Иу кӕнӕ иннӕ бӕстӕ хъӕздыг цӕмӕй вӕййы? Фыццаджыдӕр, йӕ зӕхх, йӕ климат ӕмӕ йӕ ӕрдзӕй. Уыдон ӕмбӕлон уавӕры куы вӕййынц, уӕд цӕрынӕн ӕмӕ фӕллой кӕнынӕн æндæр цы хъæуы.

Ирыстоны цы кӕмттӕ ӕмӕ хӕхтӕ ис, уыдонӕй иуӕй дӕр адӕймаг нӕ зӕгъдзӕн, нӕ бӕззы цӕрынмӕ.

    Ирыстоны ӕрдз иу хатт чи фены, уымӕн цӕрӕнбонтӕм баззайы йӕ хъуыдыйы ӕмӕ йӕ мысинӕгты. Уӕвгӕ, Ирыстоны зӕххыл ис ахӕм кӕмттӕ, кӕцыты бирӕ ирон адӕймаг никуы уыд, нӕ сӕ федта, уый хыгъд, фехъуыста, куыд диссаджы ӕрдзы сконд ис уыцы кӕмтты.

Брытъат. Бирӕтӕ фехъуыстой ацы хъӕуы ном, фӕлӕ алчи нӕ зоны, кӕм ис ӕмӕ цӕмӕй зӕрдылбадаринаг у. Брытъаты хъӕу ӕрбынат кодта Дзауы районы Рукъӕй дыууадӕс километры куы бацӕуай, уӕд, бӕрзонд хӕхбӕстыл. Брытъатмӕ фӕцӕйцӕугӕйӕ, адӕймаг афтӕ фенхъӕлы, цыма фестад цавӕрдӕр аргъӕутты дунейы. Ацы диссаджы ӕрдзы сконд йӕхимӕ ӕлвасы адӕймаджы, раст цыма нывгӕнӕджы ахорӕнтӕй нывгонд у: алы кӕрдӕг, алы бӕлас, алы дур дӕр сӕхирдыгонау рӕсугъд кӕнынц Брытъаты хъӕу.

 Канд сӕрдыгон рӕстӕг нӕ, фӕлӕ зымӕджы дӕр аив у ацы хъӕуӕн йе`рдзы сконд. Бӕрзонд урс хӕхтӕ фӕлгӕсынц алырдӕм, ӕнусон цъититӕ лӕууынц сӕрбӕрзондӕй, иннӕ ахӕм, бӕрзонд бынӕттӕй сӕхи уырдыгмӕ фехсынц ӕхсӕрдзӕнтӕ. Ӕмӕ чи фӕнымайдзӕн, Брытъаты хъӕуы цы рӕсугъд бацӕуӕнтӕ ӕмӕ фӕзилӕнтӕ ис, ӕппӕт  уыдон.

Брытъат дих кӕны цыппар хъӕуыл: Фӕзы Брытъат, Хусуртӕ, Сау мӕсыг ӕмӕ Джыбылтӕ. Ацы цыппар хъӕуы цард иунӕг иу мыггаг – Слантӕ, ӕрмӕст Фӕзы Брытъаты уыд Дзукъаты мыггагӕй иу хӕдзар. Сланты мыггагӕн ӕрвадӕлтӕ сты Хуыгатӕ, ацы мыггагӕй дӕр цард Брытъаты ӕмӕ сын сӕ цӕрӕн бынат хуыдтой Хуыгаты цӕрӕнуӕт-тӕ, фӕлӕ зӕхх кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй Хуыгатӕ ралыгъдысты Къуыдаргоммӕ ӕмӕ ӕрцардысты Къуайсайы, абон дӕр цӕрынц уым.

Уӕды рӕстӕджы ӕнгом ӕмӕ хъӕрмудӕй цардысты Брытъаты хъӕуы адӕм. Зӕх-хы куыстгӕнгӕйӕ, кусӕг адӕм тыдтой картоф, хъӕбӕрхор, сысджы, алыхуызон халсӕрттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алцы байтауынӕн Брытъаты зӕхх фадат нӕ лӕвӕрдта, хӕхбӕстӕ кӕй уыд, уый тыххӕй. Зӕххыкуыстӕй дарддӕр, ацы хъӕуы адӕм кодтой фосдарды куыст, уыдис сӕм куыд лыстӕгкъах, афтӕ ставдкъах фос дӕр. Сындзы фӕз – афтӕ хуыдтой, фос кӕм хызтой, уыцы бынат. Лыстӕгкъах фос-иу зымӕджы фыййӕуттӕ хызтой Хъызлары. Уымӕй уӕлдай Брытъаты уыд колхозтӕ, совхозтӕ ӕмӕ хъӕуы адӕм уым дӕр фыдӕбон кодтой.

Уыдис ма дзы Зӕнгты адаг, ам цыд хъарм дон ӕмӕ-иу дзы хъӕуы цӕрджытӕ сӕ дзаумӕттӕ ӕхсадтой. Дон хӕдзӕрттӕм хӕстӕг кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй йӕ дӕрддзӕфӕй хастой къӕрӕмисӕй.

Сылгоймӕгтӕ кодтой къуымбилы куыст, нымӕттӕ ӕууӕрстой ӕмӕ сӕ кодтой  алыхуызон дзаумӕттӕ.

Цъериты бӕсты ам амадтой мӕкъуылтӕ. Раздӕры рӕстӕджы, ӕвӕццӕгӕн, стӕм мыггаг разындаид, мыггаджы мӕсыг кӕмӕн нӕ уыдаид. Брытъаты дӕр уыдис мыггаджы мӕсгуытӕ.

Ацы хъӕуты уыд райдиан ахуыры скъолатӕ, уырдӕм цыдысты ацы хъӕуты сабитӕ. Уыди дзы библиотекӕ, фельдшерон пункт. Уымӕй дарддӕр, алкӕцы хъӕуӕн дӕр уыдис йӕхи куырой ӕмӕ дзы хъӕуы цӕрджытӕ ӕхсызгонӕй пайда кодтой. Брытъаты хъӕу зындгонд у йӕ бирӕ уазал суадӕттӕй ӕмӕ суӕрттӕй. Уазӕгуарзон хӕдзары ӕфсинтӕ-иу тагъдӕн, ӕнхъизӕны бӕсты хыссӕ ракодтой суарӕй, æмæ-иу хыссӕ уайтагъд анхъызт. Уымӕй уӕлдай ацы суӕрттӕ уыдысты алы низтӕн хосгӕнӕн. Суӕрттӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕм уыдысты ӕввахс, уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ, зӕгъӕм, уазӕг фынджы фарсмӕ бадгӕйӕ, фӕсыкъадзӕф, уӕд-иу уыцы суӕрттӕй куы анызта, æмæ-иу ӕрӕрвонг.

Брытъат цард йӕхи хъӕууон цардӕй. Йӕ адӕм фыдӕбон кодтой, арӕзтой сӕ сомбоны цард, кӕд зындзинӕдтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр ӕууӕндыдысты хуыздӕр фидӕныл. Се `рвылбонон царды пайда кодтой галтӕ ӕмӕ бӕхтӕй. Куыд алы ирон кувӕг адӕймаг, афтӕ Брытъаты хъӕуы цӕрджытӕ дӕр куывтой Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕдтӕм. Уыдис сын сӕхи кувӕндӕттӕ, уыдоны бынмӕ-иу, хъӕуы алы хӕдзар дӕр, ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цыдис йӕ бинонтӕ, йӕ хиуӕтты фӕдзӕхсынмӕ, куыд, зӕгъӕм,Чъырын дзуар, Реком, Тыппыгъуы, Бӕрзонд  дзуар.

Брытъаты ис зӕппӕдзтӕ дӕр. Ацы зӕппӕдзтӕй иуы ӕвӕрд ис зынгӕ кадӕггӕнӕг Сланты Гахайы мӕрдон буар.

Сланты мыггаг кӕд чысыл сты, уӕддӕр Брытъаты комӕй ацы мыггагӕй рацыд бирӕ зындгонд адӕм, уыдон зынгӕ фӕд ныууагътой ӕмӕ уадзынц ирон адӕмы историйы алы фадгуыты. Зынгӕ инӕлар Сланты Лентъо хорзӕхджын уыд Ленины орденӕй, Кутузовы дыккаг къӕпхӕны орденӕй, Суворовы фыццаг къӕпхӕны орденӕй, Сырх Стъалыйы орденӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хорзӕхтӕй. Зынгӕ кафӕг Сланты Ботаз, Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмон артист Сланты Къоста, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Сланты Витали, хӕрзӕвзонг курдиатджын лӕппу, диссаджы хъӕлӕсы хицау, ӕвзонг курдиатты ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурс «Синяя птица»-йы хайадисӕг Сланты Тимур ӕмӕ ноджы бирӕ ӕндӕртӕ. Хъыгагӕн, Ирыстонӕн бирӕ хӕрзты чи бацыд, уыдонӕй абон бирӕтӕ удӕгас нал сты, фӕлӕ сӕ ном ӕмӕ сӕ кад цӕрынц ирон адӕмы ‘хсӕн, иннӕтӕ та сӕ курдиат ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕгон архайдӕй ном кӕнынц Ирыстонӕн.

Хӕхбӕсты цард зынвадат кодта ӕмӕ Брытъаты цӕрджытӕ иугай лидзын райдыдтой сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ. Хъӕу федзӕрӕг, ӕрмӕст фыццагау, ӕнӕаивгӕ баззадысты йӕ ӕрдз, йӕ дӕттӕ ӕмӕ суӕрттӕ.

Ныры рӕстӕджы Сланты мыггагӕн йӕ къаддӕр хай цӕрынц Хуссар Ирыстоны, сӕ фылдӕр хай та – Цӕгат Ирыстоны, куыд, зӕгъӕм, Джызӕлы, Ногиры, Чермены, Комгӕроны, Хъобаны, Заводы поселочы, афтӕ горӕтӕн йӕхимидӕг дӕр.

Кӕд Брытъаты цӕрджытӕ нал ис, уӕддӕр, ардӕм кӕддӕриддӕр ӕрбацӕуынц, йӕ райгуырӕн къуымыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдон. Уыдонӕй иу у Сланты Толик. Уый йӕ бинонтимӕ арӕх бацӕуы йӕ райгуырӕн бӕстӕм. Йӕ бирӕ хъӕстыты руаджы, Брытъатмӕ арӕзт ӕрцыд хорз фӕндаг, ӕнцонвадат у куыд сӕрды, афтӕ зымӕджы дӕр, уагъд ӕм ӕрцыд рухс дӕр. Толикӕй дарддӕр, Брытъатмӕ зӕрдӕргъӕвдӕй бацӕуынц Сланты мыггаджы ӕндӕр минӕвӕрттӕ дӕр. Чизоны, ам цӕрынмӕ ӕрбынат кӕной Сланты мыггаджы кӕстӕртӕ ӕмӕ та раздӕрау сног уа Брытъаты хъӕуы фарн.

Къæбысты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.