Æртыццæджы уыд Парламенты фарастæм сессийы æстæм рабадт Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы сæрдариуæгадæй. Сессийы куысты хайад райста Президент Гаглойты Алан  дæр.

ХЫГЪД РАДТА ПАРЛАМЕНТЫ

Сессийы боны фæткы фарстатæй иу уыд 2022 азæн Хицауады хыгъд.

Хицауады хыгъды фарст уынаффæмæ раразмæ кодта Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Алан æмæ ныхасы бар радта Хицауады Сæрдар Джуссойты Константинæн.

Хицауады Сæрдар Президент æмæ депутаттæн радзырдта, ивгъуыд аз хицауадæн цы куыст бантыст æмæ дарддæр та цæуыл кусдзæн, уыдæтты тыххæй.

Актуалондæр фарстаты ‘хсæн иууыл ахсджиагдæрыл министрты кабинеты сæргълæууæг банымадта экономикæйы стабилизацийы хæслæвæрдтæ, инвесторты æрбакæныны тыххæй хæрзиуæгон уавæртæ саразын, цæрджытæн социалон æххуысы тыххæй механизмты рæзт.

Радзырдта, хъæууон хæдзарады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны  фадгуыты цы мадзæлттæ райстой, уыдæтты тыххæй дæр.

Сæйрагдæр хæсыл банымадта, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Казначейство цы фæткхалæнтæ сбæрæг кодта, бæлвырддæрæй та Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн баххуыс кæныны нысанæн Уæрæсейы федералон бюджетæй рахицæнгонд фæрæзтæй  рæстмæ кæй не спайда чындæуыд,  уыдон аиуварс кæнын.

«Федералон Казначействойы фиппаинæгтæй иу уыд. Уæрæсейы финансон æххуысы фæрæзтæ куыд хардз цыдысты, уымæ хъусдард кæй нæ уыд, уый. Ахæм бæрæггæнæн куыстытæ ма ауагъдæуыд 2021 азы дæр, фæлæ цухдзинæдтæ аиуварс кæныны тыххæй ницы мадзæлттæ райстæуыд», – банысан кодта докладгæнæг.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы размæцыды централон вектортæй иу у мидæггагон æмæ æддагон экономикон потенциалы райрæзын кæнын.

Йæ доклады кæрон бахахх кодта, зæгъгæ, Хицауады сæйраг приоритет уыд æмæ дарддæр дæр уыдзæн  цæрджыты фæрныг цард.

Доклады кæрон депутаттæ республикæйы цар-дархайды актуалон проблемæты тыххæй фарстытæ радтой премьер-министрмæ æмæ райстой æмбæлон дзуаппытæ.

Парламент сфидар кодта Хицауады хыгъд æмæ йæ банымадта рæстæмбисыл.

 

АБИТУРИЕНТТИМÆ АРАЗДЫСТЫ КОНТРАКТТÆ

Депутатты цымыдис кодта кадрон политикæ, сæрмагондæй та лимиттæй Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуырад чи райста, уыдон куыстæй куыд ифтонг цæуынц, уыцы фарст.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта Президент Гаглойты Алан. Уый куыд загъта, афтæмæй нысанмæздæхт ахуыры системæйы тыххæй арæзт æрцæудзæн программæ.

«Нысанмæздæхт ахуыры лимиттæ лæвæрд цæу-дзысты министрадтæ æмæ ведомствоты куырдиæттæм гæсгæ. Уыдон бæрæг кæндзысты, квотæтæм гæсгæ сæ цы кадртæ хъæуы, уый. Фыццаг рады уыдзысты, республикæйы цы специалисттæ нæ фаг кæны,  уыдон.

Уый фæстæ мах абитуриенттимæ контракттæ сараздзыстæм. Уыцы контракттæм гæсгæ уыдон хæсджын уыдзысты Райгуырæн бæстæмæ æрыздæхын æмæ сæ равзаргæ дæсныйадыл кусын.

Проблемæ уый нæу, æмæ паддзахадæн йæ бон нæу куыстæй сæ сифтонг кæнын. Проблемæ у, уыдонæн сæ фылдæры фæстæмæ æрыздæхын кæй нæ фæнды, уый, кæд закъонмæ гæсгæ, хæсджын сты, уæддæр.

Президент куыд радзырдта, афтæмæй «ацы аз аст ординаторы сæ ахуыр фесты. Медакадемимæ сæ ахуырмæ кæнынмæ арвыста республикæйы Хъахъхъæнынады министрад. Фæлæ уыдонæй Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхт, æрмæстдæр, цыппар адæймаджы, иннæты нæ республикæйы кусын нæ фæнды. Алкæмæн  дæр зындгонд у, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады кадрон дефицит кæй ис, æвзонг медиктæ та ам  кусыныл нæ разы кæнынц.  Медакадеми каст фесты æхсæз хирург æмæ дыууæ реаниматолоджы.

Æмбарынц æй, сæ ахуыр адарддæр кæнын сæ кæй хъæуы, фæлæ мах закъонмæ гæсгæ, ныридæгæн уыдонæн сæ бон кусын у æнæ ординатурæйæ дæр. Фидæны сæ арвитдзыстæм сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ.

Абитуриенттимæ цы контракттæ сарæзтæуыдзæн, уыдоны нысан æрцæудзæн ахæм пункт, кæцымæ гæсгæ студент хъуамæ равзара республикæйæн актуалон дæсныйад. Ацы здæхты куыст цæуы æмæ æххæст дæр æрцæудзæн».

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй фæсивæд республикæйы баззайой æмæ сæ цард ам аразой, уый тыххæй сын аразын хъæуы æмбæлон уа-вæртæ.

 

БРÆТТЫ ПОЛИГОН НЫРЫ ХУЫЗЫ РÆСТМÆ НÆ КУСДЗÆН

Депутаттæ Президенты бафарстой брæтты полигоны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, брæтты полигон ныртæккæ цы уавæры ис, уымæ гæсгæ æмбæлон æмвæзадыл нæ кусдзæн. «Æрæджы бынаты бабæрæг кодтам брæтты полигон. Уым ис, брæтты чи хъуамæ пресс кæна, ахæм агрегат. Фæлæ уыимæ дæр полигон тагъд байдзаг уыдзæн брæттæй. Иууыл стырдæр проблемæ та уый мидæг ис, æмæ уырдæр лас-дзысты дуртæ, æвгтæ æмæ сæ кæрæдзийæ куыд хицæнтæ кæндзысты, уый нæ зонынц», – загъта Гаглойты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл депутаттæм байхъусынмæ цæттæ у.

Фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта депутат Тъехты Алан. Ома, ахæм фæткхалынæдтæ республикæйы арæзтадты бирæ ис. Уый бацымыдис кодта, зæгъгæ, ахæм рæдыдтытæ чи æруадзы, уыдон æфхæрд кæд æййафдзысты?

«Æрæджы уыдтæн, Æмдзæрины хъæуы сывæллæтты цæхæрадоны, æмæ уым цы фæткхалынæдтæ уыд, ахæмтæ æппындæр никуы федтон. Уагдоны дыккаг уæладзыгмæ куы схызтæн, уæд æй бамбæрстон, бæстыхай æркæлын æввонг кæй у. Хатæнтæ иууылдæр ссау сты сæгæй. Аразджытæ ахæм хуызы ныууагътой бæстыхай. Ахæм фæткхалынæдтæ скуынæг кæнын хъæуы. Нæ хæс у фидæны ахæм цухдзинæдтæ ма æруадзын», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Ацы проблемæйы тыххæй депутат Санахъоты Давид Президенты бафарста, зæгъгæ, «сывæллæтты цæхæрадон чи арæзта, уый закъоны раз дзуапп ратдзæн?»

Президент куыд бамбарын кодта, афтæмæй бынаты æмбæлон адæймæгтæн бахæс кодта, цæмæй æппæт сметæйон документаци æрæмбырд кæной, сахуыр кæной хъуыддаг æмæ уый фæстæ аскъуыддзаг уыдзæн фарст уголовон хъуыддаг ыл бакæныны тыххæй.

 

ЗÆРОНД ХИДЫ АРÆЗТАДЫ ПРОБЛЕМÆ

Сессийы рæстæджы депутатты цымыдис кодта «Зæронд хиды» арæзтад дæр. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин куыд фехъусын кодта, афтæмæй хиды арæзтадон куыстытæ фæуыдзысты дыууæ азмæ.

«Проектмæ гæсгæ, хиды арæзтад дыууæ азмæ хъуамæ фæуыдаид. Куыстытæ та фарон хъуамæ райдыдтаиккой, фæлæ донивылдтыты аххосæй арæзтадон куыстытæ рæстæгыл нæ райдыдтой», – банысан кодта Елдзарты Константин.

Хиды арæзтады тыххæй Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин йæ рады загъта, зæгъгæ, «проектон-сметæйон документацийы размæ сахуыр кæнын хъуыд объекты бындур».

«Зæронд хиды арæзтады тыххæй 2019 азы цы проект сарæзтой, уымæ гæсгæ аразджытæ бацæттæ кодтой æмбæлон техникæ æмæ объектæн бындур ныккалыны тыххæй куы æрæвнæлдтой къахæн куыстытæм, уæд бынæй разынд фидар къæдзæх. Уый ныкъкъахынæн сæрмагонд техникæ хъæуы æмæ йæ ссардтой. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц йе ‘рласынмæ. Фæлæ сын таможнæйыл æмæ Транскамыл раласын стыр проблемæ у, техникæ стыр кæй у,  уый аххосæй», – загъта премьер-министр.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй геологон развæдсгæрсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, объекты бындур ахæм хъæбæр ма хъуамæ уыдаид. Развæлгъау цы техникæ самал кодтой, уый хъуамæ фæтых уыдаид бындур къахыныл, фæлæ техникæ нæ тых кодта къæдзæхыл æмæ цъæл кодта.

Елдзарты Константин та  ныфс бабæрдта, зæгъгæ, проблемæтæм æнæкæсгæйæ, 2024 азы сæрды фæудмæ хид арæзт æрцæудзæн.

«Зæронд хиды фарстатæ сахуыр кæнынмæ æмæ геологон развæдсгарæн куыстыты рæдыдтытæ чи æруагъта, уыдон хъуыддаг равзардзысты æмбæлон органтæ, аххосджынтæ та æфхæрд баййафдзысты», – бахахх кодта Президент.

 

РЕЗОНАНСОН УГОЛОВОН ХЪУЫДДАГ

Депутаттæ æнæ хъусдард нæ ныууагътой Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл  фæдысгарæн мадзæлтты тыххæй фарст дæр.

Президент куыд радзырдта, афтæмæй Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл слестгæнæн мадзæлттæ кæронмæ бахæццæ сты.

«Азымджынтæ уголовон хъуыддагимæ куы базонгæ уой, уæд æмбæлон документтæ саразыны фæстæ хъуыддаг аскъуыддзаг уыдзæн.

Лæвæрд æрцæудзæн тæрхондонмæ. Куымæридтаты Сæрмæты амарыны тыххæй зæрдæхсайгæтæ та агуырды сты».

 

ХИЦАУАДЫ АКТУАЛОН ФАРСТАТЫЛ УЫНАФФÆЙЫ ХАЙАД ИСДЗЫСТЫ ДЕПУТАТТÆ ДÆР

Йæ раныхасы кæрон бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады хыгъды рæстæджы депутаттæ цы фарстатæ лæвæрдтой, уыдон иууылдæр уыдысты конструктивон æмæ раст.

«Æргом ныхас нын рауад. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уын уæ алкæцы фарстæн дæр сдзуапп кодтон. Разæй нын бирæ куыст, бирæ проблемæтæ ис æмæ сæ аскъуыддзаг кæнынæй йæхи ничи аиуварс кæны. Конструктивон критикæмæ та кæддæриддæр цæттæ стæм», – загъта Президент æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, Хицауады актуалон фарстатыл, уыцы нымæцы рæзты программæтыл уынаффæйы хъуыддаджы Парламенты депутаттæ дæр хайад хъуамæ исой.

 

РАХÆЦЫДЫСТЫ КАХОВКАЙЫ ГЭС-ы ТЕРАКТЫ ФÆДЫЛ УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ СОВЕТЫ СИДТЫ ФАРС

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл  парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Совет стыр сагъæсимæ фехъуыста киеваг режимы фыдракæнды тыххæй информаци – Каховкæйы  гидроэлектростанцы спырх, кæцы æркодта стыр экологион катастрофæмæ.

«Днепры цæугæдоны доны æмвæзад критикон æмвæзадмæ кæй схызт, уый фæстиуæгæн бирæ цæрæн пункттæ доны бын фесты. Мингай адæймæгты сэвакуаци кодтой сæ цæрæн бынæттæй. Стыр зиан бачындæуыд Днепры дондзæуæны алыварс экосистемæйæн, Хъырымы донифтонгад дæр æмбæлон нæу, Херсоны областы территорийы хъæууонхæдзарадон быдырты (угодья) дæр  дон фæласта», – загъта Дриаты Заза.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй украинаг гарзджын баиугæндтæ Каховкæйы ГЭС-ы цы террористон акт сарæзтой, уый Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федералон Совет нымайы дунеон барады гуымир халыныл æмæ домы, цæмæй Каховкæйы ГЭС-ыл æппæт атакæтæ дæр бæлвырд æрцæуой, цы зиан æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты цардæн æмæ æнæниздзинадæн, сæ исадæн, афтæ ма регионы экологийæн, æппæт уыдæтты тыххæй бафидой компенсаци.

Дриайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Совет сиды дунейы паддзахадты парламенттæм, цæмæй принципиалон аргъ скæной киеваг режимы фыдракæндтæн æмæ сæ тыхтæ аздахой дунеон терроризмы ног акттæ мауал бауадзынмæ.

Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты Каховкæйы гидроэлектростанцы теракты фæдыл дунеон парламенттæ æмæ адæмтæм Уæрæсейы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы сидты фарс.

 

РАЙСТОЙ ЦАЛДÆР ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Дарддæр депутаттæ уынаффæ кодтой иуæй-иу закъæттæм ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проекттыл.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр депутатты рахаста «Сахъатджынты социалон хъахъхъæнынады тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй «Сахъатджынты социалон хъахъхъæнынады тыххæй» РХИ-йы закъоны  ацы хæслæвæрдтæ закъонмæ гæсгæ æвæрд сты æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты фадыджы  паддзахадон политикæ æмæ нормативон барадон æрбæстонкæнынады фæдыл æххæстгæнæн хицауиуæгады органыл, фæлæ фактон æгъдауæй, Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, 2020 азæй фæстæмæ медико-социалон экспертизæтæ аразы медико-социалон экспертизæйы уагдон.

Закъоны проекты æмхъæлæсæй райстой депутаттæ.

Депутаттæ ма хорзыл банымадтой «Æддагон развæдсгæрсты тыххæй», «Ахуырады тыххæй», «Туристон архайдты бындурты тыххæй» РХИ-йы закъæттæм ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проекттæ.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.