2018 азы 27 июлы Ирыстоны хъæд-тæм уагъд æрцыдысты раззаг Азиаг фыранктæ «Эльбрус» æмæ «Волна». Уыцы программæйыл зонадон-иртасæн æгъдауæй куыстой Уæрæсейы æрдззоныны академи æмæ эволюцийы проблемæты институт. Уыдонæй уæлдай ма йыл ахадгæ куыст кодтой Сочæйы национ парк дæр. Финансон æххуыс та сын кодта Цæгат Ирыстоны компани «РусГидро». «Фыранк ногæй Кавказы æрцæрыны» программæмæ гæсгæ фыранкты, сæрмагондæй, Цæгат Ирыстоны территорийыл кæй ауагътой, уый æнæхъуаджы нæ уыд. Фыранкæн ирон адæмы гербыл ис йæ ныв. Уый та нысан кæны, сæрмагондæй, ацы сырдæн кæй табу кодтой нæ фыдæлтæ. Уый фердæхтдзинад æмæ тыхæн стыр нысаниуæг  лæвæрдтой.

Ахуыргæндтæ куыд амонынц, афтæмæй ивгъуыд æнусы æмбисы онг раззаг Азиаг фыранктæ арæх уыд Кавказы æрдзы, фæлæ 1950-æм азты броконерты аххосæй æрцыдысты куынæг. «Фыранк ногæй Кавказы хъæдты æрцæрыны» программæмæ гæсгæ 2016 азы Кавказы биосферон фæдзæхстон бынатмæ уагъд æрцыдысты æртæ раззаг Азиаг фыранкы. Фæлæ уыдон уадиссаг цæттæ нæ уыдысты ног æрдзон уавæртæм æмæ сын ахуыргæндтæ сæ фæд фесæфтой. Æцæг уыдонæй иуæн 2017 азы йæ фæд фендæуыд Зæрæмæджы ГЭС-мæ хæстæг.

«Эльбрус» æмæ «Волна» сты уыцы хъæддаг цæрæгойтæ, кæцыты Сочæйы национ паркы ахуыргæндтæ сæ мадыгуыбынмæ райдыдтой цæттæ кæнын æрдзы цæрынмæ. Уый фыццаг ахæм фæлтæрддзинад у дунейы. Адæймагыл ма æмбæлой æмæ йыл ма ахуыр кæной, уый тыххæй максималонæй иппæрд уыдысты æмæ цардысты, æрдзы уавæртæм хæстæг чи у, ахæм атмосферæйы.

2018 азы 27-æм июлы сæ ауагътой националон парк «Алани»-йы. Цæмæй сæ уавæрмæ хъус дарой, уый тыххæй сырдты хъуыртыл æвæрд æрцыд спутникон хъуырдарæнтæ, уырдыгæй цы сигналтæ лæвæрд цæуы, уый та фадат дæтты ахуыргæндтæн, сырд цы уавæ-ры ис, цы бынæтты цуан кæны, уый зонынæн.

Райдианы хъæддаг цæрæгойтæ дыууæ дæр сæхи активонæй дардтой. Сабыргай ахуыр кодтой бынатыл. Схызтысты Цæгат Иры хæхты бæрзæндтæм, цæмæй, сырдон инстинкт куыд домы, афтæмæй фæлгæсой æмæ ахуыр кæной алфæмблай, æрдзон бынæттыл. Ахуыргæндтæ куыд зæ-гъынц, афтæмæй фыранк «Волна» йæхи активондæрæй æвдыста æрдзы. Уый æнтыстджындæрæй цуан кодта. Ноябры мæйы кæрон «Эльбрус» ныу-уагъта Цæгат Ирыстоны хъæдтæ æмæ рахызт Хуссар Ирыстоны территоримæ.

Уый фæдыл, ивгъуыд азы кæрон нæ газеты фæрстыл фехъусын кодта Экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала. «Фыранкæй спутникон сигнал райстæуыд Хъеуселты бæрзæндæй. Уырдыгæй сырд йæ фæндаг акодта Халацайы хохмæ. Уый фæстæ та «Эльбрус» схызт Зикарайы хохмæ. Бабæрæг кодта Дзомагъы ком дæр, цыран баззад суткæйы бæрц. Бурсамдзелийæ бахызт кувæндон Урс дзуармæ æмæ ам, хъыгагæн, фесæфт спутникон сигнал», – загъта уый.

«Эльбрус»-ы хъысмæт нæ республикæйы цæрджытæй бирæты цымыдис кæны æмæ та мах дæр, ног информаци райсыны тыххæй бахатыдыстæм Экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитетмæ. Уым зæгъынц, зæгъгæ, спутникон сигнал цæуы, æрмæстдæр, иу бынатæй. Уый та дзурæг у, сырд иуран кæй лæууы. Уæрæсейы æрдззоныны фæдыл професор Вячеслав Рожков ацы хъуыддаг æмбарын кæны дыууæ хуызы: нæл фыранк амард, кæнæ йæ хъуырдарæн раппæрста. Фæлæ ахуыргонд йæ зæрдæ иууыл тынгдæр дары, сырд йæ хъуырдарæн кæй раппæрстаид, уыцы вариантыл. Спутникы сигнал-иу бынатæй исыны рæстæджы хæхтыл бирæ мит кæй нæ уыд, уый чысыл ныфс дæтты, сырд æххормагæй кæй нæ амардаид. Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ Экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитет кæд архайынц   хъуырдарæн кæм ис, уыцы бынат бабæрæг кæнын, уæддæр зæйæрцыдæй тас кæй у, уымæ гæсгæ уый сæ къухы нæма æфты.

Бестауты Бала дæр ныфс дæтты «Эльбрус», æнцонтæй кæй нæ бабын уыдзæн. Уымæн æмæ фыранктæ æрдзы нымад цæуынц фæразон æмæ хъæддых цæрæгойтыл. Райдианы «Эльбрус» систематикон æгъдауæй, цуан кодта сырдтыл. Вæййы афтæ дæр,  æмæ сырд кæм фæцуан кæны, уым хатт баззайы къуыри дæр.

Сыл фыранк «Волна» нырма дæр ис Цæгат Ирыстоны æвæрд хъæды, уый цуан кæны æмæ йæхи хаты иттæг хорз. Ахуыргæндты ныфс ис, къайады афон куы райдайа марты мæйы, уæд нæл æмæ сыл сырды кæрæдзи кæй агурдзысты æмæ уæд бæлвырддæрæй кæй рабæрæг уыдзæнис «Эльбрус»-ы хъысмæт. Мах та нæ хъус дардзыстæм ацы историмæ æмæ уын сæ хъысмæты тыххæй фехъусын кæндзыстæм нæ газеты фæрстыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.