1941 аз, 22 июнь… æппæт дунейы адæмæн хъысмæт-æвзарæн бон баззад æнустæм адæймагады историйы куыд зæххыл æппæты тугкалæндæр хæсты райдайæн бон. Уыцы бонæй фæивтой мингай адæймæгты хъуыдытæ æмæ фæндтæ, уыцы боны онг бирæтæ кæд хæ-цæнгарз уынгæ дæр никуы фæкодтой, уæддæр сæ бахъуыд фыдызнаджы ныхмæ хæстмæ ацæуын, сæ къухмæ хæцæнгарз райсын.

Уыцы тугуарæн хæсты нæлгоймæгты æмрæнхъ знаджы ныхмæ тохы быдыры æрлæууыдысты  мингай сылгоймæгтæ, сабитæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой хæстонтæн. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ баисты знаджы амæттаг, фæлæ бирæтæ та систы кадджын хорзæхты аккаг.  1941 азы 22 –æм июнæй ныр кæд 79 азы рацыд, уæддæр уыдонæй алкæмæн дæр йæ  ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд историйы фæрстыл.

Хæстон архайд, æфсæддон куыстыты уæз кæддæриддæр фылдæрбæрцæй æнцад нæлгоймæгтыл, фæлæ 1941 азы немыцаг фашистты расидгæ хæсты æгъатыр уылæнтæ дунейыл куы анхъæвзтой, уæд цæгатирыстойнаг Сæлбиты Верæ дæр æфсæддон камиссариатмæ  бахаста йæ куырдиат, цæмæй йæ акодтаиккой фронтмæ.

Верæ райгуырд 1910 азы Цæгат Ирыстоны Хуымæллæджы хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Тбилисы индустрийы рабфак-мæ. Сæйраг предметæй уæлдай ма сæ ам ахуыр кодтой æфсæддон цæттæдзинадыл дæр æмæ Верæйы зæрдæмæ уый фæцыд тынгдæр. Ацы хаххыл йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй 1931 азы ба-цыд горæт Киевы æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæуыны фæстæ йæ ахуыргæнæндоны къухдариуæгад арвыстой Но-вочеркасскы æфсæддон хайы бастдзинады командирæй. 1935 азы Верæ йæ цард баиу кодта Саламты Исламимæ. Уый дæр уыд æфсæддон службæгæнæг. 1939 азы Верæ йе ‘мкъай æмæ йæ хъæ-бултимæ рацыд  Мæскуымæ æмæ уым службæ кодта бастдзинады полчы. Фыдыбæстæйон хæсты райдайынмæ Верæ ссис æртæ сабийы мад. Хъуамæ æртæ æнахъом сабийы мад уыцы зын рæстæджы йæ сæйрагдæр хæсыл нымадтаид йæ хъæбулты фарсмæ уæвын, фæлæ Верæ йæхицæн равзæрста æндæр фæндаг, æфсæддон уæвгæйæ, йæхиуыл æнкъардта стырдæр хæс Райгуырæн бæстæйы раз æмæ æфсæддон камиссариатмæ балæвæрдта йæ куырдиат, цæмæй йæ акодтаиккой фронтмæ. Æнахъом сабиты мад кæй уыд, уымæ гæсгæ йын нæ радтой бар фронтмæ ацæуынæн. Уæд йæ сабиты бакодта сывæллæтты хæдзармæ æмæ араст фронтмæ йе ‘мкъаимæ.

1941 азы 1 июлы мæйæ Верæ нысан æрцыд 229 æхсæн дивизийы 783 полчы связистæй, уыд хистæр лейтенанты чины бастдзинады ротæйы командир. Верæйы ротæ Смоленск ссæрибар кæныны тохты иста активон хайад æмæ иу рæстæджы бахауд æрхъулайы. Дæргъвæтин рæстæджы карз тохты фæстæ сын бантыст сæхи ссæрибар кæнын. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы тохты рæстæджы сырхæфсæд-донтæ скуынæг кодтой 50 не-мыцаг хæстонæй фылдæры, кæцытæ уыдысты хæстон хъомысадæй хæрзифтонг æмæ тæссаг уыдысты сæ алварс хъæуты цæрджытæн. Уыцы аз августы мæйы 229 æхсæн дивизи, инæлар-майор Михаил Козловы командæкæнынадæй, бацыд карз тохты немыцаг десанттимæ æмæ сæ скуынæг кæныны фæстæ дивизи райста бардзырд, «Соловьевы рахизæнты» цы немыцаг дæлхæйттæ æмбæхстысты, уыдон скуынæг кæнын æмæ ныгуылæйнаг фронты хæстонтæн Днепры скæсæйнаг фарсмæ фæндаг асыгъдæг кæныны тыххæй. Ацы операци цыд æнæрлæугæйæ æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы дæргъы. Хæстон-тæм налдæр хæцæнгарз уыд, налдæр – хъару, афтæмæй  æраууон кодтой Днепры галиу донбылгæрон, æмæ ног тыхтæ æрбамбырд кæныны фæстæ, 3 августы æхсæвы, 5-æм механизацигонд хæйттимæ адарддæр кодтой фæндаг асыгъдæг кæныны тыххæй тох. Знаджы дæлхæйттæ, советон æфсæдты хъомыс банкъаргæйæ, сфæнд кодтой хинæй сыл рацæуын æмæ сæ скуынæг кæнын. Æрбауагътой сæ сæ позицитæм æвввахс æмæ сыл æгъатырæй нызгъæлстой автоматтæ æмæ пулеметтæй. Дивизийы командæкæ-нынад фæтыхст æнæнхъæлæджы ныхмæлæудæй, фæлæ сырхæфсæддонтæ иунæг къахдзæф дæр фæстæ-мæ нæ алæууыдысты. Алы уысм дæр уыд ахсджиаг, нæ уыд бирæ рахъуыды-бахъуыдыйыл рæстæг сафæн æмæ уавæр хынцгæйæ, ирон сылгоймаг  равдыста æцæг хæстон хъайтардзинад. Акоппæй схызт æмæ йæ дæлбаруæвæг æфсæддон хайæн радта бардзырд: «Размæ!!! Мæ фæстæ!!!». Йæхæдæг, йæ дамбаца – йæ къухы, афтæмæй се ‘ппæты разæй ацыд атакæйы. Бацайдагъ сын  æмбуархæст, хæцыдысты, кæмæн цы æфтыд йæ къухты, уыдæттæй. Цыбыр рæстæджы карз тохты фæстæ знаджы дæлхæйттæ бынтондæр куынæг æрцыдысты, удæгасæй ма чи аирвæзт, уыдоны та ракодтой амынæты æмæ  сæрибар æрцыд Днепрмæ фæндаг.

Снысангонд бынатмæ цæуын дæр нæ уыд æдас, хъуыд хæстон фæлтæрддзинадæй къухдариуæг кæнын æмæ Сæлбиты Верæ йæхимæ райста уыцы хæс. Ирон чызг уыцы вазыгджын хæс дæр сæххæст кодта æнтыстджынæй. 

Йæ хæстон арæхстдзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй Верæ нысан æрцыд бастдзинады ротæйы штабы командирæй. 20 августы 1941 азы 20 æфсады инæлар-лейтенант Михаил Лукин æмæ комиссар Федор Семеновский Сæлбиты Верæйы бавдыстой Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ, фæлæ уæд, хæстон архайдтыты фæстиуæгæн уыцы гæххæттытæ фесæфтысты. 1942 азы 12 февралы та йæ 229 æхсæн дивизийы командир Михаил Козлов ногæй бавдыста ацы ном райсынмæ, бавдыстыл йæ къух æрфыста 20-æм æфсады комиссар Народицкий дæр. Фæлæ æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ Верæйæн ССР Цæдисы хъайтары ном лæвæрд не ‘рцыд.

Сæлбиты Верæ, сылгоймаг уæвгæйæ,  уыд фердæхтджын, ныфсхаст фæндвидар хæстон. Знаджы ныхмæ нæлгоймæгты ‘хсæн тохкæнгæйæ никуы равдыста тæппуддзинад, йæ сæрмæ никуы æрхаста сылгоймаджы хатыр ын бакæнын, уыйхыгъд кæддæриддæр уыд раззаг рæнхъыл æмæ уыд фæзминаг. Равдыста бирæ сгуыхтдзинæдтæ æмæ йын уый тыххæй лæвæрд æрцыд аккаг хорзæхтæ.  Верæ тох кодта  Брянскы, Ныгуылæйнаг, 1-аг, 2-аг, 3-аг æмæ 4-æм Украинæйаг фронтты, хайад райста Белорус, Украинæ, Польшæ æмæ Чехословаки ссæрибар кæныны, Мæскуы бахъахъхъæныны æмæ æндæр ахсджиаг хæстон архайдтыты. Рацыд Фыдыбæстæйон хæст йæ райдайынæй йæ фæудмæ, Стыр Уæлахизы боныл сæмбæлд Берлины. Йæ хæстон æнтыстыты тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Тырыса»-йы, «Сырх стъалы»-йы ордентæй, «За боевые заслуги», «За оборону Москвы», «За освобождение Праги», «За победу над Германией», майдантæй,  Арфæйы фыстæджытæ æмæ Кады гæххæттытæй.

Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ Верæ æрцагуырдта йæ хъæбулты, уæдмæ æрцыд хæстæй йе ‘мкъай Ислам дæр. 1947 азы Верæ демобилизаци æрцыд æфсæддон службæйæ æмæ йæ бинонтимæ сæ цард дарддæр кодтой Мæскуыйы.

Верæйæн кæд йæ риуæй æрттывтой аккаг хорзæхтæ, уæддæр йæ хæстон архайд уыд Сыгъзæрин Стъалыйы аккаг, кæцыйы аккаг æй скодтой йæ  командæкæнынад дæр. ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ Кавказаг æмæ Астæуккаг Азийаг хæсты хайадисæг сылгоймæгтæй Сæлбиты Верæ уыд фыццаг æмæ иунæг сылгоймаг, кæцы бавдыст æрцыд ССР Цæдисы хъайтары ном райсынмæ. Фæстæдæр, 1942 азы фыццаг сылгоймаг-хъайтар йæ амæлæты фæстæ ссис Зоя Космодемянская.

Верæ йæ цардæй ахицæн 1993 азы, 27 июны, йе ‘ввахс хиуæтты ныхæстæм гæсгæ, йæ фæстаг сулæфты онг дæр æнхъæлмæ каст, йæ удыл æнауæрдгæйæ цы хæстон сгуыхтдзинæдтæ сарæзта, уыдон тыххæй аккаг хорзæхмæ.

Бацæттæ йæ кодта

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.