Фосы ӕнӕниздзинад фылдӕрбӕрцӕй баст у ӕмбӕлон ветеринарон службӕйы кусджытыл. Уыдон ӕмбӕлон ӕмӕ аудгӕ ахасты фӕстиуӕгӕн вӕййынц хӕрзхаст ӕмӕ се ркӕнгӕ продукци дӕр вӕййы зӕрдӕйы фӕндиаг. Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл даргӕйӕ Цхинвалы районы ветеринартæ (сӕйраг дохтыр Дудайты Ефим) ӕппӕт амӕлттӕй дӕр архайынц, цӕмӕй цӕрджыты фос уой ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕххӕст кӕной ӕмбӕстӕгты ӕрвылбонон домӕнтӕ. Уымӕ гӕсгӕ районы ветеринарон кусджытӕн иу кӕнӕ иннӕ бакӕнгӕ куыст сӕххӕст кӕнынӕн ис план ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕнынц сӕ архайд.

Сӕйраг дохтыр Дудайты Ефим куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ районы йӕ кусджыты нымӕц у 19 адӕймаджы, уымӕй дарддӕр ма сӕм ӕрбаиу кодтой, горӕты фосы куыстимӕ баст чи сты, ахӕмтӕ – дыууӕ базары, дзидзайы комбинат ӕмӕ дзидзауӕйгӕнӕн тӕппытӕ ӕмӕ уыдонимӕ ӕдӕппӕт сты 27 ку-сӕджы. Дарддӕр ӕрдзырдта, хицӕн низтӕн цахӕм ӕгъдауӕй хос кӕнынц, уыдоныл дӕр. Бруцеллез хӕцы стуртыл ӕмӕ афӕдзы дӕргъы 1500 стурӕй хъуамӕ сисой туг низ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй. Абоны онг уал сбӕрӕг кодтой 744 стуры, уыцы нымӕцы дыууӕ фермерон хӕдзарады, стӕй Дменис, Залда, Сатихъар, Гром, Хелцуа, Арцеуы хъӕуты, стӕй та ахиздзысты иннӕ хъӕутӕм дӕр. Зӕрдӕйӕн ӕхсызгон у, уымыты фос ацы низӕй хызт кӕй сты. Ӕнӕуый та дзы стур куы фӕрынчын вӕййы, уӕд род нал дӕтты. Уымӕй уӕлдай ма ацы бонты ӕрӕвнӕлдтой фаднизы ныхмӕ судзинтӕ аразынмӕ дӕр ӕмӕ уал ахӕм куыст кӕнынц Арцеу, Гром, стӕй рахиздзысты Дменис, Стырком, Джерыком, Тъбет ӕмӕ иннӕ хъӕутӕм. Иууыл иумӕ вакцинаци хъуамӕ скӕной 1700 стурӕн. Фаднизы ныхмӕ вакцинаци аразын хъӕуы афӕдз дыууӕ хатты. Ацы низӕй стур куы фӕрынчын вӕййы, уӕд фӕриссынц йӕ къӕхтӕ, йӕ сӕфтæджытӕ ахауынц, фехӕ-лынц йе ‘взаг ӕмӕ комыкъултӕ ӕмӕ йӕ нал вӕййы хӕрӕн. Судзин ын рӕстӕгыл куы сарӕзтӕуа, уӕд нал фӕрынчын вӕййы. Ставд фос ма рынчын кӕны рӕуджытӕй дӕр, уыдон ын хъыгдард куы уой, уӕд низ ахизы, йе хсыр ӕмӕ фыдызгъӕлӕй чи спайда кӕна, уыцы адӕймагмӕ дӕр. Низ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй судзин арӕзт куы ӕрцӕуа йæ хъуырыл, уӕд 48 сахаты фӕстӕ уым барӕм сӕрмагонд приборӕй. Кӕд рӕсыд уа 3 мм фылдӕр, уӕд стур у рынчын ӕмӕ йын ӕвӕстиатӕй хъӕуы хос кӕнын ӕртӕ амалӕй. Уымӕй дарддӕр ма йын йӕ бынат дӕр хъӕудзӕн сдезинфекци кӕнын, цӕмӕй иннӕ стуртӕ хызт уой низӕй. Стурты тӕссаг низтӕй у емкар, рынчын стурӕн арӕсийынц йӕ уон, агъд ӕмӕ иу суткӕйы фӕстӕ амӕлы. Абоны онг уал емкар низ ма фӕзыныны тыххӕй судзин арӕзт ӕрцыд 1300 стурӕй фылдӕрӕн, ӕдӕппӕт та сӕ нымӕц хӕццӕ кӕны 1500. Саси низы тыххӕй дӕр районы ветперсонал кӕны ахадӕн куыст. Тынг тӕссаг у куыйты ӕрра низ дӕр адӕймаджы цардӕн ӕмӕ ууыл дӕр архайынц, судзинтӕ уал сарӕзтой Бихъар ӕмӕ Громы хъӕуты, ныр та ӕрӕвнӕлдтой ӕндӕр бынӕтты. Адӕймаг ӕрдзы хъӕбысмӕ ӕнӕ бафтгӕ нӕ вӕййы, уым арвиты йӕ сӕрибар рӕстӕг дӕр фылдӕр хатт. Фӕлӕ тынг тӕссаг у ӕрра сырдтӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕдбынӕтты ӕвӕрд ӕрцыд хос, йӕ дозӕ та у 1500 сырды фаг.

Дудайы фырт банысан кодта, цалдӕр низы ныхмӕ ӕмбӕстӕгты фосы ӕнӕниздзинадӕн ӕнӕаргъӕй кӕй хос кӕнынц, иннӕ низты тыххӕй та хос хъуамӕ балхӕна фосы хицау ӕмӕ сын ӕй аразгӕ та скӕндзӕн ветфельдшер.

  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.