Сӕумӕрайсом мӕ фӕндаг акодтон, Цхинвалы районы Къостайыхъӕуӕн ныгуылӕнӕрдыгӕй цы фермӕ ис, уырдӕм. Уæззау куыстытæ æрцыдысты механизацигонд. Хъыгагӕн, хӕдзарад уыцы фосӕй аззад афтид, стӕй дзы ахӕм хӕрзвадат уавӕртӕй мур дӕр ницыуал ис. Ныр дзы ӕрбынат кодта ӕмӕ дзы сӕ фысвос зымӕгон бонты дарынц ацы хъӕуы цӕрджытӕ, ӕфсымӕртӕ Хуыбиаты Гамлет ӕмӕ Альберт. Ацы ӕвзонг адӕймӕгтӕн фосдарды куыст фыдӕлтӕй баззад, бинонты хистӕртӕн сӕ царды ӕфтиӕгтӕ фылдӕр уыдонӕй рантысгӕ уыдысты. Фыдӕлты фарн та дӕлӕмӕ нӕ хъӕуы уадзын, хъуамӕ йыл фидар хӕцай. Уӕд адӕймаг никуы фӕкӕлдзӕн ӕмӕ царды хӕрзиуджытӕй ӕнӕ хай никуы зайдзӕн.

Хъӕуы чи бахъомыл ӕмӕ дзы йӕ царды бонтӕ чи ӕрвиты, уымӕн амонын нӕ хъӕуы йӕ ӕрвылбонон фыдӕбӕттӕ. Сӕумӕрайсомӕй суанг изӕрдалынгтӕм дын ӕрӕнцой нӕй, цыма дӕм рады фӕлӕууынц, уыйау дӕм иу куыст иннӕйы фӕдыл фенхъӕлмӕ кӕсы. Уыдæттæ хорз зонын фæхъæуы, кӕннод дӕ къухты ӕнтыст нӕ бафтдзӕн. Уыдӕттӕ зонынц, ӕфсымӕртӕ дæр. Ныртӕккӕ сӕм фыстӕ нымадӕуы 300, сты уӕрыччытӕ та сты у 200 бæрц ӕмӕ сӕгътӕ та -20.

Скъӕты дуар бакӕнгӕйӕ, куыддӕр фыстӕ ауыдтой сӕ хицауы, афтӕ бауасыдысты, уымӕн ӕмӕ хизӕнуатмӕ сӕ зӕрдӕ ахсайдта. Уалдзӕджы ӕрбалӕудимӕ кӕрдӕг йӕ сӕр сдардта ӕмӕ цъалайы фӕхстӕ дыууӕрдыгӕй дӕр цъӕх-цъӕхид адардтой. Ахӕм рӕстӕджы та фос мидӕг нал фӕлӕууы. Фӕлӕ сын уӕддӕр райсом ӕмӕ изӕр холлаг ӕвӕрын хъӕуы. Уыдӕттӕ та куыннӕ зонынц фӕлтӕрд ӕмӕ куыстуарзаг фосмӕзилджытӕ ӕмӕ сӕ ацы хъарм бонты дӕр, цалынмӕ сæ сӕрвӕтмӕ нӕ аскъæрынц, уӕдмӕ сӕм фӕкӕсынц холлагӕй. Уымӕй дарддӕр ма ноггуырд уӕрыччытӕм хъӕуы уӕлдай фылдӕр хъусдард здахын, хатт фӕцух вӕййынц ӕхсырӕй ӕмӕ уӕд уый мӕгуырауӕрдӕм бандавы сæ рӕзтыл. Уый ӕмрӕстӕджы хицауы хъусдарды бын ис фосы ӕнӕниздзинад дæр. Уыдӕттӕ хынцынц Хуыбиаты ӕфсымӕртӕ дӕр ӕмӕ тырнынц ноджы фылдӕр ӕнтыстытӕ къухты бафтын кӕнынмӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.