Донуадзæн, кæцы ныртæккæ горæты цæрджыты ифтонг кæны 15 мин кубометры донæй арæзт цыд дыууæ этапæй. Донгуырæны цы егъау куыст æрцыд æмæ Присы хъæумæ хæстæг цы дыууæ егъау донæмбырдгæнæн сырæзт, уыдон арæзт æрцыдысты 2019-2020 азты, фæлæ иннæ куыстытæ та  арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг» кодта 2021 азы. «Цæмæй донуа-дзæн æппæт гуырахстæй скуыстаид, уый тыххæй горæты дæр бæрæг куыстытæ бакæнын. Зæ-ронд цъайты бахъуыд ранæй-рæтты раивын хъуыд, кæцыдæрты та ныссыгъдæг кодтам сæрмагонд техникæйы фæрцы. Ног цъайтæ æвæрд æрцыд Нæузæххонты, Революцийы, Белинскийы, Плиты Ароны, Хъайтарты, Кимы æмæ Табуты Радикы уынгтыл. Ацы куыстытæ кæнынмæ нæм хорз фæкастысты «Водоканал»-ы кусджытæ», – зæгъы ООО «СТМ-Юг»-ы сæргълæууæг Гуырцъыты Эльбрус.

Уанатмæ хæстæг цы цæрæн пункттæ ис, уыдон дæр рагæй хъаст кæнынц донифтонгады цухдзинадæй. Ныр уыцы хъæуты дæр донæй сифтонг кæндзысты. Гуырцъыты Эльбрус ма куыд зæгъы, афтæмæй сæ бирæ ницыуал хъæуы, сæйраг куыстытæ фæуд сты. «Куыстытæ дæр-иу бынаты нæ лæууынц, хицæн æмæ хицæн бынæтты хъæуы хæтæлты кæрæдзимæ баиу кæнын. Рæстæг нын лæвæрд уыд азы кæронмæ, фæлæ мах октябры фæуыдзыстæм æппæт куыстытæ дæр. Донуадзæн арæзт æрцыд æнæмæнгхъæуæг фæрсудзæнтæ æмæ сыгъдæггæнæнтимæ. Донæн йæ райдиан кæм ис, уым 2019 азы æмбæлон куыстытæ бакодтой тыхон структурæтæ. Ссардтой советон рæстæджы арæзтæрцæуæг цъайтæ, кæцытæ фесты сыджыты бын, цъыфдзаст бынæттæ сургонд æрцыдысты, цæмæй проектгæнджытæ федтаиккой, цыран хъæуы дренажтæ æмæ ног цъайтæ саразын. Хуссар Ирыстоны президенты фæндмæ гæсгæ Красноярскæй æрхуыдтой фæлтæрд геодезион специалисттæ. Уыдон нывæст сарæзтой донуадзæн системæйæн. Уый фæстæ та мах æрæвнæлдтам проект æххæст кæнынмæ. Проекты арæзтад тынг вазыгджын уыд: бирæ рæтты къахын бахъуыд сосæвæндаг, уым ныккалдтам, сæдæ азы чи бæздзæн, ахæм хæтæлтæ. Фылдæр нæм куыстой бынæттон кусджытæ, сæрмагонд техникæйæ дæр ифтонг уыдыстæм. Кæд нырма дæр куыстытæ цæуы «Уанат-Цхинвал»-ы донуадзæны, уæддæр ныридæгæн горæты цæрджытæ сæхиуыл банкъардтой доны ифтонгад, уæлдайдæр та – Фаллаг фарсы районы цæрджытæ».

Фаллаг фарсы районы цæрæг Джиоты Сурен нын куыд загъта, афтæмæй-иу уалдзæджы æрбалæудæй суанг фæззæджы онг, горæтмæ Едысæй цы дон цыд, уымæн йæ дебет æрхауд. «Хицауад нын куыд æмбарын кодтой, афтæмæй-иу сæйраг дон хæтæлмæ баиу кодтой Брытъаты æмæ Дзомагъдоны суадæттæ. Уырдыгæй-иу къæвдаты рæстæджы цы змæст дон цыд, уый йемæ ласта алыгъуызон брон. Куы та-иу бынтондæр нæ цыд къуыригæйтты. «Цхинвал-Уанат»-ы магистралон хæтæл арæзт куы æрцыд, уæд сулæфыдыстæм. Фарон дæр æмæ ацы сæрд дæр нæ районы цæрджытæ ахæм проблемæйыл нал æмбæлæм. Зæгъынц, зæгъгæ, кæронмæ арæзт нæма у донифтонгад, фæлæ махмæ дон вæййы æппынæдзух. Æцæг нæ районы цæрджытæй бирæтæ фыдаудæн кæнынц донæн, сæ цæхæрадæттæм æй сарæзтой æмæ æхсæвæй-бонæй æнæхъуаджы цæуы. Бирæтæ бауайдзæф кæнынц ахæм адæмæн, фæлæ мæнмæ гæсгæ уыдон ивар куынæ кæной фадыгон инспектортæ, уæд æрмæст уайдзæфæй нæ басæтдзысты».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.