Ноггуырд сывæллоныл йæ царды фыццаг азы цы цаутæ æрцæуы, уыдонæн сæ ахсджиагдæр у прививкæ. Прививкæтæн ис, куыд фарсхæцджытæ, афтæ сæ ныхмæ дзурджытæ дæр, æмæ сæ дыууæтæ дæр раст кæй сты, ууыл гуырысхо æппындæр нæ кæнынц.

Уæдæ сæ чи у растдæр? Æнæниздзинад хъахъхъæнынады дунеон организаци куыд амоны, афтæмæй æппæт дунейы дæр ноггуырдты æнæниздзинадæн ахъазгæнæг фæрæзтæ сты цалдæр. Сæ фыццаг у ноггуырдæн раст æмæ пайдайаг хæринаг дæттын æмæ йын афоныл хæрын кæнын. Дыккаг – сыгъдæгдзинад æмæ гигиенæ. Æртыккаг – афоныл ын вакцинаци кæнын. Æртæ иумæ сты ноггуырды æнæниздзинады бындур.

Ноггуырд сывæллон æххормаг уа кæнæ, сыгъдæгдзинад цы у, уый ма зона, ахæм фарст Уæрæсейы нæй. Уый хыгъд нæм ис вакцинаци афоныл аразыны фарст, уымæн æмæ не ‘хсæн разыны, йæ ныхмæ чи дзуры, ахæмтæ. Сæ сæйраг æфсон у ахæм: «Мæн фæнды, цæмæй алцы-дæр уа, рагæй-æрæгмæ дæр куыд уыд, афтæ, ома, адæймаджы сфæлдыста æрдз æмæ хъуамæ уа æрдзмæ хæстæгдæр». Фæлæ куыд уыд рагæй-æрæгмæ? Чызджы моймæ лæвæрдтой 14-15-аздзыдæй æмæ уымæй дæр раздæр, 40-аздзыд сылгоймаг нымад уыд зæронд усыл. Адæймаджы рæстæмбис цард уыд 35 азы. Афтæ нæ фæнды, æмæ уымæ раздæхæм фæстæмæ?

Уæвгæ, æрдзæн йæхи мидæг вакцинаци нæй, зæгъгæ, чи зæгъы, уыдон раст не сты. Дызæрдыггаг нæу, иммунитет фидар кæныны хъуыддаг æрдзон процесс кæй у æмæ йæ æрдз куыддæриддæр сарæзта, уыцы æгъдаумæ гæсгæ кæй цæуы, уый  рынчын йæ низ бафтыдта æнæниз адæймагыл, уый дæр дзы фæрынчын æмæ йын дарддæр уыцы низæй тæссаг нал у. Фæлæ алкæмæн йæ низ уыцы-иухуызонæй нæ ахицæн вæййы: кæуылдæр йæ фæд нæ ныууадзы, кæмæндæр та фæстиуджытæ расайы, чи та дзы мæлгæ акæны. Уæдæ прививкæ дæр у иммунитет фидар кæныны фæрæз, æрмæст низы фæрцы кæнæ йæ фæстиуджыты фæрцы нæ, фæлæ хосы фæрцы.

Прививкæты ныхмæ чи у, уыдонæн сæ дыккаг æфсон у ахæм: «Прививкæйæн йæ бон у, æмæ йæ фæстæ исты фæстиуджытæ расайа». Гæнæн ис. Фæлæ, зæгъæм, кæцыдæр прививкæйы фæстæ буары тæвд иуцасдæр куы фæбæрзонддæр уа, уæд уым тæссагæй ницы ис. Тæвд бæрзонд кæнын райдыдта инфекцийы аххосæй кæнæ иу хатт фæбæрзонд прививкæйы фæстæ – уыцы дыууæ уавæрæн кæрæдзиимæ абарæн нæй. Гæнæн ис, æмæ уа уæззау фæстиуджытæ, ногæй та зæгъынц прививкæты ныхмæлæуджытæ. Æмæ та сын дæттæм дзуапп: прививкæ уæззау фæстиуджытæ расайы тынг стæм хатт.

Вакцинæтæ кæныны ныхмæ ныхас куыддæр скарз вæййы, афтæ инфекцион низтæ дæр апырх вæййынц. 90-æм азты хъыпыйæ (дифтерия) рынчын кодтой сывæллæттæ дæр, хистæртæ дæр. Йæ аххосæй амæлыны цаутæ иу æмæ дыууæ не ‘рцыд уыцы азты. Кæмæдæрты низ расайдта уæззау фæстиуджытæ, уыимæ, зæрдæйы низтæ дæр.

Прививкæтæ кæнынæн ис сæрмагонд къæлиндар, дохтыртæ кæуыл бакуыстой, ахæм, æмæ у æнæмæнг æххæсткæнинаг. Афтæ, арæндоны ноггуырдтæн кæнынц прививкæтæ гепатит «В» æмæ тарнизы ныхмæ. Къæлиндармæ ног прививкæ бахæссын у стыр хъуыддаг æмæ паддзахадæй домы дзæвгар хæрдзтæ. Кæйдæр афтæ бафæндыд, уымæ гæсгæ кæнæ зæрдæйы дзæбæхæн сывæллæттæн прививкæтæ нæ кæндзысты. Прививкæтæ кæнынц, цардæн тæссаг хæцгæнизты ныхмæ. Райсæм гепатит «В». Йæ ныхмæ дзæбæхгæнæн хос нæй, фылдæр хатт уый рахизы, адæймаг иудадзыгрынчын кæмæй у, низы ахæм хуызмæ, фæстагмæ та æркæны игæры ракмæ. Медицинон уавæрты сывæллоныл кæнæ ас адæймагыл бахæца, уымæн гæнæн нæй, уымæн æмæ дохтыртæ архайынц, иу хаттæй фылдæр пайдагæнæн кæмæй нæй, ахæм инструменттæй.

Вакцинаци хъæуы ас адæмы дæр, уымæн æмæ низ бахæцынæй тæссаг у, адæймаг йæ царды мидæг цы алыхуызон уавæрты бахауы, уыдоны рæстæг дæр. Тарнизы ныхмæ прививкæтæ алы бæстæты нæ кæнынц. Фæлæ Уæрæсейы ахæм рынчынтæ бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ йын ам æнæкæнгæ нæй. Прививкæтæн сæ ныхмæдзурджытæ зæгъынц, прививкæйы фæстæ дæр адæймаг фæрынчын вæййы, зæгъгæ. О, фæлæ, тарнизæн цы бирæ хуызтæ ис, уыдонæй се ‘ппæтæй прививкæ кæд нæ бахъахъхъæна, уæддæр йæ уæззаудæр æмæ тæссагдæр хуызтæй бахъахъхъæндзæн.

Ныр та æппæтæй ахсджиагдæр цы у, уый: прививкæтæ кæнын у иммунитет фидар кæныны æрдзон фæрæз. Сывæллон æмæ ас адæймаг ын быхсынц бирæ æнцондæрæй, низæн кæй бахъæуы быхсын, уыимæ абаргæйæ, стæй вакцинацийæн фæстиуджытæ вæййы стæм хатт æмæ тæссаг не сты. Вакцинаци та йæхæдæг хъахъхъæны низтæй æмæ сæ уæззау фæстиуджытæй.

Уæхи æмæ уæ кæстæрты вакцинацийæ ма тигъ кæнут, уæлдайдæр ацы зын рæстæг, æмæ æнæниз ут.

Газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.