Æнæниздзинады дунеон организацийы бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, æрвылаз дæр гриппы эпидемийы рæстæджы ацы хæцгæ низæй фæрынчын вæййы адæймагады 10% бæрц. 650 мин адæймаджы амæлынц, гриппы фæкарздæргонд формæтæй. Уымæ гæсгæ грипп нымад у хæцгæ низты карздæртæй сæ иуыл.

Гриппы вирус организмы апарахат вæййы дæс-дыууадæс бонмæ, сулæфæнтæм микроб бахаугæйæ схизы буары тæвд, фæзынынц æппæт симптомтæ дæр. Афоныл ын хос куы нæ ‘рцæуа, уæд тæссаг у, куы асайа ахæм карздæр низтæм, куыд, менингит, энцефалит, стджыты, рæуджыты низтæ æмæ æндæр вирусон тæссаг низтæм.

Æнæниздзинады фадыджы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæмæй адæймагыл грипп ма бахæца, ма скарз уа æмæ ма æркæна æппæрццаг фæстиуджытæм, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг у, эпидемийы рапарахаты агъоммæ вирусы ныхмæ прививкæтæ саразын.

Кæд низ тæссаг у, уæлдайдæр та йæ фæкарздæргонд формæты, уæддæр æм нæ республикæйы æхсæнадæй бирæтæ кæсынц уæлæнгай цæстæй,  нæ сæ фæнды прививкæтæ саразын. Цæрджыты иу категоримæ ма æвзæры вакцинæмæ æнæууæнкдзинад дæр, ома, ис ахæм адæймæгтæ, чи сарæзта вакцинæ, фæлæ уый фæстæ чи фæрынчын ис. Ацы фарсты тыххæй Æнæниздзинады фарстаты фæдыл Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Игорь Галь куыд зæгъы, афтæмæй вакцинæ саразыны фæстæ, æрмæстдæр дыууæ къуырийы фæстæ сæвзæры организмы гриппы ныхмæ иммунитет. Уыцы дыууæ къуырийы дæргъы куы бафтой гриппы микробтæ организммæ, уæд уыцы рæстæджы вакцинæ вæййы æдых. Фæлæ вакцинæйы фæстиуæгæн, низ вæййы æнцондæр сфæразæн. «Вакцинæ ма, гæнæн ис, ма бандава, кæд æмæ хæлд не ‘рцæуой йæ æрласын æмæ хъахъхъæныны домæнтæ. Фæлæ ныртæккæ Хуссар Ирыстонмæ цы вакцинæтæ æрластæуыд, уыдон тыххæй фидарæй зæгъын, æппæт домæнтæ дæр бахъахъхъæдгонд кæй æрцыдысты» – загъта министрады минæвар.

Цæмæй кæцыфæнды низæн дæр æмбæлон хос æрцæуа, уый тыххæй сæйрагдæр у раст диагноз сæвæрын. Хъыгагæн, республикæйы бирæпрофилон медцентр ацы фарсты фæдыл нырма æййафы хъуагдзинæдтæ. Вирус вæййы цалдæр хуызы æмæ цæмæй бæлвырдæй зонай, кæцы хуыз бахъыгдардта адæймаджы, уый тыххæй хъæуы ПЦР–диагностикæ, кæцы арæзт цæуы нырыккон сæрмагонд лабораториты. Гриппы фæстиуæгæн, гæнæн ис, организммæ бахауой ноджы æндæр низты бактеритæ дæр. Уый сбæлвырд кæныны тыххæй та æнæмæнгхъæуæг у бактериологон анализтæ радтын. Æрмæстдæр ахæм басгæрсты хатдзæгтæм гæсгæ ис раст диагноз сæвæрæн æмæ медицинон препараттæ, антибиотиктæ рафыссæн. Кæд ныртæккæ нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центр ифтонг нæу ахæм лабораторитæй, уæддæр уыдон уæвынад кæнынц нæ республикæйы территорийыл. ПЦР–лаборатори ис Цхинвалы Санэпидстанцы, бактериологон анализтæ та гæнæн ис радтын сæрмагонд лабораториты. Ам цæрджыты лæггæдтæ сты фидгæйæ æмæ биоæрмæг та æрвыст цæуы Уæрæсейы территоримæ. «Ацы фарст у рарасткæнинаг æмæ йыл ныртæккæ цæуы активон куыст. РХИ-йы инфекцион æдасдзинад реализаци кæныны программæйы фæлгæтты РБМЦ фидæн аз хъуамæ ифтонг æрцæуа ПЦР æмæ биолабораторитæй» – загъта Игорь Галь.

Царды уавæртæ  куыд æвдисынц, афтæмæй грипп æрвылаз дæр фæзыны æндæр æмæ æндæр симптомтимæ, фæлæ уыдон се ‘ппæт дæр вæййынц вирусон. Вирус та сæйраджыдæр парахат кæны, æхсæнад фылдæр кæм  змæлы,  ахæм бынæтты. Уый тыххæй æхсæнадимæ фылдæр контакттæ цы куыстуæтты кусджытæн ис, уыдонæн æнæмæнгхъæуæг у вакцинæтæ  саразын.  Республикæйы бирæпрофилон медцентры сывæл-лæтты хайады кусæг Хуыгаты Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй ам медкусджытæ се ‘ппæт дæр сарæзтой гриппы ныхмæ профилактикон прививкæтæ: «Ивгъуыд азты гриппы вирусон низты апарахат æмæ медкусджытæ уæвгæйæ низы фæстиуджыты æппæт зындзинæдтæ æмбаргæйæ, махæй алчи дæр скодта прививкæтæ. Рынчынтимæ архайгæйæ афтæ у бирæ æдасдæр, куыд нæхи бахъахъхъæныны тыххæй, афтæ вирус ма парахат кæныны тыххæй дæр».

«РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ацы аз самал кодта авд мин дозæйы вакцинæтæ. Уый, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, у æртæ мин дозæйы фылдæр. Абоны онг цæрджытæй вакцинæтæ чи сарæзта, уыдоны нымæц у 5603 адæймаджы. Ноябры мæйы кæронмæ та хъуамæ арæзт æрцæуа  ноджы 1500 адæймагæн», – загъта министрады минæвар.

Вакцинаци арæзт цæуа æви нæ, уымæ нæкæсгæйæ, вæййы гриппæй фæрынчыны цаутæ. Республикæйы бирæпрофилон медцентр куыд цæттæ у ахæм рынчынты райсын æмæ сын æмбæлон хос скæнынмæ, уый тыххæй мах аныхас кодтам РБМЦ-йы иинфекцион хайады къухдариуæггæнæг Козаты Варварæимæ. «Ныронг уал махмæ нæй гриппæй фæрынчыны иунæг цау дæр. Ис нæм æрмæстдæр ОРВИ-йæ иу рынчын. Кæд дарддæр фæзыной ахæм рынчынтæ, уæд цæттæ стæм сæ райсынмæ. Ифтонг стæм æнæмæнгхъæуæг медикаменттæй. Цæмæй рынчынтæ кæрæдзийыл ма æмбæлой æмæ вирус ма  парахат кæной, уый тыххæй ам  ис сæрмагонд блоктæ, кæцытæ дихгонд сты иннæ хатæнтæй. Ахæм рынчынтæн вæййы сæрмагонд диетæ æмæ уый дæр ифтонг æрцæудзæн, кæд рынчынтæ фæзыной, уæд», – загъта Козаты чызг.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.