ФУТБОЛ

Уæрæсейы футболон цæдис 2020/2021 азты сезонæн лицензи радта Ирыстоны сæйраг командæ «Алани»-йæн, кæцы ныртæккæ архайы Профессионалон футболон къорды (2-аг къорд). Командæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй къамисы фиппаинæгтæ иууылдæр æххæст æрцыдысты. Уый та, зæгъ, нысан кæны, æмæ клубæн йæ бон кæй у Футболон национ къорды (1-аг къорд) хайад райсын.

Футболон национ къорды хайад цы командæтæ райсдзæн, уыдоны номхыгъд бæрæг æрцæудзæн Уæрæсейы футболон цæдисы æххæстгæнæг комитеты. 

Ныртæккæ командæ ног сезонмæ йæхи цæттæ кæны Железноводскы. Уым алайнæгтæ акодтой дыууæ контролон хъазты. Нырма уал 2:0 хыгъдæй рамбылдтой «Биолог-Новокубанск»-ы. Пуртитæ бакъуырдтой Коцты Хетæг æмæ Гуырцъыты Батраз.

Дыккаг хъазты 4:1 хыгъдæй тыхджындæр уыд Стъараполы «Дина-мо»-йы. Нырма хыгъд байгом кодта Багаты Алан. Уый фæстæ æртæ хатты расгуыхт алайнæгты размæбырсæг Артур Малоян.

13-25 июлы та Сочийы уагъд цæудзæн футболон турнир Real Estate Sochi Cup 2020. Уым хайад райсдзысты «Алани», «Чайка», «Со-чи» æмæ «Медик». 

Цалынмæ командæ йæхи цæттæ кæны, уæдмæ Дзæуджыхъæуы та райдыдта стадион «Спартак»-ы реконструкци. Аразджытæ уал æрæвнæлдтой хуссар трибунæйы демонтаж кæнынмæ. Стæй райхалдзысты цæгаттаг трибунæ. Ацы аз ма куыст цæудзæн стадионмæ зæххы бын коммуникацитæ бауадзыныл. Реконструкцийыл кусдзысты 2020-2021 азты.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хъæбысхæсты иугонд дуне (UWW) æххæстгæнæг комитеты уынаффæмæ гæсгæ 2020 азы дунейы чемпионат уагъд æрцæудзæн Белграды 12-20 декабры. 4-10 декабры та Сербийы столицæйы уагъд æрцæудзæн æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионат. Æххæстгæнæг комитеты хъуыдымæ гæсгæ иу бынаты дыууæ чемпионат ауадзын фæахъаз уыдзæн коронавирусæй фæрынчыны тæссагдзинад фæкъаддæр кæнынæн.

Кадетты ‘хсæн Европæйы чемпионат уагъд æрцæудзæн 5-11 октябры Польшæйы, æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионат – 19-25 октябры Скопьейы (Македони). 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионат та уыдзæн 23-29 ноябры Тамперы (Финлянди).

UWW æххæстгæнæг комитет бакуыста план дунейон сезон райдайæны тыххæй. Уым æххæст цæудзысты ерысты хайадисджыты æнæниздзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй критеритæ. Уыдон ивд цæудзысты уавæрмæ гæсгæ.

Дунейы чемпионат фæстæдæр рæстæгмæ кæй ахастой, уыцы хъуыддаг растыл банымадта уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

«Спорстментæ æрвылхатт дæр тонусы хъуамæ уой. Уый тыххæй та хъуамæ зоной, сæхи цы ерыстæм цæттæ кæнынц, уый. Фæлæ дунейы æнæстабилон уавæры аххосæй бæрæг нæ уыд, ацы аз иу турнир дæр уагъд æрцæудзæн æви нæ, уый.

Ныр бæстæйы æмбырдгонд командæйы уæнгтæ арф медицинон басгæрстытæ рацæудзысты июлы мæйы, стæй августы æрæмбырд уыдзыстæм спортивон базæтæй сæ иуы. Дунейы чемпионаты размæ та ауадздзыстæм Уæрæсæйы чемпионат. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ уый уыдзæн сентябры», – банысан кодта Тедеты Дзамболат.

УЫДЗÆН ТУРНИР УЫРЫССАГ ШАШКÆТÆЙ

Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн Цхинвалы 10-11 июлы уагъд æрцæудзæн республикон турнир уырыссаг тагъд шашкæтæй  сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ‘хсæн. Ерысты хайад райсдзысты республикæйы районты хуыздæр шашисттæ. Хъæзтытæ уагъд цæудзысты Цхинвалы районы администрацийы бæстыхайы. «Ацы спортивон мадзал планмæ гæсгæ уагъд хъуамæ æрцыдаид майы мæйы. Фæнд кодтам Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдты хуыздæр спортсменты фæхонын, фæлæ пандемийы аххосæй нæ фæнд сæххæст кæнын нæ къухты нæ бафтыд. Ныр турниры хайад райсдзысты республикæйы горæтты æмæ районты æмбырдгонд командæты хуыздæр хъазджытæ», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Шашкæты федерацийы президент Лолоты  Барис.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.