Ацы хатт дӕр та мӕ зӕрдӕ дардтон, Къостайыхъӕуы иу хӕдзарады фермерон куыстӕй хорз фӕстиуджытӕ кӕй фехъусдзынӕн ӕмӕ нӕ фӕрӕдыдтӕн. Ӕдзух адӕймагӕн йӕ куыстмӕ йӕ зӕрдӕ куы ӕхсайа, бонӕй бон хуыздӕр фӕстиуджытӕ къухты бафтын кӕнынмӕ куы тырна, уӕд ахӕм хӕдзарад ӕдзухдӕр раззагдӕрты рӕнхъы уыдзӕн ӕнӕмӕнг. Уый у Хъабанты Хъазбеджы хӕдзарад, кӕд нырма афтӕ бирӕ нӕ уӕвынад кӕны, уӕддӕр йӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ слӕууыд раззагдӕрты рӕнхъы ӕмӕ ӕдзухдӕр тырны фылдӕр ӕнтыстытӕм. Хӕдзарадӕн ахӕм фӕстиуджытӕ кӕй вӕййы, уый, фыццаджыдӕр у бинонты иузӕрдион ӕмӕ хъаруджын архайды фӕстиуӕгӕн.

Хуры цӕст ма чысыл зынд, афтӕ бахӕццӕ дӕн хӕдзарады цурмӕ. Фысты дзуг йӕ ных скодта кӕртмӕ. Ӕнӕхъӕн бон сӕ сойджын сӕрвӕты хызта Хъазбеджы фырттӕй сӕ иу ӕмӕ ныр ӕфсӕстӕй хъуамӕ сӕ бынатыл сӕмбӕлой. Ныртӕккӕ сӕ нымӕц хӕццӕ кӕны 100, уыцы нымӕцы дзы ис куыд фыстӕ, афтӕ сӕгътӕ дӕр. Фосы иу хайӕ уӕй дӕр акӕны, иннӕтӕ та дарынӕн ныууадзы. Стуртӕ та йæм ис 7. Хуыдарды куыст бирӕ хъару домы, ӕдзух сӕм зилын хъӕуы, фӕлӕ уыдӕттӕ мурмӕ дӕр нӕ дарынц Хъабанты бинонтӕ ӕмӕ ацы къабазы дӕр цӕуынц раззагдӕрты рӕнхъы. Хӕдзарады сӕргълӕууӕг куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ йӕм дзӕргъытӕ ӕдӕппӕт ис 6, фӕлӕ йӕм уыдон фаг нӕ кӕсынц ӕмӕ йӕ зӕрды ис ӕввахс рӕс-тӕджы сын сæ нымӕц фарастмӕ схизын кӕнын. Не сты холлагцух, сӕрдыгон хорз боныгъӕдты фылдӕр вӕййынц, цы уӕрӕх бынат сын арӕзт ӕрцыд, уым. Амӕйразмӕ хъыбылтӕй ауӕй кодта 20. Йӕ дзӕргъыты нымӕц куы фӕфылдӕр уа, уӕд уый цасдӕрбӕрцӕй ӕххӕст кӕндзӕн æлхæнджыты домӕнтӕ.

ДЫРГЪДОН ӔМӔ СӔНДОНЫ КУЫСТ

Зӕгъын хъӕуы, Хъабанты бинонты хӕдзарад бирӕкъабазджын кæй у ӕмӕ уыдон ны-мӕцмӕ бахаудта хисӕрмагонд зӕххы фадыджы сӕнӕфсир ӕмӕ дыргъдоны куыст дӕр. Бакӕс ын йӕ сӕнӕфсиры цупӕлттӕм ӕмӕ фырзадӕй зӕхмӕ сӕхи ӕривӕзтой. Фӕткъуыйы талатӕ ӕрӕджы ныссагъта, фӕлӕ ныри-дӕгӕн сты зад ӕмӕ бинонтӕ, уӕлдайдӕр та сывӕллӕтты зӕрдӕ ӕлхӕндзысты хӕрзад ӕмӕ сырхварс фӕткъуытӕй. Нӕу цух зӕххы фадыг цӕхӕрадоны халсӕрттӕй дӕр, пъамидоры зӕнгтӕ хӕрдмӕ фӕцыдысты, уӕдӕ тыллӕгӕрзадӕй дӕр цух нӕ уыдзысты. 0, 40 га зӕххы фадыджы ма тыллӕг ратдзысты нартхор, хурмӕзилаг ӕмӕ ӕндӕр культурӕтӕ.

ӔФСИРОН КУЛЬТУРӔТӔ

  Суанг ивгъуыд аз фӕззӕгӕй фӕстӕмӕ бинонтӕн сӕ сӕйраг куыстытӕй иу уыд ӕфсирон культурӕтӕ байтауын ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг тыллӕг ӕрзайын кӕнын. Уыцы куыстытӕм бавнӕлдтой зӕрдиагӕй ӕмӕ фӕззыгӕнд мӕнӕу байтыдтой 9 га, 31 га та – хъӕбӕрхор. Зылдцух нӕ фесты, сӕххӕст дзы кодтой агротехникӕйы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты хъӕздыг тыллӕгмӕ. Фӕлӕ, хъыгагӕн, амӕйразмӕ тыллӕгӕрзадӕн тынг разиан кодта ихуард ӕмӕ ма сӕ райстой ницӕйаг тыллӕг. «Агросервис»-ы Уелиты хайады комбайнер  фӕззыгӕнд мӕнӕуӕй ӕркарста ӕмӕ банай кодта 1,5 тоннӕйы ӕмӕ хъӕбӕрхорӕй та – 5 т. Холладжы тыхтӕттӕй ауӕй кодта 300, ноджы ма ӕндӕртӕм фӕхӕццӕ кӕндзӕн 200, ныууадздзӕн дзы йӕхи фосӕн дӕр.

                                        ХӔДЗАРАДЫ НОГДЗИНӔДТӔ

Хӕдзарад йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ тынг тыхст доны хъуагдзинадӕй ӕмӕ ӕдзухдӕр пайда кодтой ласгӕ донӕй. Уавӕр ӕрбӕстон кӕныны тыххӕй Хъазбег ӕххуысагур бахатыд Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы хистӕр Хуыгаты Владимирмӕ ӕмӕ йæ уый ӕвӕстиатӕй сифтонг кодта зæххкъахӕн техникӕйæ. Ацы хъуыддаджы ӕмбӕлон куыст бакодта Хуыбецты Зауыр ӕмӕ 20 метры ӕрфӕнӕй парахатӕй цӕуын райдыдта нуазыны уазал дон. Кӕд ацы куыст сӕххӕст кӕныныл бахардз кодта 50 мин сомы, уӕддӕр райгондӕй баззад ацы куыстуаты разамонӕгӕй, йӕ фарсмӕ кӕй балӕууыд ӕмӕ йын йӕ домӕн ӕвӕрццагӕй кӕй сæххæст кодта, уый тыххӕй. Иннӕ ногдзинад ӕмӕ ӕхсызгондзинад та бинонтӕ банкъардтой, ног хӕдзар аразынмӕ кӕй бавнӕлдтой, уымæй. Уымӕн йӕ иумиаг фӕзуат у 700 квадратон метрӕй фылдӕр.

   Ахӕм сты Хъабанты бинонты хӕдзарады куысты фӕстиуджытӕ. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы ӕнтыстытыл не ‘рлӕудзысты ӕмӕ ӕнтыстджындӕр кӕй уыдзӕн сӕ фӕллойадон архайд, уый дызӕрдыггаг нӕу.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.