2 ноябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фарастæм сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты авд закъоны проекты, афтæ ма РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады хыгъд 2018 азы 9 мæймæ бакæнгæ куысты тыххæй.

РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь уынаффæ кæнынмæ рахаста «2018 азы 23 июлы горæт Дамаскы, РХИ-йы æмæ САР-йы æхсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Коцы фырт банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проект Парламентмæ арвыста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. «Зындгонд куыд у, афтæмæй, ацы аз майы САР банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Стæй ма, Дамаскмæ нæ Президенты официалон визиты рæстæджы дыууæ бæстæты æхсæн къухтæ фыст æрцыд бындурон бадзырдыл, кæцыйыл абон мах уынаффæ кæнæм. Æппæт хъæуæг документтæ æмбырд æрцыдысты, нæ комитет бадзырдæн радта æвæрццаг хатдзæг», – загъта комитеты сæрдар.

«2018 азы 23 июлы горæт Дамаскы, РХИ-йы æмæ САР-йы æхсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Дарддæр боны фæткмæ хаст æрцыд Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал уынаффæ кæнынмæ рахаста «Æнæзмæлгæ исадыл паддзахадон регистрацийы барты, уыимæ хъуыддæгтæ æмæ кадастрон хыгъды тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Парламентари банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъоны проектыл Комитет бакуыста Юстицийы министрадимæ. Йæ райсыны æнæмæнг-хъæуындзинад та уый мидæг ис, æмæ архайæг закъоны ис цухдзинæдтæ, кæцытæ æмбæлон не сты ныры барадон нормæтæн æмæ уымæ гæсгæ ведомствойы куыст къуылымпы кæны.

Ацы закъоны проект ист æрцыд фылдæр хъæлæстæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуынаффæйы фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Нонæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект æмæ «Æх-хæстгæнæн кондады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект æмæ «Тæрхондоны пырыстыфты тыххæй» РХИ-йы закъон.

Тедеты Нонæ банысан кодта, зæгъгæ, ранымадгонд закъæттæм цы ивындзинæдтæ хаст цæуынц, уыдон ахъаз фæуыдзысты ацы организациты куыст фæхуыздæр кæнынæн. Дыууæ закъоны проектыл дæр парламентаритæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Рабадты ма уынаффæ кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæны халыны административон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы Закъоны проектыл, кæцы бавдыста хъахъ-хъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты Сæрдар Харебаты Сергей.

«Ацы закъоны проект бæрæг кæны арæныл æнæзакъононæй ахизыны фæдыл ивартæ фæфылдæр кæнын, уымæн æмæ ивартæ чысыл кæй сты, уымæ гæсгæйæ халджытæ бæрндзинад нæ хæссынц. Фæлæ хъусдардмæ уыцы факт райсгæйæ, зæгъгæ, иуæй-иу æмбæстæгтæ зын цардуагон уавæрты уæвгæйæ, бар-æнæбары кæнæ та йæ кæй нæ зонынц, уымæ гæсгæ фехалынц паддзахадон арæн. Комитеты йыл уынаффæ кæныны рæстæджы ас-къуыддзаг кодтам ацы категорийы адæймæгтæн ивары раздæры бæрцтæ ныууадзын, фæлæ йæ фæфылдæр кодтам, барæй арæн чи халы, уы-донæн», – банысан кодта Харебайы фырт.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутат Коцты Игорь, афтæ ма РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы минæвар Алиханты Валери.

Ацы закъоны проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъон. Ацы закъоны фæдыл раныхас кодта финансты министр Хæбæлаты Азæ, кæцы депутатты базонгæ кодта бавдисгæ ивындзинæдтимæ. Уыдон, сæйраджыдæр, хауынц паддзахадон бюджеты æфтиæгты æмæ хæрдзты хаймæ. Коцты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проектыл уынаффæ кодтой профилон комитеты, уыимæ иумæ хынцыд æрцыдысты æппæт фиппаинæгтæ, кæцытæ сæв-зæрыдысты уынаффæйы рæстæджы. Уыимæ иумæ ма йын ис æппæт хъæуæг документтæ дæр.

Ацы закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

«Ахуырады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста профилон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый депутатты базонгæ кодта ивындзинæдтимæ, кæцытæн сæйраджыдæр ис техникон миниуæг.

Ацы закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Уымæй уæлдай ма, байхъуыстой, РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад цы информаци бацæттæ кодта 2018 азы 9 мæймæ бакæнгæ куысты тыххæй. Бавдыста йæ министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард.

Министрады номыл депутаттæм цы претензитæ уыдис, уыдонæн сæ фылдæр хай хаудтой, сæйраджыдæр, театры бæстыхайы арæзтадмæ, кæцы иу æмæ дыууæ хатты не ссис критикæйы æмæ уайдзæфты объект. Парламентаритæ банысан кодтой, зæгъгæ, Инвестпрограммæйы фæлгæтты те-атры арæзтад уыд иууыл хардзондæр проект. Иумæйагæй, йæ арæзтадæн хицæн æрцыд 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, арæзтады æмгъуыд хаст цыдис бирæ аххосæгтæм гæсгæ. Сæйраджыдæр, Культурæйы министрад хаста ивындзинæдтæ, кæцытæ баст уыдысты бæстыхайы реконструкциимæ, сæйраджыдæр театры интерьер нывгæнджыты, дизайнерты æмæ æндæрты хайадистæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, проект дæр ивд цыд цалдæр хатты.

«Абоны бон мах æххæст кæнæм претензион куыст подрядон организацийы фæдыл. Ацы претензион куыст йæ бынат ссардзæн тæрхондонмæ хъастыты. Фæстиуæг цахæм уыдзæн, уый нæ  зонын. Подрядон гæнæн ис æмæ иварон санкцитæм бахауа, бæстыхай рæстæгыл эксплуатацимæ хаст кæй не ‘рцыд æмæ æндæр цухдзинæдты тыххæй. Уыимæ иумæ уыдонæн дæр ис бирæ аргументтæ сæ бартæ бахъахъхъæныны фæдыл», – загъта Зæгъойы фырт.

Харебаты Сергей бацымыдис кодта, арæзтады министрадмæ ныр цæмæн фæзынд подрядонтæм претензитæ, арæзтады рæстæджы нæ, фæлæ. «Объект нын слæууыд иу миллиард æртæсæдæ милуан сомы. Университеты бæстыхай, кæцы стырдæр у уымæй, слæууыд дыууæ ахæмы цъусдæр. Дзурынц зæгъгæ, театры сценæ зынаргъ слæууыд, фæлæ сыгъзæринæй арæзт нæу», – загъта уый.

Депутаты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонæн уыд иунæг шанс, цæмæй саразой театры ног бæстыхай, кæцы лæггад кæндзæн бирæ азты дæргъы, фæлæ йæ арæзтад нæ фæцис, уымæн æмæ цухдзинæдтæ рабæрæг вæййынц регуляронæй. Харебайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй уыдоныл хъуамæ арæзтады министрад контроль кодтаид.

«Подрядон ам кæй нал ис, уымæ гæсгæ æппæт рæдыдтытæ йæ бæр-зæйыл сæвæрдзысты. Кæд тæрхондон исты аскъуыддзаг кæндзæн, уæддæр хъуыддаг ууыл фæуыдзæн», – загъта Харебайы фырт, æмæ банысан кодта, ахæм уавæр кæй сæвзæрд фонтаны арæзтады алыварс дæр.

Зæгъойты Эдуард йæ рады ахæм фæндон бахаста, цæмæй депутаттæм бавдыст æрцæуа документ бæлвырд хыгъдтимæ, æмæ загъта, зæгъгæ, æппæт бакæнгæ куыстытæн ис хыгъдон æмæ æххæстгæнæн документаци,  æмæ æруагъдæуыд театры арæзтады рæстæджы цухдзинæдтæ, уыдоны та сбæрæг кæндзысты барадхъахъ-хъæнæг органтæ.

Сæ хъуыдытæ ацы фарсты фæдыл загътой депутаттæ Мамиты Инал, Къозонты Алан, Коцты Жаннæ æмæ Тасойты Барис.

Депутат Чилæхсаты Владимр уы-наффæ кæнынмæ рахаста Дзауы поселочы бирæуæладзыгон хæдзары фарст, кæцы бахъыгдард ис зæх-хæнкъуысты рæстæджы.

«Хæдзар ис аварион уавæры рагæй фæстæмæ. Уым бирæ бинонтæ цæрынц. Бирæ куырдиæттæ фыст æрцыд экспертизæ ауадзыны тыххæй, кæцы сбæрæг кæндзæн хæдзары уавæр, дарддæр цæрынæн бæззы æви нæ, фæлæ уæддæр ацы фарст абоны онг скъуыддзаг не ‘рцыд», – загъта Чилæхсайы фырт.

Уымæй уæлдай ма, Чилæхсайы фырты ныхæстæм гæсгæ, Дзауы поселочы ныры онг æрдзон æнамонддзинæдты фæстиуджытæ иуварс не ‘рцыдысты, кæцыйы рæстæджы цæрджытæн сæ фылдæрæн бахъыгдард сты сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ.

Парламенты РХИ-йы Хицауады минæвар Кокойты Зураб банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл кусы республикæйы къухдариуæгад. РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй ацы фарстыл бакуыстæуа, уый фæстиуæгæн фидæнмæ план кæнынц Дзауы поселочы ног бирæфатерон цæрæн хæдзæртты арæзтад.

РХИ-йы Хицауады минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй уый ахъаз кæндзæн, радылæуджыты æмæ уыцы аварион хæдзары чи цæры, уыдоны цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Уымæй уæлдай ма, Гасситы Петр зæрдыл æрлæууын кодта, æрмæст абон сессийы рабадты фидар кæй æрцыдысты бюджетмæ ивындзинæдтæ, кæцытæ нын фадат ратдзысты ихуарды фæстиуджытæ аиуварс кæнын.

Рабадты рæстæджы ма депутаттæ уынаффæ кодтой æндæр актуалон фарстатыл дæр.

 

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.