ йе ‘ртæ фырты хæдзарады кой кæнын. Бинонты уæнгтæ сты æнгом, архайынц æмудæй. Уый фæстиуæгæн  сæ къухты бафты зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ.

 Сæ  хæдзарады ис 4 хъуджы, уыдонæй уал ноггуырд родтæ ис дыууæйæн. Стуртæ сты хæрзхуыз, арвыстой æфсæст зымæгиуат. Фысты нымæц та у дзæвгар æмæ æдæппæт сты 120, ноджы фылдæр та сты уæрыччытæ – 130. Хорз боныгъæдты фыстæ фылдæр вæййынц хизæнуаты, фæлæ зæгъын хъæуы, нырма дæр холлагæй цух кæй не ‘ййафынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ рæзы сæ продуктивондзинад æмæ сæ нымæц дæр. Уыимæ иумæ хæдзарады сæргълæууæг йе ‘ргом рæстæгыл здахы йæ фосы æнæниздзинадмæ, æххæст кæны зооветеринарийы домæнтæ. Хæдзарад кæны хуыдарды куыст дæр æмæ уал æм дзæргъытæ ис 6. Уыдонæй амæйразмæ схъомыл кодтой 50 хъыбылы æмæ сын сæ фылдæры ауæй кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыдарды куыст æнцон нæу, уый домы бирæ фыдæбон, æдзухдæр сæм хъæуы зилын. Уæд ацы къабазы куыст уыдзæн æфтиагджын æмæ хуыдарæг тырндзæн ноджы фылдæр фæстиуджытæм. Хуы-тæн арæзт ис цалдæр хуыдоны, не ‘ййафынц холлагцух дæр.

  Бинонты хæдзарад йе ‘ргом здахы зæхкуысты культурæтæм, номхуындæй та æфсирон культурæтæй байтауынц фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхор. Зæхх зилын уарзы, æххæст кæнын хъæуы агротехникæйы домæнтæ æмæ дæ уæд нæ фæхъыг кæндзæн. Раст у, ивгъуыд хæдзарадон азы йын йæ хуымтæн разиан кодта ихуард æмæ се ‘фтиаг уыд хæрзцъус. Фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ сæтты æмæ уал сæ бæрныуæвæг зæххы фæзуатыл фæззыгæнд мæ-нæу байтыдтой 12 гектары, ныр та хъуамæ байтауой хъæбæрхоры культурæ 18 гектары. Уый тыххæй хæдзарад тауинаг балхæдта 3 тоннæйы æмæ куыддæр кусынæнбæзгæ бонтæ ракæна, афтæ æрæвналдзæн ацы куыстмæ.

                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.