Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн — æхсызгон хабар. Мæйы фæудты Цхинвалмæ радон хатт гастролон балцы фæуазæг уыдзысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан» æмæ та аивадуарзджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæндзысты сæ профессионалон хореографийæ. Легендарон ансамблæн кæд хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ арæх нæ фемдзæгъд кæнынц, уæддæр зонгæ сты сæ арæхстдзинадимæ æмæ сæм кæддæриддæр æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц се ’рцыдмæ.

Нæ республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ансамбль «Алан» солон концерт равдисдзæн 30-æм ноябры изæрæй Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл. Ансамблæн сæ репертуары ис ирон национ æмæ Кавказы адæмты кæфтытæ. «Нæ министрад развæлгъау бацæттæ кæны куысты программæ æмæ нын ноябры мæйæн рауадис бæрæг цымыдисондæр. Фæстаг рæстæджыты мах арæх æрхонæм æндæр регионты зындгонд ансамблты, театрты, цæмæй нæ адæмæн уа сæхи кæм аирхæфсой, ахæм алыгъуызон культурон мадзæлттæ. Фæнды нæ не ’мбæстæгты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын легендарон ансамбль „Алан“-ы бирæвæрсыг аивадæй.

Ныртæккæ нæ бæстæ зын уавæры ис, адæм уыцы зындзинæдтæ хъусгæйæ фæллайынц æмæ уымæ гæсгæ арæхдæр хъæуы концерттæ уадзын. Æмгуыстады фæлгæтты „Алан“-ы гастролон балц срæвдз кодта нæ министрад, табуафси, алкæй дæр хонæм. Билетты аргъ концертмæ уыдзæнис 500 сомы бæрц æмæ сæ уæй кæндзысты 20-æм ноябрæй фæстæмæ», — банысан кодта Культурæйы министрады пресс-секретарь Хуыгаты Аланæ.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамблæн бындур æвæрд æрцыд 1938 азы æмæ уæдæй нырмæ лæггад кæны бирæ бæстæты сценæмæкæсджытæн. Куыд нæ бæстæйы алы рæтты, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр радта сæдæгай концерттæ. Ацы зындгонд ансамблы бирæвæрсыг аивадæн алы ран дæр стыр аргъ кæнынц ирон хореографийæн чи табу кæны, æппæт уыцы адæм. Ууыл дзурæг сты сæ бирæ кадджын хорзæхтæ. Ансамбль «Алан»-ы коллектив бирæ хæттыты ссис Уæрæсейы æмæ дунеон конкурсты лауреат, кæцы кад æмæ радимæ хæссы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреаты ном, лæвæрд ын æрцыд УФ-йы Хицауады æмæ «Золотой Аполлон»-ы премитæ, афтæ ма хорзæхджын æрцыд Адæмты Хæлардзинады орденæй. Ансамбль «Алан»-ы артисттæ аивадуарзджыты сæ арæхстджын, аив æмæ профессионалон кафтæй кæддæриддæр æркæсын кæнынц сæхимæ æмæ уый та у алкæцы артист æмæ аивадон къухдариуæггæнæджы сæйраг бæллиц. Адæмон кæфтытæ «Симд», «Хонгæ», «Хъаматимæ кафт», «Гуымсæджытимæ кафт» æмæ æндæртæй дуне базоны ирон адæмы хъæздыг культурæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.