Юстицийы органы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

28 азы размæ арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæсткæнынады хицауады ахсджиаг органтæй сæ иу – Юстицийы министрад. Уæ ведомствойы æндидзынады фæндаг уыд зын. Алы кусæджы удуæлдай куысты æмæ бæрндзинады æнкъарыны руаджы сымахæн бирæ бантыст, Закъоны уæлдæрдзинад, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнын ифтонг кæнгæйæ.

Æрвылбон дæр, иу, кæнæ иннæ уынаффæтæ исгæйæ, хъæугæ реформæтæ уадзгæйæ æмæ закъондæттæн базæйы модернизаци аразгæйæ, сымах ахъаз кæнут нæ бæстæйы закъондзинад сифтонг кæнынæн, кæнут æй æхсæнадæмон барты нормæты домæнтæм гæсгæ. Уæлдай банысан кæнын мæ фæнды Юстицийы министрады кусджыты куыст, кæцытæ лæууыдысты ведомствойы æндидзынады райдианы æмæ сæ царды фылдæр хай снывонд кодтой Закъонæн лæггад кæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад уæ хæдзæртты! Бузныг уын уæ куысты тыххæй Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн æмæ алыхаттдæр уæ зæрдыл дарут, Закъоны тых кæй ис йе ‘ххæсткæнынады.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Юстицийы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын Юстицийы органты кусæджы боны цытæн!

Нырыккон æхсæнады цардархайды иу сферæ дæр æнæ барадон ифтонгадæй нæ архайы. Сымах – юристтыл бирæ бæрцæй баст у закъæттæ æнтыстджынæй æххæст кæнын, адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнын, æхсæнады бæрзонд барадон культурæйы рæзт.

Ныфс мæ ис, нæ республикæйы юридикон æхсæнад, кæцы арæзт у квалификациджын кадртæй, дарддæр дæр кæй æххæст кæндзæн, цы мисси сыл æвæрд æрцыд, уый, барадон паддзахад аразыны хъуыддагмæ сæ хайбавæрд хæсгæйæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы республикæйæн бæрнджын фæндаджы æнтыстджын куыст республикæйы хæрзиуæгæн, энергийы æвидигæ фæсауæрц, разылæууæг хæстæ æххæст кæныны æнтыстдзинад, фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад æмæ сабырад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.