13-æм декабрæй 20-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 3 фæндагон-транспортон цауы. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æхсæз адӕймаджы æмæ иууылдæр баййæфтой административон æфхæрд.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 396 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 11 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Ацы мæйы райдианы фæактивондæр сты рейдон мадзæлттæ пиротехникæйы ныхмæ æмæ дзы хайад исынц милицийы алыгъуызон дæлхæйттæ. Рейдты фæстиуæгæн къуырийы æмгъуыдмæ конфискаци æрцыдысты 700 «гуыпгæнæны» бæрц æртæ амали-уæггæнæгæй, кæцытыл конд æрцыд административон суагъæтæ. Уымæй уæлдай ма милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы кусджытæ дыууæ дуканийы баййæфтой энергетикон нуæзтытæ æмæ сæ сконфискаци кодтой – æдæппæт 129 алюминæй конд гарзы. Ахæм нуæзтытæн 2012 азæй фæстæмæ нæ республикæйы территорийыл уæй кæныны бар нæй æмæ ныр ацы дыууæ дуканигæсы конд æрцæудзысты бæрндзинадмæ.

15 декабры æхсæвы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 31-аздзыд горæттаг цæрæг. 19 декабры дæр рынчындонмæ бахаудтой 54-аздзыд æмæ 25-аздзыд Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы цæрджытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстæгтæ сæ хæдзæртты уæвгæйæ фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ. Рынчынтæ райстой æмбæлон медицинон æххуыс æмæ сын тæссаг ницæмæй уал у.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны кусджытæ баурæдтой нæ горæты 42-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад «метадон»-æй. Баурæдтой ма 51-аздзыд æмæ 42-аздзыд горæттаг цæрджыты, кæцытæ та спайда кодтой марихуанайæ. Уымæй уæлдай ма баурæдтой 27-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ, фæлæ сын нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Ацы æмбæстаг ма ацы аз ноджы дыууæ хатты урæд æрцыд наркотиктæй спайда кæныны тыххæй. Баурæдтой ма 31-аздзыд æмæ 52-аздзыд горæттаг цæрджыты, 27-аздзыд Дзауы районы Багаты хъæуы æмæ 27-аздзыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджыты, кæцытæ нæ бакуымдтой медицинон басгæрстмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.