2023 азы 7 сентябры уыдис Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадт. Комитеты куысты хайад райстой депутаттæ Диакъонты Амиран, Сланты Иван, Дриаты Заза, Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Руслан, Паддзахадон ветеринарон службæйы æмæ «Югоссельхознадзор»-ы фитосанитарийы цæстдарды къухдариуæггæнæг Гуыцмæзты Маирбег, Парламенты Президенты æххæстбарджын минæвар Коцты Георги æмæ Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Депутаттæ уынаффæ кодтой ветеринарон лабораторийы куысты, рынчын стурвосы æмæ æндæр фарстаты тыххæй.

 

РЫНЧЫН СТУРВОС

Куыд радзырдтой, афтæмæй Дзауы районы ставдкъах фосыл фæзынд хроникон инфекцион низ бруцеллез. Низ фосæй адæймагыл дæр кæй бахæцы, уый тыххæй рынчын фосы дзидза, æхсыр æмæ æхсыры продукттæ нæ бæззынц хæрынæн, адæймаджы æнæниздзинадæн тæссаг кæй сты, уый тыххæй.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта, зæгъгæ-иу раздæр дæр ацы низ фæзынд, фæлæ-иу нæ бон нæ бацис сбæрæг кæнын, республикæйæн æмбæлон иртасæнтæ уадзыны фадат кæй нæ уыд, уый аххосæй.

Министры ныхæстæм гæсгæ, 2017 азы сырæзт «Госсельхознадзор – карантин»-ы службæ. Уыцы службæйы фæлгæтты кусы ветеринарон лаборатори. Цæмæй лаборатори æххæст хъомысæй куса æмæ фылдæр иртасæнтæ уадза, уый тыххæй министрад æппæт дæр аразы.

«Лаборатори афæдз аразы 10000 иртасæны, уыцы нымæцы фосы бруцеллез, лейкоз, туберкулезы  низтæ сбæрæг кæныны тыххæй дæр. Раздæр нын уыцы фадат нæ уыд, фæлæ ныр лабораторийы кусджыты арвыстам курсытæм, цæмæй базоной  иртасæнты ног мадзæлттæ дæр. Тагъд рæстæджы уыдонæй пайда кæндзысты нæ лабораторийы дæр», – загъта Мæргъиты Алан.

 

ÆНÆ ÆМБÆЛОН ДОКУМЕНТТÆЙ ХЪÆУУОНХÆДЗАРАДОН ПРОДУКЦИ НÆ ЛАСДЗЫСТЫ РЕСПУБЛИКÆМÆ

Министр куыд радзырдта, афтæмæй республикæмæ фос ластой æнæ контролæй, æгæрыстæмæй-иу сæм нæ уыд æмбæстæгты æнæниздзинады гарантийы тыххæй æмбæлон гæххæттытæ дæр. Фæлæ «уæрæсейаг коллегæтимæ бадзырдтам æмæ иумæ бакуыстам фæхуымæтæггонд системæйыл, уымæй нæ амалиуæггæнджытæн фæхуымæтæгдæр  æмбæлон документтæ саразын.  Ацы системæ фæахъаз уыдзæн нæ республикæйы низджын фос æмæ продукцийæ сæдас кæнынæн. Æнæ æмбæлон документтæй хъæууонхæдзарадон продукци нал ласдзысты республикæмæ.

 

ДЗИДЗА ÆМÆ ÆХСЫРЫ ПРОДУКТТÆ ÆЛХÆНГÆЙÆ, ÆРДОМЫН ХЪÆУЫ №2 ÆМÆ №4 БÆРÆГГÆХХÆТТЫТÆ

Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фос бруцеллез æмæ лейкозæй арæх кæй вæййынц рынчын, уый тыххæй «Югоссельзонадзор»,  ветеринарийы управлени æмæ районты ветеринарон службæтæ фосы хицæуттимæ иумæ уадзынц  низы проблемæ аиуварс кæныны тыххæй мадзæлттæ.

Уæрæсейы исты низ куы сбæрæг кæнынц фосæн, уæд æй раттынц æргæвдæнмæ, уым æй  аргæвдынц, дзидзайы термалон æгъдауæй сæдас кæнынц æмæ йæ уый фæстæ раттынц сæрибарæй  уæй кæнынмæ. Æхсырæй та  спайдагæнæн ис рафыцыны фæстæ.

«Нæ республикæйы дæр ацы фарсты фæдыл комплексон мадзæлттæ уадзæм, фæлæ, хъыгагæн, низ сбæрæг кæныны тыххæй, нæ  цæрджытæй бирæтæ не сразы вæййынц анализы тыххæй фосæй туг сисыныл. Æмбæлон гæххæтт сæм нæ вæййы, афтæмæй ауæй кæнынц рынчын фосы æхсыр дæр æмæ дзидза дæр. Алы хатт Хъæууон хæдзарады министрады бон нæ вæййы æппæт уыдæттæм хъус дарын. Æмбæлон службæтæ рейдтæ уадзынц, фæлæ уыдонæн дæр æрвылхатт сæ къухы нæ бафты фæтк халыны цаутæ сбæрæг кæнын. Уый тыххæй фæлхасгæнæг дзидза куы æлхæна, дуканийы уа æви базары, уæд алы хатт дæр уæйгæнæгæй хъуамæ æрдома №2 æмæ №4 формæйы бæрæггæххæтт (справка)», – бамбарын кодта Мæргъиты Алан.

Депутат Плиты Алыксандр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм низтæ куы сбæрæг уой, уæд æмбæлон органтæ хæсджын сты, цæмæй  фехъусын кæной республикæйы цæрджытæн. Нæ адæм низы хабар куы зоной, уæд, сæхи низæй бахизыны тыххæй уæйгæнджытæй домдзысты бæрæггæххæттытæ.

 

ФОСЫЛ ХЪÆУЫ БИРКÆТÆ КÆНЫН

Депутаттæ уынаффæ кодтой хæдзарон цæрæгойтыл биркæтæ кæныны фарстыл дæр. Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, цæрæгойты æмæ адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй уый æнæмæнгхъæуæг мадзал у. Сæрмагонд номыр хъæууонхæдзарадон цæрæгойты идентификаци кæнынæн æмæ тæссаг низтæ иртасыны тыххæй профилактикон мадзæлттæ уадзынæн фæахъаз уыдзæн.

Министр куыд радзырдта, афтæмæй 2017 азы райстæуыд бардзырд хъæууонхæдзарадон цæрæгойты идентификаци (биркæтæ кæнын) ауадзыны фæткы тыххæй.

«Иуæй-иу районты уыцы куыст кæронмæ бакодтам, фæлæ иннæ районты адæм уыдысты ацы процедурæйы ныхмæ. Цæрæгойты хицæуттæм афтæ каст, цыма уыцы процедурæйы фæстæ цæрæгойты тыххæй исын райдайдзысты хъалон. Фæлæ уый раст хъуыды нæу», – бахахх кодта Мæргъиты Алан.

Рабадты рæстæджы дзырдтой, республикæйы районты цæр-джытæ цы æндæр проблемæтыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй дæр.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.