Диссагыл, куыд æмбæлы, афтæ бадис кæнын кæдæй нырмæ нал зонæм, уый нæ хъуыды дæр ничиуал кæны… Æмæ цыфæнды диссаг ныддиссаг кæнгæйæ нæхæдæг дисæнхæссинагдæр фæвæййæм! Ома, цæуыл фæдис кæнæм, уый нал вæййы диссаг, фæлæ йыл куыд æмæ цы хуызы фæдис кæнæм, уый…

Куыннæ у диссагæн дзуринаг Цънелисы хъæуы æрцæугæ диссаг, уæдæ ма лæг цæуыл бадис кæна?.. Фæлæ уымæй диссагдæр та, кæрæдзимæ æнгом балæууыны бæсты, ноджы кæрæдзийы хъуынхъис хæрынмæ кæй бавнæлдтам, уый у. Уый бæрц зондамонæг политиктæ æмæ уайдзæфгæнæг патриоттæй бирæтæ енырмæ кæм уыдысты, уый дæр æнæрцæугæ диссагæн хæссинаг у… Гуырдзы сæ пост кæм сæвæрдтой, уый мах территори кæй у, ууыл дызæрдыг ничи кæны, фæлæ абон йæ риу хойгæ Хуыцауы цæсты æхсидæвтæ чи тъыссы, уыдон енырмæ кæм уыдысты? Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр чи уыд, уый абоны къухдариуæгады куыд хъуамæ аххосджын кæна ацы æнæхайыры посты тыххæй – йæхæдæг уал азы дæргъы афтæ цæмæннæ искуы загъта, мæнæ ацы ран нæ территори куы у, уæд дзæгъæл цæмæн у, уым цæмæннæ лæууынц нæ арæнхъахъхъæнджытæ?..

Ныр иууылдæр патриоттæ фестадыстæм!

Иууыл ахсджиагдæр паддзахадон фарстатæ скъуыддзаг кæныны бартæ кæмæн уыд, барвæтк хъахъхъæнын кæмæ хауд, тæрхондонон системæ кæй къухы уыд, уыдæттæй сæхи хъуыддæгтæ ферох сты, уыдон ныр абон ралæууыдысты æмæ лæгтæй хъазынц, кæрæдзиуыл нæ ардауынц. Абон цæуыл дзурæм, уыцы хъуыддаджы махæй алчи дæр у аххосджын, чи фылдæр, чи – къаддæр. Фæлæ абон уыдæттæ æвзарыны рæстæг нæу, уый нæ сæфтмæ æркæндзæн, æндæр ницы ахъаз у ацы æндыгъд уавæрæй фервæзынæн. Хи æвдисыны охыл искæуыл цъыф бакалын та уæлдай худинаг у. Быценты Индирæ фейсбукы æгъатырæй ныххуырста, ныббарæн кæмæн нæй, ахæм æнæсæрфат азым: депутаттæ Гæбæраты Юри, Уанеты Æхсар… (æрнымадта æнæхъæн номхыгъд) схъæлæс кодтой Тедейы фырты доклады ныхмæ… Хуыцауы хай никæмæн уал ис, æви ныл бынтон рахæтыд уыцы Хуыцау?.. Куыд ис афтæ гæнæн, цы нæ зонай, уымæй искæй азымджын кæнай, тугтæ йыл мысай! Уымæй дæр, адæм кæй равзæрстой, уыцы депутатон корпусы…

Хъуыддаг сæрысуангæй куыд уыди?

Æхсæзæм æрсидты Парламент сарæзта сæрмагонд депутатон къамис нæ арæнты фарст равзарыны тыххæй. Сæрдарæй йын сæвзæрстам Тедеты Русланы. Къамис бакодта тынг ахсджиаг æмæ бæстон куыст. Æрæмбырд кодтой бирæ, ахъуыды кæнæн дæр кæуыл нал уыд, ахæм рагон архивон æрмæджытæ, картæтæ. Къамис кæй сбæлвырд кодта, уыцы факттæм гæсгæ арæнтæ æвæрыны рæстæджы нæ территорийы хуыздæр хæйттæ баззадысты Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс. Доклад рауад тынг гуыррахстджын. Йæ райсыны хъуыддаг цæмæн ныддаргъ, уый тыххæй фæрсын кæй хъæуы, уый Быценты чызг йæхæдæг равзарæд. Кæй ранымадта, уыцы депутаттæ цæй «ныхмæ» схъæлæс кодтой, уый та нæ зоны, афтæмæй адæмыл тугтæ мысы… Ацы хъуыддаг уыд бынтон æндæргъуызон: иу радон сессийы рæстæджы сæрдариуæггæнæг боны фæткимæ депутатты куы базонгæ кодта æмæ куы бафарста, искæмæ ма исты фиппаинæгтæ ис, зæгъгæ, уæд Тедеты Руслан фæндон бахаста, цæмæй йын йæ доклад райсыны фарст дæр боны фæткмæ бахæссæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, хорзау нал фестæм.

Æмбарын æй кæнæм: доклад æнæхъæн романы бæрц у, куыд æй хъуамæ бахæссæм ацы сессийы боны фæткмæ цалдæр вазыгджын фарстаимæ иумæ, кæд æмæ йæхæдæг сæрмагондæй æрдзурыны аккаг у, йæ райсынæн сæрмагонд сесси хъæуы снысан кæнын, талф-тулфæй исгæ нæу. Сæрмагонд сесси домдтам æрмæст уый тыххæй нæ, доклад егъау кæй у, гуырахстджын – мах домдтам, цæмæй уыцы сæрмагонд сессимæ фæхонæм компетентон органты сæргълæуджыты, чидæриддæр нæ паддзахадон арæнты фарстмæ бар дары, уыдоны æмæ сæ æрфæрсæм, цæмæн афтæ æрцыд, кæй ахоссæй, цы нысæнттæн, æппæт уыдæттæй…

Нæ, уæддæр, дам, æй бахæссæм боны фæткмæ, æмæ фæцис!..

 Æмæ йæ бахастой… Фарст æвæрд æрцыд хъæлæсмæ. Æмæ мах схъæлæс кодтам йæ ныхмæ. Ома, схъæлæс кодтам доклады ныхмæ нæ, фæлæ йæ ахæм уæлæнгай хуызы райсæм, уый ныхмæ.

Ныр куыд рауад? Гуырдзыйы цы хъæуы, уый, гуырдзыйы къух цыдæриддæр аразы, уымæй сæ ифтонг кæнæм. Къутæры бын дæр – не знæгтæ йæ ма фехъусойы тыххæй – зæгъæн цæмæн нæй, уыцы зæгъинæгты дæр не знæгты раз тæбæгъы æрæвæрæм. Цæмæн? Кæмæйдæр мастисыны охыл, кæйдæр фелхыскъ кæныны тыххæй. Æмæ иу кæмæндæр смаст кæнын æнæхъæн фыдыбæстæн куы ‘рхæсса маст, уæд та? Стæй ис рæстдзинад, ис факттæ æмæ кæмæн ис уыдон сæрты хизыны бар?

 Августы хæсты тæккæ хæдфæстæ нæ райдыдтам арæнтыл арæнхъахъхъæнæн посттæ æвæрын? Æмæ уæд цæуыл хъуыды кодтой, чи сæ æвæрдта æмæ æвæрын кодта, уыдон? Нæ йæ зыдтой, уыцы бынæтты сом не знæгтæ сæхæдæг кæй æрбаддзысты æмæ дзы иугæр куы ‘рбадой, уæд сын æнæ   тугкалд арвитæн кæй нал уыдзæн?..

Кæй бауырндзæн æмæ йæ нæ зыдтой, не ‘мбæрстой…

Уый дæр зонынц, бынсæфт æмæ нæ бындзагъдæй чи бахызта, уыдон нын финансон фæрæзтæ дæр кæй æрæрвыстой. Алцæй тыххæй дæр, алцæй æмæ алкæй фаг дæр. Арæнтæ æрбæстон кæнынæн дæр æмæ ноджы бирæ хъуыддæгтæн дæр… Фæлæ уæд ничи ницы дзырдта… Ныр абон алчи дæр райхъал æмæ тымбыл къухæй æвзиды республикæйы абоны разамынадмæ. Годжыцаты Нелли та, мæнæ цыма рудзынгæй сæ сыхæгты чысыл лæппумæ хъæр кæны, уыйау фейсбукы Президентмæ уыцы дæрзæгæй балæвæрдта, адæмы, дам, цæмæннæ æрвитыс… Нелли, адæмы æрвитын куы хъæуа, уæд сæ арвитдзæн, сæхицæн сæргълæууæгæй кæй равзæрстой, уый. Стæй адæмы номæй, зæгъæм, мæ номæй нæ хъæуы дзурын. Мæн нæ фæнды, цæмæй мæ туг ме стæджы знæгтæ зæгъой: федтат, ирæттæ, цалдæр гæлхæрд пъæлицæйаджы иу къуыппыл кæй схъил кодтам, уый тыххæй дæр лидзыны къахыл ныллæуыдыстут… Фыццаг хатт нæ алыгъдысты чидæртæ, кæй фæнды, уымæн фæндæгтæ гом сты, фæлæ адæмы, нацийы дæлдзиныг кæныны бар никæмæн ис…

Диссаджы адæм стæм! Азым кæм ис, уым æй нæ агурæм, нæ дæр, кæд нын вæййы агуринаг, уый базонæм. Дыууынæм азы нæ туджы зæйты бын чи фæкодта, уыдонæн уæддæр нæ чызджыты лæвæрдтам, сæ чызджыты сын куырдтам. Æмæ дзы цы рауад? Цал æмæ цал бинонтæ сæнамонд сты, ногæй та ныл туджы зæйтæ куы рауагътой, уæд… Уæддæр та – афтæ! Æмæ кæуынц æмæ тъизынц, алывыд калынц къухдариуæгадыл: кæмæн йæ чызг, кæмæн йæ хо баззад цæргæйæ сæ сыгъдыйы калачы æмæ сын сæ бабæрæг кæнын, уырдæм цæуыны фадат кæй нæй, уый тыххæй.

Фæйнæрдыгæй уайдзæфтæ хъуысы, Хахеты дæр кæй цæттæ кæнынц ахæм цыдæр… Æмæ, дам, нæхи постæй сæдæ метры дæлдæр, зæххæнкъуысты рæстæджы, дам, адæм зæххы бын кæм фесты, уыцы бынаты… Æмæ кæд уыцы сæдæ метры дæлдæр мах территоримæ хауы, уæд дзы сæрысуангæй нæхи пост цæмæннæ æрцыд æвæрд, цæуыл хъуыды кодтой абоны риухойæг патриоттæ?..

Уæддæр æмæ уæддæр – уæд та сæ дам-думтæ, сæ азымтæ иронау куы фыссиккой… Цæмæй ныл ма худой не знæгтæ, афтæ ма хъуыды кæной, фыртæсæй зыр-зыр кæнæм, цæмæй сæхицæн ныфсытæ ма æвæрой, ома, адон кæрæдзийы хурхы сæртæ бахсынынмæ дæр цæттæ сты æмæ сæ æнæхæстæй сисдзыстæм…

Уый бæрц политиктæ æмæ нæм стратегтæ ис, уый æнхъæл чи уыдаид, ацы æнæхайыры интернеты фæзынды онг. Йæ цæхæрадоны кæмæн цы зайы, уый дæр чи нæ зоны, уыдон историктæй, политологтæй æмæ географтæй агæпп ластой. Цавæр у, цы ‘рцыд, æппын нæ йæ хæдзары дæр никæмæн ницыуал куыст ис?..

Тæрсгæ æрмæстдæр æдылы нæ кæны… Мæлæты тас кæмæ нæй, амæлынæй чи нæ тæрсы, уый рынчын у, уымæн хос кæнын хъæуы. Йæ сывæллæттыл, йæ фыдыбæстæйыл чи нæ тыхсы æмæ риссы, уымæн та зæрдæ нæй. Фæлæ уанцон диссаг нæу, цавæр гуыз-гуыз æмæ хъæррахст у, уымæй дæр, æндæр адæмтæ дæр кæй æмбарынц, уыцы æвзагыл.

Сусæг зарæг хъæрæй ничи кæны, уасаг гæды та мыст нæ ахсы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.