Фæсивæд бинонтæ куы скæнынц, уæд цы зындзинæдтыл сæмбæлынц, уыдоны сæйрагдæртæй иу у цæрæнуатон фарста. Уæрæсейы паддзахад рауагъта цалдæр программæйы, æрыгон бинонты хи хæдзæрттæй ифтонг кæныны тыххæй. Мадæлон капиталæй спайда кæнын, цæмæй ипотекон кредит фæкъаддæр уа, гыццыл проценттимæ кредит райсын, субсидитæй спайда кæнын, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ Хуссар Иры уыдæттæй нырма нæй гæнæн спайда кæнын.

Алы адæймагæн дæр хъуамæ уа бинонтæ æмæ хæдзар дæр. 25, 30, 40 азы кæуыл цæуы, уыдоны бафæрс: «Ус ракуырдтай? Смой кодтай?», уæд сæ фылдæр зæгъдзысты нæ, зæгъгæ. Уый катайаг хъуыддаг у æмæ йæ махæй алчидæр æмбары. Фæсивæд бинонты хъуыддаг нæ кæнынц, цот кæй нæ уадзынц, уымæ гæсгæ ирон адæмы нымæц къаддæр кæны. Афтæмæй нацийы рæзтыл дзурæн дæр нæй. Афтæ куы ахæсса, уæд нæ фæстаг цæмæ цæуы? Ахъуыдыйаг фарста у.

Раздæр ацы фарстайыл хъуыды дæр ничи кодта. Бирæ æнусты дæргъы чи ныффидар, уыцы фæткмæ гæсгæ æрыгон бинонтæ цардысты хистæртимæ. Куыд фæстæдæр, бинонтæ куыд стырдæр, фылдæр кодтой, афтæ хицæнæй цæрын райдыдтой. 

Дуг размæ згъоры, рæстæг ивддзинæдтæ хæссы, ивы адæмы зондахаст дæр. Раздæр-иу дызæрдыггаг цы нæ уыд, уый ныры рæстæджы кæнæ хъæугæ хъуыддагыл нал нымайынц, кæнæ та йæ ныхмæ цæхгæр ныллæууынц.

Æрæджы нæ Парламенты депутаттæ бабæрæг кодтой бирæсывæллонджын бинонты, кæцытæ цæрынц æххуырст фатерты. Зæгъойты  бинонтæ бирæ азты рады лæууынц ног цæрæнуатмæ. Цыппар сывæллоны  мад Аннæ радзырдта, зæгъгæ  сын сæхи сæрмагонд хæдзар кæй нæй, уымæ гæсгæ дæргъвæтин рæстæджы цæрынц æххуырст фатеры. «Мах лæууæм рады цæрæнуат райсынмæ, фæлæ нæ рад нырма рæхджы не ‘рцæудзæн. Æмæ æххуырст фатерæн фидын та дарддæр нæ бон нал у. Цас рæстæг ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй нын рахицæн кæной хæдзар?», – загъта уый.

Йæ рæстæджы Мæскуыйаг микрорайоны цы хæдзæрттæ лæвæрд æрцыдысты, уыдонæй бирæтæ нырма дæр сты афтид. Уый та нысан кæны, цæрæнуат цух кæй нæ уыдысты. Нæ республикæйы та нырма дæр бирæ ис, цæрæнуат кæмæн нæй  æмæ рады чи лæууынц, ахæм бинонтæ.

Ирон æмбисондмæ гæсгæ кæд гуыбынтæ  æфсымæртæ сты, уæд иу – æфсæст, иннæ та æххормаг цæмæн вæййы? Иутæ галуанты цæмæн фæцæрынц, иннæ та кæлæддзаг агъуысты бирæгæйттæй цæмæн æрвитынц сæ царды бонтæ? Кæд æмæ саби фидæны ныфс у, уæд йæ чысылæй фæстæмæ хъизæмар цæмæн фæкæны?

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.