Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты, нæ туг нæ цæстытæй куы мызт, уыцы рæстæджы нын бирæ тæригъæдгæнджытæ æмæ æххуысгæнджытæ нæ уыд. Мæгуыры, дам, дур хæрдмæ суры, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы… Гуырдзы нæ кæй цагътой æмæ кæй сырдтой, уый æгас дуне уыдта æмæ зыдта, фæлæ куырмæфсон, къуырмайыфсон скодта æгас зæххы къори. Уæлдайдæр та, æвдай азы бæрц цы иумиаг бæстæйы цардыстæм, уыцы бæстæйы чи цард, нæ хотæ, не ‘фсымæртæ нын кæй хуыдтой, уыцы адæмтæ.

Кæд-иу нæ исчи абæрæг кодта, уæддæр – журналисттæ. Се ‘ппæт уый тыххæй нæ, æмæ нын тæригъæд кодтой, нæ рæстдзинад сæ æндæвта… О, уыдис дзы ахæмтæ дæр, фæлæ сæ иу хайы æндæвта æрмæстдæр æхца бакусын, уымæн æмæ «горячая точка»-тæм цæуæг журналисттæн бирæ фылдæр мызд æмæ гонорар фыстой. Уыдис-иу дзы ахæм нысанимæ æрцæуджытæ дæр, цæмæй нын нæ рæстдзинад гуырдзыйы пайдайæн зыгъуыммæгондæй равдисой. Фæлæ дзырд ууыл нæ цæуы. Дзырд цæуы ууыл, сæ иутæ дæр æмæ-иу се ‘ннæтæ дæр куыд тынг дис кодтой нæ фæразондзинадыл, нæ патриотизмыл.

Æмæ ма ноджы æндæр цæуылдæрты дæр…

 Бирæтæ сæ дис æмбæхсгæ дæр нæ кодтой, дзырдтой йæ æргомæй, диссаг сæм кæй каст, нæ республикæйы столицæйы сæйраг уынг Сталины ном кæй хæссы, ууыл… Комкоммæ дæр-иу бафарстой, куыд, дам, уæ бамбæрстæуа: уæ тохы нысан у, цæмæй Гуырдзыстоны æфсондзæй фервæзат æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуат, уæ Фыдыбæстæйæн йæ цæгат хаимæ баиу уат, афтæмæй уæ сæйраг уынг хæссы, Гуырдзыстоны æфсондз уын уæ бæрзæйыл чи сæвæрдта, æгæрстæмæй уын уæ Фыдыбæстæйæн йæ цæгат хайы дæр уыцы æфсондзы бынмæ бакæныныл чи архайдта, уыцы  лæджы  ном…

Æмæ ныл æрмæст уый тыххæй нæ хъæуы дис кæнын: бирæ цæмæйдæрты стæм диссаг… Советон хицауад кæм раздæр расидтысты – Хуссар Ирыстоны æви Гуырдзыстоны? Хуссар Ирыстоны. Уый тыххæй цы, Гуырдзыстонæй Хуссар Ирыстон хуыздæр цардис советон дуджы? Уыцы Советон хицауад куы ныппырх, уæд дзы Гуырдзыстонмæ цал хæстон танк, хæдтæхæг æмæ хæцæнгарзы æрхауд – фæстæдæр мах кæмæй куынæг кодтой, ахæм хæцæнгæрзтæ? Бирæнымæц! Махмæ та дзы цы ‘рхауд? Хæрæджы дымæг, туг æмæ цæссыг!..

1989 азы, 23 ноябры нæм, нырма советон чи уыд, уыцы Гуырдзыстон куы æрбабырста æмæ йæ ныхмæ Згъудеры къуылдымы тæккæ рæбын куы æрлæууыдыстæм, уæд кæй тырысатæ æмæ портреттæ ныхъил кодтам гуырдзыйы раз?.. Советон Цæдисы тырысатæ æмæ Ленины портреттæ!

Уый тыххæй цы? Нæ фæдисы хъæр фехъуыст уыцы Советон Цæдисмæ, йæ тырыса, йæ фæтæгыл ын æнувыд кæй стæм, уымæн саргъ кодта, фæтæригъæд нын кодта?

Хæрæджы дымæг! Æхсæвыгон сæ æд куыйтæ уымæн æрбауагъта фынæй горæтмæ æмæ нын нæ театрæй хуыдон уымæн сарæзтой, нæ фарны тырыса Къостайы цыртыл нын уымæн фæмызтой!..

Цæй, хорз, ма та ацæхæраджынтæ ут, зынаргъ газеткæсджытæ, æмæ ма зæгъут, уыдæттæ, дам, йæ уæййаг сæрбосты аххос уыдысты… Æмæ уæд ссæдзмилуанон парти та кæм уыд, йæ дзыхы дон цæмæн бакодта, кæд парти уыд, уæд? Цы фесты, алы бæрæгбонты-иу парады фæтæн лозунгтимæ кæй гербтæ рахастам, уыцы «æфсымæрон» цæдисон республикæты адæмтæ, гуырдзыйæн сæ «астæмæ!» уæддæр цæмæннæ исчи загъта?..

Абон дзырд цæуыл цæуы?..

Нæ горæты, Путины уынгæй Фидауынгæнджыты уынгыл кæм фæзилай, уыцы ран ныр æртæ мæйы бæрц рухсгæнæнтыл сагъдæй лæууынц советон тырысатæ. Хур сыл кæсы, къæвда сæ хуылыдз кæны, дымгæ сæ фæйлауы, фæлæ йæ ничи зоны, уым цæмæн æмæ цæй тыххæй сты, уый. Мах, куыдфæндыйæ дæр, Советон Цæдисы ныхмæ не стæм, фæлæ нал ис – никуы ницы ‘рцыд…

Абон мах стæм хæдбар, дунеон барады нормæтæм гæсгæ нымад паддзахад. Ис нын нæхи, паддзахадон тырыса. Кæм æмбæлы, ахæм рæтты гæнæн ис, гæнæн нæ – æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй уа, нæ паддзахадон хæдбардзинад нын чи банымадта, немæ дипломатон ахастытæ кæмæн ис, уыцы бæстæты паддзахадон тырысатæ, фæлæ нæ чи нæ банымадта, уыцы бæстæты тырысатæ цæмæн хъуамæ æрсадзæм, кæм не ‘мбæлы æмæ кæм æмбæлы, ахæм рæтты дæр? Уæлдайдæр та, раджы чи амард, чи нал ис, ахæм бæстæйы тырысатæ?..

Чи сауджынæн йæхи уарзы, чи та йын – йæ усы… Ис ахæмтæ, йæ фынты дæр советон дуг уынгæйæ чи цæры. О, йæ бирæ тыхмитимæ дзы уыдис, абон дæр ма удыхосæн кæй агурæм æмæ мысæм, ахæм бирæнымæц хæрзиуджытæ. Чи йæ уарзы æмæ мысы, уыдонæн уый сæ бар у, искæй æнкъарæнтыл гуыдыр сæвæрæн нæй. Фæлæ ис паддзахад, паддзахадон атрибуттæ, æхсæнадон фæтк, цардмæ закъонбæрцон ахаст, кæцытæ махæй алкæмæндæр сты нымаинаг, хъахъхъæнинаг æмæ æххæсткæнинаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.