Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады рабадт видеобастдзинады хуызы.

Рабадты райдиан Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, 6 ноябры кæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады фыццаг министр Хуыбылты Валерийы райгуырæн бон. Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хуыбылты Валери – паддзахадон архайæг, патриот, кæцы бирæ сарæзта йæ бæстæйы хъахъхъæнынады тыххæй, у Райгуырæн бæстæйæн æмæ адæмæн лæггад кæныны цæвиттон.

«Уый адæмы зæрдæты баззайдзæн, куыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл тохгæнæг, цæмæй республикæйы адæм цæрой аккагæй. Мах хъуамæ алцыдæр аразæм, цæмæй йын йæ идейæтæ дарддæр кæнæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой æмæ сфидар кодтой цалдæр закъоны проекты.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ æрбавдыста «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц Респбликæ Хуссар Ирыстоны территорийыл COVID-19 аиуварс кæныны фæдыл мадзæллтæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

«Æхцайы фæрæзтæ æнæмæнгхъæуæг сты хосты ифтонгад фæхуыздæр кæнын, пайда кæныны æрмæджытæ, хи хъахъхъæныны фæрæзтæ, хæлцады продукттæ æмæ хосгæнæн уагдæттæн хæдзарадон ифтонгад балхæнынæн бюджетон ассигнацитæ фæбæрзонддæр кæнынæн», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæрттимæ къухтæ фыст æрцыд Уынаффæйыл COVID-19 аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ реализаци кæныны нысанæн федералон бюджеты бюджетон ассигнацитæ адих кæнын иумæйаг суммæ 49 183, 37 мин сомы.

 «Æрбавдисгæ ивындзинæдтæ, Уынаффæимæ иумæ, фадат ратдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекци COVID-19 аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ сæххæст кæнын 61, 7 милуан сомы онг», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, иумæйагæй уавæр у зын, рынчынты нымæц фылдæр кæны.

«Абоны бон рынчындæтты ис æнæмæнгхъæуæг хостæ. Уыдон республикæйы фæзындысты Хуссар Ирыстоны хæлæртты æххуысы фæрцы æмæ ноджы дæр æрвитдзысты. Уый абон фадат ратдзæн кæцыдæр рæстæг рамбулын, æмæ бюджетмæ бахæсгæ ивындзинæдтæ та  фадат ратдзысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн йæ фадæттæ фæуæрæхдæр кæнынæн. Ныфс мæ ис, депутаттæ, кæцытæ къуылымпы кæнынц Парламенты куыст, бамбардзысты уавæры вазыгджындзинад. Ныфс мæ ис, адæмы раз уыдон кæй хатынц сæ бæрндзинад, æмæ кæй рахиздзысты куыстмæ, кæй райсдзысты ивындзинæдтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты не ‘мбæстæгтæн баххуыс кæнынæн», – загъта Президент.

Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта Æнæниздзинад  хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæгæн, цæмæй бакусой, хæдзæртты цы рынчынтæ хос кæнынц, уыдонæн хостæ радтыны фарстыл.

«Кæд мах рынчындæтты пациентты сифтонг кæндзыстæм хостæй, уæд æз афтæ нымайын æмæ хъæуы фадæттæ ссарын, хæдзары чи хос кæнынц, уыцы рынчынтæн дæр. Не ‘мбæстæгтæй алкæмæн нæй уыцы хостæ балхæныны фадæттæ, уымæ гæсгæ хъæуы, хыгъдтæ саразын, хæдзары чи хос кæнынц, уыцы рынчынтæн  æмæ сбæрæг кæнын æххуыс кæй хъæуы, уыдоны», –    загъта  Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстонмæ цы хостæ цæуынц, уыдон дих æмæ хардз кæныныл карз контролы æнæмæнгхъæуындзинад.

Хицауады рабадты ма фидар æрцыд «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, 2020 азы 1 апрелы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ æххæст цæуы пенситы индексаци 6,6 проценты ацы азæй. Пенсион фонды бюджет бæрæг кодта пенсионерты нымæц 4,3 проценты фæбæрзонддæр кæнын.

Уымæ гæсгæ фæдзæхсæн пенситæ бафидынæн хъæуы 24 434 мин сомы, кæцы æмбæрзт цæуы фонды резервы æхцайы фæрæзтæй.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй пенситы индексаци хъуамæ цæуа æрвылаз дæр.

«Æз æй зонын, Пенсион фон­дæн кæй ис резервтæ, ис фадæттæ, уымæ гæсгæ уæ курæг дæн иннæ аз дæр пенситæ фæбæрзонддæр кæнын 6,6 проценты», – загъта Бибылты Анатоли.

Тотчиты Георги Хицауадмæ бавдыста «Пенситæ сфидар кæныны тыххæй документты номхыгъд».

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой бавдисгæ документ.

Президент ма уыимæ банысан кодта, уæлдай бюрократизацийы æмæ документтæ цæттæ кæныны ног фадæттæ аиуварс кæныны æмæнæгхъæуындзинад.

Хицауады рабадты æруынаффæ кодтой фермертæн баххуыс кæныны фарстыл. Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн Хицауады уынаффæйæ фыст æрцыдысты ставдкъах фосы хуызы товарон кредитты бадзырдты фæдыл хæстæ. Уыдонæн ма фыст æрцыдысты бадзырдты фæдыл пенитæ.

Бибылты Анатоли хъал­мыхъхъаг мыггаг ставдкъах фосы хуызы товарон кредиттæ радтын схуыдта авантюрон проект, кæцыйы фæстиуджытæ ныр цалдæр азы раст кæны Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад.

«Мах хъуамæ баххуыс кæнæм фермертæн, кæцытæ хаст æрцыдысты ацы авантюрæмæ, баххуыс сын кæнæм æмæ ацы фарстмæ мауал æрыздæхæм», – загъта Президент.

Хицауады Уынаффæмæ гæсгæ фидар æрцыдысты разæнгардгæнæн бафыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны санитарон-эпидемиологон уавæр сифтонг кæныны фæдыл ахсджиаг куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй Паддзахадон бюджетон уагдон «Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры» кусджытæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.