Республикæйы сывæллæтты рынчындоны поликлиникæйы хайады сæргълæууæг Хæныкъаты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы бонты сног кодтой сывæллæттæн вакцинаци аразыны фæдыл куыст. Уый цыд раздæр дæр, фæлæ урæд æрцыд рæстæгмæ, нæ республикæйы коронавирусæй бирæ рынчынтæ куы фæзынд, уæд. «Низ дарддæр ма апарахаты нысанæн æхгæд æрцыд поликлиникæ дæр. Фæстаг æртæ мæйы сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæмæн вакцинаци нæ цыд. Ныр ацы къуырийы райдиан райдыдтам иммунизаци кæнын. Фыццаг рады уал араздзыстæм туберкулезы ныхмæ прививкæтæ, уымæн æмæ сæвзæргæ уавæрты ацы вакцинæ ахадгæ хъуамæ уа», – зæгъы Хæныкъаты Ларисæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй ацы дыууæ къуыри цæудзæн вакцинаци Сырх низы ныхмæ дæр. Сывæллæттæн ацы низы ныхмæ вакцинаци арæзт æрцæуы, куы райгуырынц, уæд иу азы фæстæ, æмæ ма сыл уый фæстæ та æхсæз азы куы сæх-хæст вæййы, уæд. Ацы прививкæ арæзт куы нæ уа, уæд сабидæттæ æмæ скъолатæм дæр нæ фæуадзынц сывæллоны.

Хæныкъаты Ларисæ ма куыд загъта, афтæмæй арæзт цæудзысты æндæр, ны-вæстмæ хаст вакцинæтæ дæр. Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты минист-рад алы аз дæр æрсиды адæммæ гриппы ныхмæ вакцинаци саразынмæ.

«Ацы аз гриппы ныхмæ прививкæтæ фæнд кодтам фылдæр адæмæн скæнын. Вакцинæйæн, иннæ азтæм абаргæйæ, ацы аз фылдæр ахадындзинад уыд. Дыууæ респираторон инфекцийы кæрæдзиимæ кæй баиу сты, уый тыххæй – грипп æмæ COVID-19. Дохтырты хъуыды уыд ахæм: гриппы вакцинæ æнæмæнг саразын хъæуы, цæмæй коронавирусæй чи рынчын кæна, уымæн ацы тæссаг низ чысылдæр зиан æрхæсса», – зæгъы Хæныкъаты Ларисæ.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй январь-февралы мæйты, Æнæниздзинады хъахъхъæныны æппæтдунеон организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ноджыдæр тæссаг уыдзæн гриппы æртæ хуы-зæй. Сæ ныхмæ адæймаджы иммунитет афтæ хъæддых нæу. Уымæ гæсгæ хуыздæр у прививкæ саразын. Прививкæйы сконды ис уыцы 3 хуызы гриппы ныхмæ æрмæджытæ. Вакцинаци гриппы ныхмæ цæудзæн амбулаторон-поликлиникон центры бындурыл. Уыимæ иумæ ма кусдзысты вакцинаци уадзыны мобилон къордтæ, кæцытæ цæудзысты бынатмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.