Ирыстонæн йæ хъысмæт алцæмæй дæр æмбаст у стыр Уæрæсейы хъысмæтимæ. Бирæ символикон цаутæ, хабæрттæ нын хъæздыг кæнынц нæ иумæйаг хъысмæт. Ацы аз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы стыр Уæлахизы боныл 75 азы сæххæсты цытæн 9 майы Мæскуыйы Сырх Фæзуаты  нæ уыд Уæлахизы парад карантины аххосæй. Нæ уыд Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы дæр – махмæ дæр уый аххосæй. Æмæ ныр фехъуыстам æхсызгон хабар. Уыдзæн Уæлахизы Парад Мæскуыйы дæр æмæ Цхинвалы дæр. Уымæй дæр уыдзысты уыцы-иу бон, 75 азы размæ куыд уыд, афтæ,  24 æм июны – легендарон, историон парад ауадзыны бон.

Амæйразмæ нæ республикæйы  Президент  Бибылты Анатоли фехъусын кодта, кæй уыдзæн Уæлахизы Парад. Æмæ загъта, кæй уыдзæн, Мæскуыйы цы бон уа, уыцы бон.

Æндæрæбон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин бардзырд радта Уæлахизы Парад бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны тыххæй. Уый карзæй æрдомдта, цæмæй парад бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны рæстæджы карзæй æххæст цæуой æдасдзинады нормæтæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Владимир Путин Мæскуыйы Уæлахизы Парады хайад райсынмæ фæхуыдта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.