Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуыргæнæн центр «Тактика-А»-йы базæйы 8 ноябры уагъд æрцыдис Цæгат-Кавказы федералон округы радон гом чемпионат практикон æхсынæй пневматикон æхсæнгæрзтæй пайда кæнгæйæ. Пистолетæй æхсыны ерысты хайад райста Хуссар Ирыстоны милицийы Сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусæг Медойты Дауыт дæр.

Ацы ерысты æдæппæт хайад райстой 60   спортсмены бæрц. Иууыл арæхстджындæр хайадисджытыл дзы нымад фæцæуынц тыхон структурæты минæвæрттæ æмæ алыхатт дæр се ‘хсæн рауайы хъазуатон тох. Милмæ æхсджытæ хъуамæ уой фердæхтджын, рæстдзæвин æмæ сæ архайд та – æнæаипп. Æдæппæтæй сæххæст кæнын бахъуыдис 6 фæлтæрæны, ома ерысты хайадисджытæ алыгъуызон уавæрты хъуамæ милмæ фехстаиккой лæугæ æмæ змæлгæ мысæнттæм. Тæрхонгæнджыты нымадмæ гæсгæ Медойты Дауыт бацахста фыццаг бынат æмæ йæ схорзæхджын кодтой грамотæ æмæ майданæй.

Дауытæн ацы уæлахиз фыццаг нæу, – ныры онг дæр цалдæр хатты райста хайад ахæм ерысты æмæ-иу алы хатт дæр ацыд призон бынæттыл. Практикон æхсыны спорт кæд нырма æрыгон у, уæддæр ныридæгæн ссис популярон æгас Уæрæсейы территорийыл.

ДЖИОТЫ Александр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.