Уæрæсейы æрдзон ресурсты министрад Кавказы хъæдты фæранк апарахат кæныны фæдыл сфидар кодта сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ 2018 азы Цæгат Ирыстоны националон парчы ауагътой дыууæ фæранчы – Эльбрус æмæ Волнайы.

Нæл фæранк Эльбрус ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрбахызт Хуссар Ирыстоны терри-торимæ. Йæ хъуырыл цы сæрмагонд хъуырдарæн уыд, уый фæрцы иртасджытæ зыдтой, Эльбрус цы бынæтты цуан кодта. Уый-иу дзæвгар рæстæг æрбы-нат кодта Бурсамдзелимæ хæстæг Урс Дзуары комы. Фæлæ декабры мæйы йæ хъуырдарæн сигнал нал лæвæрдта æмæ фесæфт йæ фæд. Уымæн уыд æрмæстдæр бамбарæн афтæ: хъуырдарæн раппæрста сырд йæхæдæг, науæд та фæранк амард.

Кавказаг фæранк агурынмæ æрцыд УФ-йæ экспедици, æххуыс сын кодтой нæ лæппутæ дæр Уæлвæткон Уавæрты министрадæй. Фæлæ сæ къухты ницы зонæнтæ бафтыд, декабры мæйы Бурсамдзелимæ хæстæг бирæ мит кæй ныууарыд, уый аххосæй. Аскъуыддзаг кодтой, мит куы батайа, уæд кæй æрæвналдзысты Эльбрусы агурынмæ. Дыккаг хатт  та иртасджытæ æрцыдысты августы кæрон. Семæ ма уыдысты æмæ сын æххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты егерты къорд дæр. Фæлæ та ацы хатт дæр сæ къухы ницы зонæнтæ бафтыд. Хъуырдарæн сигнал лæвæрдта, стыр мит-зæй кæм æрцыд, уый бынæй, фæлæ ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй гæнæн ис сырд йæхæдæг раппæрстаид хъуырдарæн æмæ ныртæккæ ис æндæр ран.

Ивгъуыд аз, октябры мæйы Знауыры районы Цъорбисы хъæуы цæрæг Коцты Хох куыд фехъусын кодта, афтæмæй уый федта сырд, кæцы уыд куыдзæй стырдæр æмæ йын уыд даргъ къæдзил. Ацы цау уый фехъусын кодта Бестауты Балайæн. Суанг ма систа, дон кæм нуæзта сырд, уым цы къахвæдтæ ныууагъта, уыдоны нывтæ телефоны дæр.

Уæд Бестауты Бала фехъусын кодта, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ Эльбрус удæ-гас у. «Сырды дзæмбыйы фæд у нæлгоймаджы къухы йас. Къамтæ мах арвыстам Мæскуымæ, зынгæ зоолог æмæ ахуыргонд В.Роженовмæ. Уыдон куыд загътой, афтæмæй, æцæгдæр, фæ-зынд ныфс, ацы дзæмбыйы фæд фæранчы кæй у», – загъта Бестауты Бала.

Æмæ та мæнæ ног æвдисæн, Машхарайы хъæуы цæрæг Зæгъойты Æхсар фехъусын кодта, дыууæ хатты кæй федта  биноклæй фæранчы. Сырд лæууыд хохыл æмæ уырдыгæй фæлгæсыд. Уыцы бынат ис Леты комы цур, уый та у хæстæг, Эльбрус кæм фесæфт, уырдæм.

Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæрдар Бестауты Бала куыд загъта, афтæмæй нырма зын зæгъæн у, дыууæ хъæдгæсы дæр иу фæранчы федтой æви нæ.

Æмæ та мæнæ ног хабар – æрæджы Знауыры районы ногæй федтой фæранчы. Егер куыд зæгъы, афтæмæй сырд уыд игæргъуыз æмæ сау хъулæттæ. Дурджын бынаты кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ацы хатт йæ дзæмбыйы фæд сисын сæ къухы нæ бафтыд. Бестауты Бала куыд зæгъы, афтæмæй Эльбрус дæр уыд ахæм хъулæттæ. Уый ма зæгъы, зæгъгæ, фæранчы фендæуыд Дзауы районы Хъартайы кувæндонмæ хæстæг. Уым сырд гæпп кодта иу бæласæй иннæмæ. Чи йæ федта, уыдон æмдзыхæй зæгъынц, зæгъгæ, Эльбрус куыд хъулон у, уый дæр раст ахæм хъулон уыд.

Бестауты Бала зæгъы, зæгъгæ, фæзынд ныфс, Эльбрус кæй нæ амард, уы-мæй. Вячеслав Роженов дæр, информаци зонгæйæ, дызæрдыг нал кæны, цы фæранк фенынц егертæ, уый Эльбрус кæй у, ууыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.