Ивгъуыд аз Цхинвалы районы администраци цы куыстытæ бакодта хъæууон цæрджыты царды уавæрты фæхуыздæр кæныныл, уый тыххæй нын радзырдта ацы районы сæргълæууæг Бæззаты Инал.

Районы администрацийы сæргълæууæгæй нысан куы æрцыд, уæд азылд æмæ йæхи цæстæй федта, хъæуты цæрджытæ куыд цæрынц, сæ æрвылбонон царды цы зындзинæдтыл æмбæлынц æмæ сын йæ бон цæмæй бауыдзæн баххуыс кæнын.

Районы сæргълæууæг хорз æмбары, хъæууон цæрæгæн сæйраг кæй сты фæндаг, рухс æмæ дон. Уый тыххæй районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады руаджы сцалцæг кодта 34 километры фæндæгтæ æндæр æмæ æндæр хъæутæм. Цалцæггæнæн куыстытæ, сæйраджыдæр, конд æрцыдысты Сатихъар, Арцеу, Залда, Свер, Джер, Ортъеу, Уанат, Хелцуайы хъæутæм. Арцеуы цæрджытæ 20 азæй фылдæр цыдысты фæсвæд фæндаг Громы хъæуыл горæтмæ. Уый та уыд бæрæг дарддæр. Ныр сæ фæндаг фæкъаддæр, арæзт дзы æрцыд æфсæддон хид, æмæ ацы фæндагыл арцеуæгтæ цæудзысты, зымæджы æвзæр боныгъæдтæ куы уа, уæддæр. Адæм иттæг райгондæй баззадысты – сæ бæллиц сæххæст. Хъæуты доны хъуагдзинад кæм уыдис, уырдæм дæр рауагътой дон. Районы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй хъæутæм донуадзæны куыстытæ кæд æрвылаз дæр баконд æрцæуынц, уæддæр цæмæдæр гæсгæ 2-3 азмæ басур вæййынц суадæттæ. Бахъæуы хъæумæ хæстæг æндæр суадон агурын – ногæй. Районы къухдариуæгад ма ивгъуыд азы архайдта хъæуты уынгты телцæджындзтыл цырæгътæ бакæныныл. Уый та у æнæмæнгхъæуæг, цæмæй хъæутæм æхсæвыгон бирæгътæ, рувæстæ, æрсытæ сæ ныфс ма хæссой æмæ сын сæ фосæн ма зиан кæной. Бæззаты Инал куыд зæгъы, афтæмæй уый бацархайдзæн, цæмæй районы чысыл æмæ хæххон хъæуты се ‘ппæты дæр рухсытæй сифтонг кæна. Зæгъы ма, зæгъгæ, архайдзæн, хæсты азты хъæууон цæрджытæй кæй хæдзæрттæ ныппырх æмæ басыгъд, уыдоны хицæуттæй, хъæутæм фæстæмæ æрыздæхджытæн уавæртæ саразыныл. Кæд æмæ сæ искæй зæххы кæнæ фосдарды куыстытæ кæнын бафæнда, уæд сын баххуыс кæндзæн арендæты зæххытæ радтыныл. Фæстаг азты районы стырдæр хъæутæй бирæтæн сæ уавæртæ фæхуыздæр сты, лæгъз фæндæгтæ æмæ дон цы хъæуты ис, уым адæм сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кодтой, сæ хæдзæртты са-рæзтой хъарм дон æмæ сын бирæ фенцондæр. Фæстæмæ хъæумæ чи аздæхт горæтæй æмæ уым йæ фыдæлты хæдзар чи сарæзта, ис  цалдæр ахæм дæнцæг дæр.

Бæззаты Инал зæгъы, зæгъгæ, цы куыстытæ бакæнын сын бантыст, уыдон æм фаг нæ кæсынц. Ахæм уавæры сæйраг аххосаг хоны техникæйы хъуагдзинад. Техникæ у зæронд, исты хай дзы куы хæлы, уæд æм хъæуы банхъæлмæ кæсын. Зæгъæм, хъæутæм донхæры къанаутæ сыгъдæг кæныны рæстæджы фехæлд сæ трактор æмæ йын цалынмæ Уæрæсейæ йæ хай æлхæдтой, уæдмæ дзæвгар рæстæг рацыдис.

Ныртæккæ районы  цалдæр зæхкусæгон фермерон хæдзарадтæй бирæтæн ис хорз фæстиуджытæ. Сæйраджыдæр, Цхинвалы районы цæрджыты æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукттæ уæййаг ис бынæттон базары фыдызгъæлы продукттæй дæр, фылдæр уыдон ифтонг кæнынц нæ горæты цæрджыты. Æцæг, фæстаг цалдæр азы  Цхинвалы районы дæр апарахат хуыты низ. Фæлæ фосы æнæниздзинадмæ æмбæлон хъусдард аздæхтой ветеринарон цæстдарды службæ. Цæмæй дарддæр дæр ма парахат кæна низ, уый тыххæй ветеринарон дохтыртæ ауагътой хосгæнæн-ветеринарон мадзæлттæ. Раззаг азты фос цы хъæуты цагъды кодта африкæйаг емынæйæ, уым нал бауагътой хуытæ скæнын, зымæджы размæ та дзы сарæзтой дезинфекци.

Районы къухдариуæг ма загъта, цæмæй хъæутæм хæстæг цæугæдæтты брон калд ма цæуа, уый тыххæй къуыри дыууæ хатты уыдонмæ сæрмагон машинæтæ кæй цæуы. Бæззаты Иналы размæ районы сæргълæууæгæй чи куыста, уымæн бантыст, сæрдыгон æнтæф бонты адæм æдæрсгæйæ сæхи кæм ирхæфстой, доны былтыл, уыцы бынæттæ ныссыгъдæг кæнын. Бæззайы фырт куыд загъта, афтæмæй уый дæр адарддæр кæндзæнис уыцы куыст.

Районы криминогенон уавæрыл дзургæйæ та загъта, уæлæнгай хабæрттæй дарддæр сæм кæй нæй криминал.

Цæрджыты тынгдæр тыхсын кæны цæрæнуатон фарста. Ивгъуыд азты кæмæндæрты хæдзæрттæ арæзт кæй æрцыд, уыдон бирæтæ нымайынц æнæзакъонон. Уымæн æмæ, дам, фыццаграды кæмæ æмбæлдысты, ома, тыхст адæм, уыдон фæстейæ баззадысты. Фæлæ районы сæргълæууæг зæгъы, кæд æмæ уыцы программæ адарддæр уа, уæд лæмбынæг кæй æркæсдзæн ацы фарстмæ.

2023 азыл дзургæйæ Бæззаты Инал ныфсджынæй загъта, кæй адарддæр кæндзæнис хъæутæм фæндагон æмæ донуадзæн куыстытæ.

Нæ уацх.