Уанат-Цхинвалы донуадзæнæй горæтмæ суткæйы цæудзæнис 15 мин кубометры дон. Ныртæккæ нæ горæтмæ Брытъат æмæ Дзомагъæй цы дон цæуы, уымæн йæ дебет у 8-9 мин кубометры суткæйы мидæг. Присы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны. Уыдон монтажгонд фесты мæйы размæ, йæ  алфæмблай хæрзарæзт цæуы административон уагдонæн дæр.

Куыстытæ æххæст кæны генподрядон организаци ООО «СТМ-ЮГ». Фирмæйы минæвар Гуырцъыты Эльбрус куыд зæгъы, афтмæй кæд нырма бирæ куыст ис, уæддæр сæйраг куыстытæ ныридæгæн фæуд сты: «Проекты аргъ у 400 милуан сомы. Донуадзæнæн йæ дæргъ та у 16 км. бæрц. Ныртæккæ куыст цæуы хицæн æмæ хицæн бынæтты. Проекты арæзтад йæхæдæг вазыгджын у, бирæ рæтты скъахын бахъæуы сосæ фæндаг. Траншейтæ къахт кæм æрцыдысты, уым хæтæлтæ ныппæрстам. Ацы хъуыддаджы нын хорз æххуыс кæнынц ГУП «Водоканал». Уыдон руаджы хæтæлтæ уагъд æрцыдысты ахæм бынæтты, цæмæй мацы зиан æрхæссой, цы хъæутыл рацыдысты, уыдоны цæрджытæн. Куыстытæ хъуамæ конд фæуой азы кæронмæ, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ раздæр фæуыдзысты. Фылдæр нæм кусы бынæттон кусджытæ, техникæйæ дæр æххæст стæм. Горæты мидæггагон куыстытæм æрæвналдзыстæм ацы бонты. Æмæ уæд горæты цæрджытæ доны хъуагдзинад   нал æййафдзысты», – зæгъы Гуырцъыты Эльбрус.

Уый ма загъта, зæгъгæ, горæты цæрджытæ бирæ азты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты тагъд рæстæджы кæд бафтдзæнис, уæддæр хъуамæ зоной, дон хæдзардзинæй куынæ хардз цæуа, уæд сын ацы дон дæр   кæй нæ фаг кæндзæнис. Хъыгагæн, иуæй-иу сæрмагонд хæдзæртты цæрджытæ æппын-дæр никуы сæхгæнынц сæ крæнттæ.

Гуырцъыты Эльбрус ма загъта, уалдзæджы æрбалæудимæ   горæтмæ Едысæй цы дон цыд, уымæн   йæ дебет кæй æрхауы,   Брытъат æмæ Дзомагъы дæттæ кæй размæнтынц æмæ æхгæд кæй æр-цæуынц, уый аххосæй. Ныр, дам, Цхинвал-Уанаты магистралон хæтæл арæзт куы æрцæуа, уæд цæрджытæ ахæм проблемæйыл нал æмбæлдзысты. Донуадзæн хæтæл арæзт æрцыд æппæт æнæмæнгхъæуæг фæрсудзæнтæ æмæ сыгъдæггæнæнтимæ. Донæн йæ райдиан кæм ис, уым куыстытæ ивгъуыд аз бакодтой тыхон структурæты кусджытæ. Ссардтой Советон рæстæджы ацы арæзтады цъайтæ, кæцытæ фесты сыджыты бын, цъыфдзаст бынæттæ сур æрцыдысты, цæмæй проектгæнджытæ федтаиккой, цыран хъæуы дренажтæ æмæ ног цъайтæ саразын. Красноярскæй та хуынд æрцыд геодезийы фæдыл фæлтæрд специалисттæ. Уыдон нывæзт сарæзтой донуадзæн системæйæн, бахынцыдтой æппæт дæр, цæмæй горæтмæ дон æнæкъуылымпытæй цæуа.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.