МЫСЫН КЪОСТАЙЫ…

Куыд зæронддæр кæнын, афтæ арæхдæр мысын Къостайы… Уый диссаг уаид, иунæг æз куы уаин ахæм зæронд ирон лæг, уæд. Фæлæ мæ хуызæттæ бирæ кæй ис Ирыстоны, уый мæ фидарæй уырны. Уымæн æмæ, нæ хъæуы зæронд адæмæй чиныг кæсын чи нæ зыдта, уыдонæй иу дæр нæ уыд ахæм, Къостайы кой-иу чи нæ ракодта ныхасы, æмбырды кæнæ куысты уæлхъус.

Мысын Къостайы… Мысын æй, кæд æй никуы федтон, никуы ныхас кодтон йемæ, уæддæр. Мæ зæрдыл дзы цы дарын, уыдон та сты йæ фæндыры зæлтæ, йæ фарны кой адæмы ‘хсæн. Уымæй уæлдай йын ницы зонын… Уæдæ ма йæ цæмæн мысын?..

Бирæ зæрдиаг æмгæрттæ мын уыд мæ сабийы бонты дæр, ме ‘взонджы азты дæр, стæй, мæ куыс-ты иууыл тарфдæр афонтæ куы ралæууыдысты, уæд дæр. Мысын уыцы хæлæртты. Уæлдайдæр та, ирон адæмы фидæныл æмæ ирон æвзагыл сагъæстæ, фæндаггоны къæбæртау, кæимæ дих кодтон, уыцы хæрзæджыты: Гафезы, Грисы, Дзугаты Георгийы, Нартыхты Михалы, Бестауты Гиуæргийы, Дзуццаты Хадзы-Мураты, Дзесты Куыдзæджы, Ардасенты Хадзыбатыры, Цæрукъаты Алыксандры, Дзаболаты Хазбийы… Бирæ сты уыцы мысинаг лæппутæ!.. Ныр мæнæй се ‘ппæт дæр кæстæр сты, лæппутæ сæ уымæн хонын…

Мысын сæ, мæ зæрдæмæ стæм хатт хуры рухс куы бакæсы, уæд дæр æмæ мæ тыхсты бонты дæр. Фæлæ, цы йæ ‘мбæхсон, се ‘ппæтæй арæхдæр мæ зæрдыл æрæфты, мæнæ мæ зæры бонты, Къостайы кой, йæ ном, йæ дзырд. «Иу бон кæндзыстут мæ дзырд», – æнхъæлдта йæхæдæг, мах та йæ æрвылбон мысæм…

Нæ зонын, цæмæн афтæ у. Чи зоны, уымæн, æмæ йын уартæ, скъоладзау куы нæма уыдтæн, уæдæй фæстæмæ кæй хъуыстон йæ адджын ном, йæ ныхасы æрд-хæрæйнаг аив. Чи зоны, уымæн, æмæ мæм чиныджы йæ нывæй йæ цæсты рухс кæй каст æмæ кæй уыдтон йæ зæбул рихитæ, йæ ирон дарæсы аивтæ…

Цыппар азы мыл куы цыди, уæд фыццаг хатт фехъуыстон Къостайы ныхас чиныгæй. Чиныг касти мæ фыдыфсымæры лæппу Аким, мæнæй хистæр уыд æмæ дыккæгæм къласы ахуыр кодта. Къоста сабитæн цы ‘мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон каст скъоладзау лæппу. Æз æм хъуыстон æмæ мæ зæрдæйыл, мады узæлдау, тыхстысты, рохгæнæн сын нал уыд…

Ныр уæдæй цыппарыссæдз азы бæрц рацыд, фæлæ мæм абон дæр хъуысы Акимы хъæлæс, Фыдыбæстæйон хæсты уартæ горæт Винницæйы сæрыл тохты чи бамыр æнусмæ, уый, æмæ мын нымайы Къостаиы ныхæстæ, куы – æнкъард, куы та, сæрдыгон райсомау – хурæвдылд…

Афтæ рауад мæ цардвæндаджы ныв, æмæ Къостайы ныхасæй никуыуал фæхицæн дæн скъоладзауæй дæр, салдатæй дæр, стæй, цардаразæн зиуы дæллаг галæй кусыныл куы бафтыдтæн, уæд дæр. Къостайыл сагъæсты, йæ аивад æмæ хъысмæтыл цин æмæ хъыг кæнгæйæ, æрвыстон мæ царды иууыл мысинагдæр бонтæ. Уыцы сагъæстæ дзургæ дæр бирæ хæттыты ракодтон. Зæрдиагæй дзырдтон, мæ цин æмæ мæ хъыджы сæр цы уыди, уый дæр. Гъе, фæлæ, нæ зонын, искæй зæрдæмæ дзы исты фæцыди æви нæ, фæлæ мæн фæндыд Къостайы бамбарын, йæ зонды æгæрон хæтæнтыл фæзилын, йæ ныхасы аив зæрдæйæ бавзарын, сусæны бон фæлмæн уддзæфы ныдзæвдау.

Уыдис ма мæ зæрдæйы рæбын ноджы иу фæндиаг: Къостайыл сагъæстæй хъуамæ ратæдза иу рæстаг æмæ фæрныг хъуыддаг, не ‘ппæты дæр зæрдиагæй архайын кæуыл хъæуы, ахæм. Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр Къостайы ба-зона æмæ бауарза нырмæйæ хуыз-дæр æмæ фылдæр!..

Ахæм фæндиаг хъуамæ тæлфа алы ирон лæджы хъуыдыйы дæр. Уæд хуыздæрæй хуыздæр кæндзæн нæ адæмæй алы удгоймаг дæр. Уæд фылдæрæй фылдæр кæндзæн нæ адæмæн йæ кад, йæ цæрæнбон, йæ удыхъæд æмæ йæ зонд та – аивдæр æмæ тыхджын-дæр!..

Мæ зæры бонты мæ зæрдыл арæхдæр лæууын райдыдтой Белинскийы ныхæстæ Пушкины тыххæй: «Нæ ахуыр лæгтæй Пушкины уацмыстæ кæмæ не сты, уый нæдæр интеллигент у, нæдæр уырыссаг адæймаг!» («Всякий образованный русский должен иметь у себя всего Пушкина: иначе он и не образованный, и не русский…». См. В. Г. Белинский. ПСС. Т.2, М., 1953, с. 384). Гъе, æмæ ацы ныхæстæ æз та афтæ ранымаин иронау: «Нæ адæ­мæй Къостайы чи нæ уарзы, йæ аивад æмæ хъуыдыиы Дуне йын лæмбынæг басгарын, банкъарын æмæ базоныныл йæ уд чи нæ хъары, йæ фадат æй цас амоны, уыйас, уый нæдæр интеллигент у æмæ нæдæр ирон адæймаг!..».

Афтæ мæм кæсы, ирон адæм цас хуыздæр зоной æмæ фылдæр уарзой Къостайы, уыйас аивдæр æмæ æнусондæр уыдзысты сæ уды фарн æмæ сæ национ фидæн. Гъе, уымæн мæ фæнды, нæ аивады абоны зиууонтæ иумæ алы ирон адæймаджы зæрдæмæ дæр куы ныдздзуриккой Къостайы ном, йæ хъуыдыйы æмæ аивады бæрзонд æмæ æнустæм мысинаг мидис. Куы йæм æй ныдздзуриккой, фарны ныстуанау, æрвон рæстдзинадау, Уастырджийы зарæгау!..

Мысын Къостайы…

Мысыдтæн æй мæ сагъæсты, мæ куысты уæлхъус дæр, мæ цин æмæ мæ хъыджы бонты дæр…

Мысдзынæн æй, цалынмæ мыл, йæхи загъдау, «хæхты дыдзы хур» нæ аныгуыла, уæдмæ.

                                                                       ДЖУСОЙТЫ Н. Г.,

                                                                                   15.10.2008 аз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.