2004 азы сентябры мæйы Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æвирхъау трагедийы иууыл чысылдæр амынæт, ныр 17-аздзыд Цкъаты Аленæ фæстаг дзæнгæрæгмæ фæхуыдта йæ ирвæзынгæнæг Годжыцаты Эльбрусы, кæцы йæ рахаста 1-æм скъолайæ. Уæд спецназон Эльбрус чысыл чызджы бахаста Беслæны администрацимæ. Раст сын  уыцы рæстæджы систой сæ къам дæр. Ацы кадртæ федтой æнæхъæн дунейы æмæ ссис æрцæугæ трагедийы символтæй иу. 2004 азы 1-æм сентябры сабийы цытджын линейкæмæ æрбахаста йæ мад Фатимæ, йемæ ма уыдысты йе ‘ртæаздзыд фырт Махар æмæ йæ фыццагкъласон  чызг Кристинæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, Аленæйы мад Цкъаты Фатимæйы бахъуыд йæ æхсæзмæйдзыд чызджы радтын, цæмæй йæ рахастаиккой скъолайæ æмæ мæлæтæй аирвæзтаид. Фатимæйæн йæхи æмæ йæ дыууæ сывæллоны – Кристинæ æмæ æртæаздзыд Махары террористтæ нæ рауагътой. Фатимæ æмæ Кристинæ æвирхъауæй фæмард сты, фæлæ уæдмæ мадæн йæ бон ссис Махары æмæ ма ноджы цалдæр скъоладзауы саст рудзынгæй раппарын  æмæ сæ фæстæ иронау фæхъæр кодта, зæгъгæ, «лидзгæ кæнут!». Лæппу уый фæрцы баззад сæрæгасæй. Махарыл уæд кæд æртæ азы йеддæмæ нæма цыд, уæддæр йæ зæрдыл хорз лæууынц, уыцы фыдбойнаджы спортивон залы цы цаутæ æрцыд, уыдон. Йæ мад Фатимæ æмæ йæ хо Кристинæйы æххуысмæсидæг хъæртæ йæ хъустыл уайынц абоны онг дæр. Хъуыды кæны, æхсæзмæй-дзыд Аленкæйы йæ мад кæйдæр къух-тæм кæй радта æмæ йæхæдæг семæ кæй баззад, уый. Иууыл чысылдæр амынæты – Аленæйы террористы дзыхæй фервæзын кодта Руслан Аушев æмæ йæ æддæмæ куы рахаста, уæд æй йæ фидар къухтæм райста Эльбрус, кæцы уыд цауты эпицентры, скъолайы штурм куы райдыдта, уæд. Уыцы бонæй фæстæмæ уыдон систы æввахс адæймæгтæ. Эльбрус Аленæйы Беслæны администрацимæ куы æрбахаста, уæд чидæр ссардта хъæццул æмæ дзы чызджы батыхтой. Спецназон, кæцы службæ кодта Цæгат Ирыстоны фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы тагъд фердæхты къорды, тынг маст кодта сабийы тыххæй, фæлæ уый хъуыд фæстæмæ скъоламæ æрбаздæхын æмæ иннæ амынæттæн баххуыс кæнын. Уыцы рæстæджы, ома, йæ æн-дæр адæймаджы къухтæм куы радта, уæд æхсæзмæйдзыд Аленæ, кæцы уый размæ лæууыд  сабыр,  тынг ныккуыдта, нæ йæ фæндыд, цæмæй уый ацыдаид.

Годжыцаты Эльбрусы æмбæлтты ныхæстæм, уымæн йæ бон ферох кæнын нæ уыд ацы эпизод. Æгæрыстæмæй, æхсæвыгæтты дæр хъуыды кодта, саби куыд у æмæ кæм ис, ууыл. Сабийы мад кæй амард, уый базонгæйæ, Эльбрусы фæндыд йæ бинонтæм  æй æрбакæнын æмæ йæ схъомыл кæнын. Фæлæ уыцы бон чызджы хæдзармæ рахаста йæ фыд Цкъаты Руслан. Æцæг æй уыцы тыхст рæстæджы йæ хиуæттæ ссардтой тынг зынтæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сæрæгасæй чи баззад, уыцы номхыгъды Аленæйы мыггаг ныффыстой куыд Цкъатæй афтæ нæ, фæлæ куыд Пушкина. Æмæ бахъуыд рæстæг, цæмæй йæ бинонтæ базыдтаиккой. Аленæйы фыд Русланæн къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ кæй уыд, уый тыххæй йæ йе ‘мбæлттæ иууылдæр хуыдтой Пушкин. Уымæ гæсгæ сабийæн тагъдыл радтой ахæм «мыггаг». Æндæр верси та у ахæм, зæгъгæ, чысыл Аленæйæн йæ мад тарст, куынæ йæ ссарой, уымæй æмæ йын уымæ гæсгæ ныффыссын кодта Пушкина мыггагæй, ома йæ уымæ гæсгæ æнæмæнгæйдæ ссардзысты. Æмæ афтæ дæр рауад, кæд æй уайтагъд не ссардтой, уæддæр.

Теракты фæстæ Эльбрус æмæ Аленæ фыццаг хатт фембæлдысты 2010 азы, æхсæз азы фæстæ. Уыцы аз Аленæ бацыд Беслæны 8-æм скъолайы 1-æм къласмæ. Уырдæм æм æрбацыд йæ ирвæзынгæнæг Эльбрус дæр æмæ йын раарфæ кодта.  Спецназон уæдмæ, ома, 2008 азы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстон куы æбабырста, уæд хайад райста Цхинвалы хæстон архайдтыты. Эльбрус йе ‘мбæлттæн дзырдта, зæгъгæ, «мæ тынг фæнды йæ фенын, фæлæ тæрсгæ дæр кæнын уыцы трагедийы цаутæ æрæмысын», фæлæ фембæлд ацыд хорз æмæ кæрæдзийыл фæцин кодтой.

22-æм майы Беслæны 8-æм астæуккаг скъолайы фæстаг дзæнгæрæджы ли-нейкæйы рæстæджы Эльбрус бирæ нæ дзырдта, журналисттимæ ныхас кæнын та йæ бынтондæр нæ бафæндыд æмæ сæ хатыр ракуырдта. Æмæ æрмæстдæр рауагъдонæн, кæцыйы тыххæй бацыд линейкæмæ йæ хъусы бадзырдта, зæгъгæ, «Аленкæ, дæуæн дæ царды алцыдæр уыдзæн хорз!».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.