50 азы сæххæст, Цæгат Ирыстоны сæйраг футболон командæ – Дзæуджыхъæуы «Спартак» бæстæйы уæлдæр къорды хъазын куы райдыдта, ууыл. Уый уыд стыр цины бæрæгбон, командæйы стыр уæлахизы кой айхъуыст æппæт бæстæйыл дæр. Уыцы æнтыстмæ йе стыр хайбавæрд бахаста командæйы хистæр тренер, Советон Цæдисы спорты сгуыхт дæсны Зозыраты Андрей. Командæ бацæттæ кæныныл стыр куыст кæй бакодта, уый тыххæй ССР Цæдисы футболон федерацийы уынаффæмæ гæсгæ Зозыраты Андрейæн лæвæрд æрцыд УСФСР-йы сгуыхт тренеры ном.

Уæлахизмæ фæндаг æнцон нæ уыд. Спартаконтæ 1960 азы сæ тыхтæ фæлвæрдтой «Б» къласы командæтимæ, 1966 азы УСФСР-йы чемпионаты рамбылдтой æвзист майдантæ æмæ райстой балцæг «А» къласы дыккаг эшелонмæ. Уæд сæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ – сæ дæлкъорды бацахстой æрмæстдæр 16-æм бынат. 1968 азы «Спартак» йæ дæлкъорды уыд дыккаг, йæ разæй ауагъта æрмæстдæр Свердловскы «Уралмаш»-ы. 1969 азы тынгдæр барухс кодта Ирыстоны футболуарзджыты зæрдæтæ. Уæд командæйы централон хъахъхъæнæг, спорты дæсны Плиты Альберт газет «Комсомольская парвда»-йæн йæ интервьюйы куыд загъта, афтæмæй командæ фæстаг дыууæ азы хъазы тынг хорз, хъазджытæ æмбарынц кæрæдзи æмæ тырнынц æрмæстдæр уæлахизмæ. 1966 азы спартаконты хъазт уыд канд темпераментон нæ, фæлæ æххæст уыдысты хорз техникæйæ дæр. Командæйы хъазтыл фæзынд, тренеры куыст Зозыраты Андрей куы райдыдта, уæд. Уый футболуарзджытæн уыд хорз зындгонд, хъазыд Тбилисы «Динамо»-йы.

Æнцон нæ уыд уыцы æнтыст къухты бафтын кæнын, уæд 7 мæйы дæргъы «А» къласы дыккаг къорды 87 футболон командæйы тырныдтой уæлдæр лигæмæ бахизыны тыххæй иунæг балцæгыл. Сæ къордты фыццаг бынæттæ бацахстой цыппар тыхджындæр футболон командæйы – Днепропетровскы «Днепр», Хабаровскы СКА, Вильнюсы «Жальгирис» æмæ Дзæуджыхъæуы «Спартак». Уыдонæн горæт Симферополы уагъд æрцыд турнир æмæ æртæ хъазтæй æрæмбырд кодта цыппар очкойы æмæ бацахстой фыццаг бынат, уыимæ балцæг уæлдæр лигæмæ. Фæстаг, кæронбæттæн хъазт акодтой Вильнюсы бынæттон командæимæ æмæ йæ рамбылдтой 1:0 хыгъдæй, уæлахизы гол 52-æм минутыл бакодта Тарасян. Нæ командæ хъазыд ахæм скондæй: Б. Конфедерат, Пицкъаты И., Плиты А., Хуыдиаты Н., Коцты Т., Мырыкъаты Х., (Будагян Г.), Подлужный, Абайты Ю. (Кайшаури Г.), Н. Папелишвили, Зозыраты И., Тарасян.

Сезоны дæргъы «Спартак»-æн фидар уыд йæ хъахъхъæнынад. Зæгъæм, Хуыдиаты Ни­къа­ла уыд тынг тыхджын хъахъхъæнæг. Коцты Тимур уыд галиу фарсæрдыгæй хъахъхъæнæг, пуртиимæ йын уыд лæмбынæг ахаст. Къаддæр нæ уыд сæ хайбавæрд уæлахизмæ ныфсджын æмæ фердæхтджын футболисттæ Пицкъаты Игорь, Плиты Альберт æмæ Зæгъойты Игорæн дæр. Æппæлыны аккаг уыдысты æрдæгхъахъхъæнджытæ Гарик Будагян, Мырыкъаты Хасан, Зозыраты Игорь æмæ Дудиаты Тимур. Командæйы йæхи бынат уыд Нодар Папелишвилийæн, Уый уыд командæйы уд æмæ дзæцц. Уымæ ахæм хъару уыд æмæ йе ‘мбал футболистты ахуыдтаид уæлахизмæ. Хуыдтой йæ тренеры æцæг æххуысгæнæг. Уæлахизмæ къаддæр нæ уыд къулдуаргæс Барис Конфедераты уæзгæ хайбавæрд дæр. Уыд ныфсджын, хъæддых æмæ пурти ахсынмæ та цæрдæг.

Рацыд 50 азы, Дзæуджыхъæуы «Спартак» уæлдæр лигæйы куы хъазыд, уæдæй æмæ уый уыд Ирыстоны футболуарзджытæн стыр цины бæрæгбон. Уæды æнтыст фæлхат кæныныл архайынц, абон «Спартак»-ы сконды чи хъазы, уыцы сæрæн футболисттæ дæр, сæ нысан у тыхджындæр командæты скондмæ бахауын. Бантысæд уын, Ирыстоны футболуарзджытæ!

  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.