Фæстаг 11 азы Уæрæсейы нефты аргъ афтæ бæрзонд никуы ма уыд. Æртаг æмæ дизель зынаргъ кæнынц сæрддæргъы – астæуккаг нымадæй сæ аргъ сырæзт  8% бæрц. Хуссар Ирыстоныл ацы хъуыддаг тынгдæр бандæвта. Уæрæсеимæ абаргæйæ, махмæ ноджы фылдæр бафтыд æртаджы аргъмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алчи дæр тыхсы, уымæн æмæ товарты аргъ баст у æртагимæ.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ ацы тенденцийæн ис цалдæр бæрæг аххосаджы. Фыццаг аххосагыл нымайынц уый, æмæ фæсарæнты кæй ис æртаджы дефицит. Уый фæстиуæгæн Уæрæсейаг нефты хицæуттæн фæсарæнтæм нефть уæй кæнын пайдадæр у. Уæлдайдæр та доллар сомимæ абаргæйæ фæзынаргъ æмæ егъау æфтиæгтæ исынц нефть уæй кæныны рæстæджы. Нырыонг сын фадат нæ уыд нефть егъау гуырахсты уæй кæнын фæсарæнтæм санкциты аххосагæй, фæлæ ныр «фæндæгтæ» ссардтой. Фылдæр æй ласынц Китай, Инди æмæ Туркмæ.

Нефты хицæуттæн Уæрæсейы Хицауадимæ ис бадзырд, кæцыйы фæлгæтты нефты гуырахсты иу хай хъуамæ уæй цæуа Уæрæсейы территорийыл аслам аргъмæ. Бынаты цы æртаг хъуамæ уæй кæниккой, уый та сусæгæй аласынц фæсарæнтæм æмæ дефицит сæвзæры. Дефициты фæстиуæгæн та æргътæ фæфылдæр вæййынц. Хицауады, æвæццæгæн, бахъæудзæнис экспорты гуырахст фæкъаддæр кæнын, цæмæй Уæрæсейы территорийыл æртаджы дефицит мауал уа.

Иуæрдыгæй нефтæн йæ аргъ кæй фæфылдæр æмæ ма доллар дæр кæй фæзынаргъ, уый фæстиуæгæн Уæрæсейы бюджеты æфтиæгтæ дæр ахъаззаг фæфылдæр сты. Фæлæ иннæрдыгæй та Уæрæсейы территорийыл æртаг зынаргъ куы уа, уæд хæлц дæр фæзынаргъ уыдзæн, къаддæр æлхæндзысты æртаг æмæ æндæр товартæ, инфляци бæрæг фæфылдæр уыдзæнис æмæ ма адæм дæр хицауады ныхмæ суыдзысты.

Дыккаг аххосагыл та нымайынц, алы аз дæр сæрды мæйты нефты заводты кæй фæцалцæг кæнынц, уый. Ахæм рæстæджы заводтæ æртаг фаг нал фæуадзынц æмæ уыцы уавæр та æркæны дефицитмæ æмæ фæзынаргъмæ. Ам дæр бирæ фарстатæ æвзæры. Иугæндзон цæмæн сæхгæнынц сæ заводтæ цалцæг кæнынмæ? Рагацау цæмæннæ саразынц фæсауæрцтæ? Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнгтæ æрдомдтой, цæмæй-иу нефтуадзæн заводты цалцæг кæныны график развæлгъау сфидар кæной æмæ-иу æй алкæмæн дæр фехъусын кæной. Стæй ма сæ уыцыиу рæстæджы дæр мауал цалцæг кæной.

Ӕртыккаг аххосагыл та нымайынц логистикæ, ома, йæ ласыны хæрдзтæ бæрæг фæфылдæр сты. Уый та уымæн æмæ Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстиуæгæн æфсæнвæндæгтыл цæуы егъау уæз. Æппынæдзух поездтыл ласынц æфсæддон техникæ, хæлц, хæстон æрмæг. Уый фæстиуæгæн нефтласæн поездтæ бирæ рæстæг фесафынц транспортировкæйы рæстæджы æмæ æртагкæнæн станцтæм рæстæгыл нæ бахæццæ вæййынц. Нал фæфаг кæнынц поездтæ дæр. Стæй ма сæрды мæйты фæкæнынц хорæфснайæн куыстытæ дæр æмæ хъæууонхæдзарадон техникæ бирæ æртаг фæхардз кæны.

Украинæйы арæнтæм æввахс цы аэропорттæ ис, уыдон фаронæй нырмæ нæ кусынц æмæ адæм бар-æнæбары поездтæм æмæ хисæрмагонд автомашинæтæм рахызтысты.

Сæрдыгон улæфынмæ дзæвгар адæм кæй цæуы поездтыл æмæ автотранспорттыл, уый дæр йæ хайбавæрд бахаста æртаджы дефицитмæ. Уæрæсейаг æмбæстæгтæн фæсарæнтæм улæфынмæ ацæуыны фадат нал ис æмæ иууылдæр цæуынц Хъырымы æрдагсакъадахмæ, Сау денджызы былгæрæттæм, Дагъыстанмæ æмæ Алтаймæ. Уый фæстиуæгæн, иннæ азтимæ абаргæйæ, бæлццæтты нымæц бæрæг фæфылдæр, адæмласæн поездтæ фылдæр рейстæ аразынц, хисæрмагонд машинæты нымæц фæфылдæр фæндæгтыл.

Сæвзæргæ уавæр рараст кæныны тыххæй ныридæгæн Уæрæсейы хицауад хъуамæ исты мадзæлттæ райса. Иу вариант дзы у ахæм, ома, фæфылдæр кæной бынаты æртаг уæй кæныны нормативтæ. Кæд æмæ ныры онг нефты компанитæ хæсджын уыдысты, сæ рауадзгæ  æртагæн йе 13% æмæ дизелæн та йæ 9,5% Уæрæсейы уæй кæнынæн, уæд ныр дзырд цæуы 50% æмæ 33%. Ахæм къахдзæфы фæстиуæгæн нефты компанитæ бирæ фесафдзысты.

Дыккаг вариант та у, цæмæй фæсарæнтæм нефт  уæй кæныны бар алкæмæн мауал дæттой – æрмæстдæр цалдæр компанийæн, нефтæй арæзт продукттæ уадзæн заводтæ кæмæн ис, уыдонæн. Афтæмæй хицауад контроль кæндзæн фæсарæнтæм уæййаг нефты гуырахст æмæ Уæрæсейы æртаджы дефицит нал уыдзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.