1941 аз. 22 июнь. Советон адæм, сæ хъаруджын бонгуысты фæстæ, кодтой тарфынæй. Нæ зыдтой, боныцъæхты сын цыфыддæр знаг сæ сабыр цард кæй æрбайхалдзæн, уый. Райгуырæн бæстæ бахауд уæззау уавæры, фæцыд фæдисы хъæр æмæ чидæриддæр хæстхъом уыд, кæмæндæриддæр йæ фыды уæзæг зынаргъ уыд, уыдон растадысты гитлерон тыхæйисджыты ныхмæ.

Куыд æппæт советон адæм, афтæ къусджытаг Гаглойты Димитр дæр бамбæрста, бæллæхы бон кæй æрлæууыд, уый.  Йæ фыд Нестъор æй фырбуцæн Митъуш хуыдта. Бон раздæр æй сæхицæй – Къусджытæй йæ ныййарджытæ Цхинвалмæ бæхыл арвыстой хор æлхæнынмæ. Йæ хæстæджытæм бахсæвиуат кодта. Райсом хуыцаубон у, базары бон. Хор балхæндзæн æмæ йæ фæрныг хæдзармæ бафардæг уыдзæн. Бинонтæ йæм æнхъæлмæ кæсынц. Фæлæ хатгай адæймагыл йæ фæндтæ, хъуыдытæ зыгъуыммæ разилынц. Базæртты дзæгъæлы рауай-бауайтæ нал уыд. Райгуырæн бæстæ сиды йæ хъæбултæм, цæмæй йæ бахъахъхъæной немыцаг тугдзых фашисттæй. Йæ бæхыл абадт æмæ уыцы бон Къусджыты, сæ хæдзары балæууыд.

Адæм базмæлыдысты. Дзауы æфсæддон къамисариатæй сæм сидæн гæххæттытæ арвыстой. Хæстмæ цæуын хъæуы… Къусджытæ, Уанелы, Ципраны, Тлийы, Цъалагомы разагъта сагсур фæсивæд æзхуыздæрæй тохы быдырмæ фæцыдысты. Фæлæ Димитрмæ нæ сидтысты, йæ рад нæма æрхæццæ.  Æнхъæлмæ кæсы иу бон, дыууæ боны, къуыри…  Нæй, мæсты кæны. Ау, уый та куыд, йе ‘мгæрттæй хъауджыдæр цы кодта? Тохы, фæдисы заман куы ныккодта, уæд фæстейæ куыд хъуамæ баззайа. Уæд Гаглойы фырт  йæхицæн фæндаггæгтæ авæрдта æмæ Дзауы æфсæддон къамисары раз балæууыд æмæ йын загъта, зæгъгæ, мæнмæ цæй тыххæй нæ фæдзырдтат хæстмæ? Къамисар ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, кæй арвыстам, уыдон уал, дам, фаг сты. Фæстейæ дæр ма дзы хъуамæ исчи уа, ам дæр хъæуы адæмы сæр. Гаглойы фырт уæддæр йæ фæнд атардта. Зыдта йæ, хæст хæст кæй у æмæ дзы туг кæй кæлы, уый. Фæлæ, уæддæр бархийæ ацыд тохы быдырмæ. Æмæ райдыдта сал-даты уæззау фæндаг,  мæлæтхæссæг карз тохтæ…

1941 азы сæрды Гитлер хуссарæрдыгæй бацахсынмæ хъавыд сыхаг паддзахад – Ираны зæхх, æмæ уырдыгæй хъуамæ бырсын райдыдтаид Фæскавказмæ. Сырх Æфсады бахъуыд нæ хуссар арæнты знагæй бахъахъхъæнын. Советон æфсæдтæ мингай километртæ ацыдысты хæстон стæры. Ацы ран хъазуатонæй архайдта Гаглойты Димитр. Цæуын хъуыд фистæгæй Ленкорань, Джульфа, Ираны тыгъд быдырты. Æнтæф бонтæ… Ком хус кодта, цалдæргай бонтæ дон баназынмæ койæн дæр нæ уыд. Боныгон тæвд, сулæфæн нæ уыд. Æхсæв та-иу уыд тынг уазал… Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, Димитры хуызæн хæстонтæ кадимæ сæххæст кодтой сæ хæс. Ираны зæхмæ не ‘рбауагътой тыхгæнæджы. Димитр рапорт рапорты фæстæ фыста командиртæм, цæмæй йæ арвыстаиккой  Германы фронтмæ.

1942 азы немыцаг тыхæйисджытæ æрбахæццæ сты Кавказы хæхты рæбынтæм. Бырстой Кавказы æнусон цъитиджын бæрзæндтæм. Гаглойы фырт йæ риуæй, йæ тугæй хъахъхъæдта райгуырæн Кавказ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ассæста знаджы цæхæр æмæ пиллон арты сæрты. Суанеты кæмтты æмæ тар хъæдты, Клухоры, Санчары, Марухы сæрсæфæн цъæх айнæг æфцджытыл… Сентябры мæйы Марухы æфцæгыл бацайдагъ карз тохтæ. Немыцæгтæ бацахстой хæхты тигътыл бæрзæндтæ. Иу къæдзæхы фæстæ æрбынат кодтой фашистон снайпертæ æмæ пулеметчиктæ. Æмæ æнæрынцойæ æхстой уæлейæ дæлæмæ. Цалдæр боны дæргъы сырхæфсæддон хайæн тынг зын уыд размæ абырсын. Фашисттæ хæстонты сæ зынгæй зæхмæ нылхъывтой. Советон æфсæддонты бацæуæнтæ, фæндæгтæ сæм, армытъæпæнмæ кæсæгау зындысты. Уæдæ куыд? Иу райсом Марухы бæрзæндтыл мигъ æрбадт. – Диссаджы рæстæг, сæ тæккæ бынмæ бабырæм. Гитлеронтæ нæ афтæмæй  нæ фендзысты. Стæй – нæ лæджыгъæд æмæ нæхæдæг, сæ бон сын базонын кæнæм, æндæра, – загъта Гаглойты Димитр йæ командир Баликовæн.

Бырынц сæ гуыбыны цъæрттыл. Знаг дзæгъæлы, тæрсæн æхст кæны. Фæлæ мигъæй ницы уыны. Сæ тæккæ размæ, къæдзæхы бынмæ бабырыдысты. Уæдмæ мигъ фæфæйлыдта. Хуры цæст рарттывта. Димитр æмæ Баликов фæндзгай гранаттæ кæрæдзийыл бабастой æмæ сæ немыцаг фашистты фидарыл æмæхст фæкодтой. Гуыпп… Гуыпп… Тыхджын срæмыгъдтытæ… Немыцаг пулеметчиктæ æмæ снайпертæ онггай уæлдæфы хæрдмæ фæхаудтой. Уыцы бон Сырх Æфсады хай ахызт æфцæгыл… Димитр архайдта Кубаны, Краснодары тугкалæн тохты. 1943 азы сæрды Гаглойы фырт хайад иста Белгороды районы уæззау тохты. Ирон лæппу хъæбатырæй дæрæн кодта немыцæгты Белгороды фронты. Иу карз тохы йæ синтæ уæззау цæф фесты. Госпиталы йæ бахъуыд йæхицæн хос кæныны сæр. Уый фæстæ та ногæй – фронт. 1944 азы фæзæджы Скæсæн Пруссийы къусджытаг лæппу хайад иста Кенигсбергы фидæрттæ басæттыны тохты. Ногæй та уæззау цæфтæ фæцис. Ныппырх сты йæ галиу уæраг æмæ йæ галиу цонг. Цæфтæй, цæнкуылтæй ма æнæбары æрæздæхт йæ фыдæлты уæзæгмæ. Æмæ та йæм йæ рай-гуырæн хъæуы дæр æнхъæлмæ кастысты стыр фыдтæ, стыр фыдæвзарнтæ йæ фæллад сæрыл æртыхстысты. Радгай скъуыйын райдыдтой йæ бинонтæ. Хуыцау йæ зонæг цæмæн афтæ æгъатыр разынд йæ хъысмæт Димитрæн. Уыцы иурæстæджы амардысты йæ ныййарджытæ, йæ цардæмбал, стæй ноджы цыппар сывæллоны. Хæдзары рынчынæй, зыбыты иунæгæй баззад æртæ æнахъом сывæллонимæ. Царды æгъатыр цæфтæ… Цас хъару хъуыд уыдон бауромынæн, цæмæй ма фæтасыдаид. Фæлтæрд хæствæллад салдатмæ бирæ тых, хъару æмæ ныфс разынд. Ныффæрæзта зындзинæдтæн. Уый нæ, фæлæ кæд инвалид уыд, уæлгъæдæй рынчын, уæддæр ма йæ бон уыд тыхст адæймагмæ йæ къух фæдаргъ кæнын дæр. Уыдис ахæм цау, Кокойтæй иу зæронд лæг Лади хуынд, уæд ыл цыд 72 азы. Зæронд лæг уыд æнæхицау, ничи йын уыдис, нæ æввахс æрвад, нæ тугхæстæг хион. Димитр æвæгæсæг лæджы афтæ мæгуыргъуызæй куы федта, уæд ын тынг фæтæригъæд кодта. Сæхимæ йæ æрбакодта æмæ йын бирæ азты дæргъы хъæбулы лæггад фæкодта. Би-рæтæ сæхи сывæллæттæй дæр уыйбæрц рæвдыд нæ банкъарынц, уый Димитрæй цас рæвдыд федта. Гаглойы фырт дыккаг ус æрхаста, челиаттаг Дзукъаты Замирæты. Сылгоймаг йемæ ракодта йæ дыууæ чызджы дæр. Уыдонæн сæ фыд, брытъаттаг Сланты Антон, фæмард Стыр Фыдыбæстæйон хæсты.

Фыдæй сидзæр  Сланты чызджыты Димитр афтæ схъомыл кодта æмæ сæхи сидзæргъуыз, къулбæрзæйæ никуы рахатыдысты, бæгънæг, æххормагæй никуы уыдысты. Йæхи хъæбултау сæ схъомыл кодта, фыды лæггад сын фæкодта. – Цард тох у æмæ тох кæнын хъæуы,  хъæддых лæууын хъæуы, – арæх-иу дзырдта Димитр, искæйы-иу æгуыдзæг, уонгуагъдæй куы федта, уæд. Ахæмтæн-иу ныфсы ныхæстæ акодта æмæ-иу уыдон дæр сæхи фæфидардæр кодтой. Æмæ, æцæгæйдæр, Гаглойы фырты хион Гаглойты Риммæйы ныхæстæм гæсгæ, Димитр кæд инвалид уыд, æрдæг адæймаг, хуыскъкъах, æмæ цæнкуылцонг, уæддæр йæхи æгуыдзæгæй никуы равдыста. Æгæрыстæмæй ма, афтæмæй дæр код-та зæххы куыст, æрзайын-иу кодта алыгъуызон халсартæ. Куыстæй фæллайын нæ зыдта. Уыйбæрц хъару æмæ йæм æмбаргæдзинад кæй уыд, уый æвæццæгæн, Хуыцауы фæндон уыд, æндæра хæствæллад æрдæг адæймагмæ уыйбæрц тых куыд хъуамæ разындаид.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты равдисгæ сгуытдзинæдты тыххæй Гаглойты Димитр хорзæджын æрцыд алыгъуызон хорзæхтæй. Уыцы хорзæхтæй иу уыд Сгуыхтдзинады тыххæй майдан.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.