3-æм апрелы уыд Закъондзинад, закъонад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл парламентон комитеты рабадт.

Рабадты уынаффæмæ рахастæуыд «23 февралы бæрæгбоны цытæн амнисти расидыны тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæйы проект, «23 февралы бæрæгбоны цытæн амнисти расидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæйæ спайда кæныны фæткы тыххæй» РХИ-йы Парламенты уынаффæйы проект æмæ «Хосгæнæн препарат «Лирика»-йы æмæ прегабалины буарад цы хосты сконды ис, уыдоны  æнæзакъонон æрласт, самал кæнын, æфснайын, цæттæ кæнын уæй сæ кæнын, æнæмедицинон æгъдауæй сæ пайда кæныны тыххæй административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Мадзалы хайад райстой æмбæлон министрадты минæвæрттæ дæр.

Профилон комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан Ирбеджы фырт куыд загъта, афтæмæй «амнистийы фарсты фæдыл профилон комитеты рабадты   уынаффæйы рæстæджы депутаттæм фарстатæ кæй сæвзæрд, уый тыххæй æмбæлон ведомствотæм арвыстам уынаффæйы проект, цæмæй йæм бахæссой сæ бафтауинæгтæ æмæ фиппаинæгтæ, фæлæ нæдæр Сæйраг тæрхондонæй, нæдæр Мидхъуыддæгты министрадæй, нæдæр Юстицийы министрадæй ницы фæндон æмæ фиппаинаг  райстæуыд». Уый фæстиуæгæн амнистийы фарст рæстæгыл æххæст не ‘рцыд.

Депутаттæм æрбавдыстой, амнистимæ чи хъуамæ бахаудаид, уыцы фондз адæймаджы номхыгъд.

Гаглойты Алан фæндон бахаста, цæмæй 23 февралы бæсты амнисти ауадзой 9-æм майы – Уæлахизы бæрæгбоны цытæн.

Рабадты рæстæджы йæ фиппаинæгтæ загъта Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, «цы фыдракæнд сарæзтой, уымæ нæ кæсгæйæ, амнистийы руаджы сæрибар чи хъуамæ æрцæуой, уыдон номхыгъды сты, ССР Цæдисы, УФ æмæ Хуссар Ирыстоны  ордентæй кæнæ майдантæй хорзæхджын чи у, уыдон, фæлæ йæм хаст не ‘рцыдысты Уацамонгæйæ хорзæхджынтæ. Проектмæ гæсгæ амнистимæ хауынц, Фыдыбæстæ хъахъхъæныны тыххæй хæстон архайдтыты хайад чи иста, уыдон. Куыд сæ хъуамæ сбæрæг кæнæм æмæ ахæм бартæ кæмæн ис?»

Фарстыл дарддæр уынаффæ цæудзæн Парламенты Президиумы радон рабадты.

 

ÆРÆХГÆНЫН ХЪÆУЫ, НАРКОТИКОН БУАРАДТÆ КÆМ ИС, УЫЦЫ ПРЕПАРАТТЫ

Дарддæр уынаффæ кодтой, Прегабалины буарад  цы хосты сконды ис, уыдоны  æнæзакъонон æрласт, самал кæнын, æвæрын, аразын, уæй сæ кæныны, æнæмедицинон æгъдауæй сæ пайда кæныны тыххæй административон æмæ уголон бæрндзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл.

Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проектыл дæр уынаффæ цыд, фæлæ ма йыл бакусын кæй хъуыд, уый тыххæй йæ арвыстой куыст банывыл кæнынмæ.

«Фæстаг рæстæджы республикæйы кæй сарæх сты хосгæнæн препарат «Габапентин» æмæ йæ аналогтæй пайда кæныны цаутæ, уый тыххæй скъуыддзаг æрцыд, цæмæй  медицинон препарат «прегабалин»-имæ иумæ закъоны проектмæ хаст æрцæуа «Габапентин» йæ аналогтимæ. Уый фæстиуæгæн бакуыстгонд æрцыд ацы законы проект.

Кæд наркотикты тыххæй республикæйы Парламент алыгъуызон закъæттæ исы, уæддæр накотиктæй пайда кæныны уавæр катайаг у.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр дæр йæ хъуыды загъта ацы проблемæйы тыххæй.

«Закъон хъæуæг у. «Лирика» медицинон препарат у, фæлæ дзы тынг бирæ æвзонг адæймæгтæ пайда кодтой, сæхи хъæстæ кодтой. Бирæтæ-иу дзы бахаудтой реанимацимæ дæр, фæлæ йæ куы æрæхгæдтой, уæд ын эффект уыд. Фæстаг рæстæджы та сарæх сты препарат «Габапентин»-æй æнæмедицинон æгъдауæй пайда кæныны цаутæ. Ацы препарат тынг хъæуы, инсульт кæмæн ис, уыцы рынчынты. Ахæм рынчынтæ республикæйы бирæ ис. Уыдонæй бирæтæ уатон рынчынтæ сты, чи та неврологион дефектимæ у. Препарат цардæн æнæмæнгхъæуæг у æмæ йæ куы æрæхгæнæм, уæд ын уæззау фæстиуджытæ уыдзæн. Куы йæ рыхгæнæм, уæд æй медицинон нысанæн снысан кæнын нæ бон нал уыдзæн, уымæн æмæ йе ‘рласын уыдзæн проблемон. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад схемæ хъуамæ саразой, цæмæй рецептмæ гæсгæ, æнæ проблемæйæ ацы препарат балхæнæн уа бæрæг аптекæйы», – банысан кодта Плиты Александр.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры фыццаг хæдивæг Цоциты Аннæ куыд загъта, афтæмæй  æрмæстдæр №1 аптекæ уæй кæны, хынцыд чи цæуы, уыцы хостæ. Уыдон сты наркотикон æмæ психотропон препараттæ. Ацы препараттæ цы хуызы уæй кæнынц, афтæ гæнæн ис  «Прегабалин» æмæ «Габапентин» дæр. Ома, сын бар уыдзæн рецептмæ гæсгæ уæй кæнын. Фæлæ æвзæры фарст: цас æмæ йын куыд ис балхæнæн. Хостæ кæмæй ласынц, уыдонæй иу дæр не сразы уыдзæн «Габапентин» рауæй кæныныл. Уымæн æмæ Уæрæсейы уыцы препарат хаст у тыхджын препаратты номхыгъдмæ æмæ йын хъæуы сæрмагонд лицензи. Фæлæ хосуæйгæнджытæй иумæ дæр нæй лицензи.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты минæвар куыд бамбарын кодта, афтæмæй «дзырд нæ цæуы ацы препарат æрæхгæныныл. Дзырд цæуы æнæмедицинонæй пайда кæнын æрæхгæныныл. Æрæхгæнын хъæуы ацы препараты æнæзаконон æрзылд. Абоны бон республикæйы закъон халгæйæ, реализаци кæнынц ацы препарат, растдæр зæгъгæйæ та, рецепт цы препаратæн хъæуы, уый уæй кæнынц æнæ рецептæй. Афтæмæй уголовон æфхæрд не ‘ййафынц, фæлæ сæ æркæнынц административон бæрндзинадмæ».

Æхсæнадæмон фæлтæрддзинадмæ гæсгæ, «Габапентин»-ы æнæ закъонæй чи реализаци кæны, уыдон ивар кæнынц, фæлæ уый фаг нæу, уыимæ иумæ ма сын хъуамæ байсиккой аптекæйон архайды тыххæй лицензи дæр.

Дыууæ закъоны проектыл дарддæр уынаффæ цæудзæн Парламенты Президиумы радон рабадты.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.