О, бирæгъæн йæ ном йæ уæлæ ис, фæлæ адæймаг куы сбирæгъ уа, уæд дзы уымæн æмбал нал вæййы, бирæгъæй фыддæр фæвæййы. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн уыдыстæм æмæ ма абон дæр стæм, куыд дунейы бæстæты магазинты, афтæ нæхи Цхинвалы магазинты дæр цы цаутæ цыд æмæ цæуы, уыдонмæ кæсгæйæ. Австралийы магазинтæй сæ иуы æртæ адæймаджы кæрæдзи фæнадтой туалетон гæххæтты тыххæй.

Цымæ нын фаг нæ уыдысты нæ царды алыгъуызон фыдбылызтæ, ацы æнæхайыры коронавирус ма та бынтон æнæнхъæлæджы кæцæй фæзынд?.. Æнæуый дæр ацы уæззау æмæ трагикон цаутæй йемыдзаг рæстæджы цард  знæт æмæ æгъатырдæр куы кæны, уæд ма нæ «æххæст амондæн» ацы вирус хъуыд…

Хуыздæр уавæр нæ уыд нæхи магазинты дæр. Адæм лæбурдтой æмæ стыр партитæй хастой, æгæрыстæмæй сæ цы продукттæ æмæ товартæ нæ хъуыдысты, уыдон дæр. Нæ горæты магазинтæй иуы уæйгæнæг йæ зонгæйæн æфтауцдоны æрæвæрдта иу голлаг сæкæр, фæлæ уырдæм бабырста æмæ йæ тыхæй байста иу нæлгоймаг. Æвæццæгæн, афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, æххормагдзинад райдыдта æмæ ма æз аирвæзон æмæ инннæтæ цыфæнды дæр кæнæнт. Цæрæн массивы магазинты сæ иуы дæр адæм лæбурдтой макаронтæм, гречкамæ, сæкæрмæ æмæ æндæр продукттæм. Æгæрыстæмæй сын сæ пайда кæныны æмгъуыдмæ дæр нал кастысты, афтæмæй. Фæстæдæр куыд рабæрæг,  уымæ гæсгæ магазины кусджытæн сæ цинæн кæрон дæр нал уыд, сæ зæронд продукттæй кæй фервæзтысты, уый тыххæй. Алчидæр ма хъуыды кодта æрмæстдæр йæхиуыл. Магазинты тæрхджытæ афтæ сафтид кодтой æмæ дзы мыст йæ къæдзил ницæуыл асæрфтаид. Иу ацæргæ нæлгоймаг йæ лæдзæджы æнцой магазинмæ бацыд, æрмæстдæр дзул балхæнынмæ æмæ ма тыххæй раирвæзт иуæй-иу æдзæсгом æмæ зыд сылгоймæгты ‘хсæнæй. Кассæмæ рады лæугæйæ,  нæлгоймаджы чидæр  йæ разæй афтæ ахаста, æмæ йæ лæдзæг ахаудта.  Афтæ уыд 2008 азы тугуарæн хæсты фæстæ дæр. Иуæй-иу æдзæсгом адæймæгтæ афтæ тынг «фæтугдзых» сты, æмæ ницæмæйуал æфсæстысты,  ницæуылуал æлгъ кодтой, хастой æмæ хастой сæ хæдзæрттæм, куыд хæлцадон продукттæ, афтæ æндæр товартæ дæр. Бирæтæ дзы уый-бæрц продукттæ æрбахастой, æмæ сын уый фæс-тæ калинаг фесты.  

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ дыууæ къуырийы размæ  бирæтæ нал æфсæстысты хъæдурæй дæр. Фыццаг лауызгæнæнтæ  нæ са-рæзтой нæ горæты иуæй-иу цæрджытæ, магазинты хъæдур ссарæн кæй нал уыд, уымæ гæсгæ.

Абон дæр Хъоцыйы фырты уынджы кæрон цы магазин ис, уырдæм бацæугæйæ, уæд иуæй-иуты кæрæфдзинадмæ кæсгæйæ, адæймаг стыхсы. Ау, цас хъуамæ бахæрай? Æцæг бирæгътæ фестадыстæм æви æцæгæй бæстысæфт æрцыд? Ацæргæ адæм куыд дзурынц, афтæмæй ахæм зыд æвнæлд нæ кодтой, æгæрыстæмæй, Стыр Фыды-бæстæйон  хæсты азты æххормаг рæстæджы дæр. Адæм кæрæдзийæ аргъуц кодтой. Советон Цæдисы рæстæджы адæм кæрæдзийæ куыд æфсæрмы кодтой, кæрæдзийыл куыд аудыдтой, абон афтæ кæй нал у, ууыл зæрдæ уæлдай рыст кæны.

Ныртæккæйы уæззау рæстæджы хъуамæ ба-лæууæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ нæхи бахизæм ацы æнæхайыры æмæ фыдбойнаджы коронавирусæй. Сæйраг адæймаджы æнæниздинад у. Æндæра ссад, сæкæр, макаронтæ, гречка æмæ æндæр продукттæ уыдзæн фагæй фылдæр. Æмбисонд афтæ куы у, иу æхсæры аппæй, дам, авд æф-сымæры фæцардысты… Нæ горæты дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадимы ныхæс-тæм гæсгæ ссады фæсауæрц ис дыууæ мæйæ фылдæры фаг, стæй, дам, сæкæры егъау контакттæ дæр хъуамæ саразæм æмæ, дам, уæд сæкæры аргъ бæрæг фæасламдæр уыдзæн. Абоны уæззау дуджы адæймагæн иууыл ахсджиагдæр хъуамæ уа йе ‘нæниздзинад, ирон æгъдау, зæрдæхæлардзинад, кæрæдзийæ аргъуц кæнын, кæрæдзийæн кад кæнын. Афтæ куы уа, уæд та ныл низ дæр нæ фæтых уыдзæн. Сæххæст кæнæм нæхи Къостайы фæдзæхст: Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.