Ацы бонты АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта гом арвы фæдыл Ба-дзырдæй рахизыны тыххæй, уымæй дунеон æдасдзинады бындуртæй ноджы иуы фехалгæйæ. Трамп спайда кодта йæ уарзон тактикæйæ æмæ аххосджын кæны æндæр фарсы: «Уæрæсе нæ хъахъхъæны бадзырд. Æмæ йæ кæд Уæрæсе нæ райдайа  хъахъхъæнын, уæд мах рахиздзыстæм бадзырдæй. Фæлæ махæн нæ бон у æрбаздæхын æмæ ног бадзырд саразын». Америкæйаг хицауад фехъусын кодта, зæгъгæ, 6 мæйы фæстæ сæрибар уыдзысты ацы Бадзырды хæстæй. АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, Вашингтон гæнæн ис ногæй æркæса Сразыдзинадæй рахизыны фарстмæ, кæд æмæ Уæрæсе «хъахъхъæнын райдайа» бадзырды, уæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мæскуы цалдæр азы дæргъы хæлдта сразыдзинад, «куы-иу æй бафæндыд», уæд-иу бадзырды фæлгæтты атахтытæ нæ уадзгæйæ, кæнæ та сæ кæнгæйæ. Помпео сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ,  Мæскуы бар нæ радта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ арæнты дæскилометрон къæлидоры цæстдарæн атахтытæ саразынæн. Америкæйæгтæ, зæгъ, разы не сты сæ хæдтæхджытæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы арæнтæм сæ бон æрбаввахс уæвын кæй нæу, уымæй. Паддзахадон департамент ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуы арæнгонд кæны Калининграды об-ласты сæрмæ АИШ-ы хæдтæхджыты атахтытæн. Фæлæ хæцæнгæрзтыл контроль кæ-ныны фæдыл авторитетон америкæйаг ассоциацийы эксперттæ та дзурынц æндæргъуызон: «Ацы аз бадзырды фæлгæтты Уæрæсе хорзыл банымадта АИШ, Эстони æмæ Латвийы иумиаг атахт Калининграды сæрмæ. Уымæй дарддæр ма, 2-æм марты ЕÆÆО-йы цур АИШ-ы минæвар Джим Гилмор фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе нæ уыдзæн АИШ æмæ йе ‘мцæдисонты цæстдарæн атахтыты ныхмæ егъау æфсæддон ахуыртæ уадзыны районы сæрмæ». Урс хæдзар тæрсы: Цыма Уæрæсе спайда кæндзæн бадзырдæй, цæмæй сиса Европæ æмæ АИШ-ы инфраструктурæйы  сæйраг объектты нывтæ æмæ «сбæрæг кæна ныццæвыны потенциалон нысæнттæ». Уыимæ Вашингтон куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр йæхи нæ батыхсын кодта факттæ æмæ бæлвырдгæнæнтæ æрхæссыны тыххæй. Афтæ уыд ирайнаг ядерон сразыдзинады цауы дæр, кæцыйæ Трамп рахызт иуварсон фæткы, афтæ уыд астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй бадзырды цауы дæр.  «АИШ ацы бадзырдæй куы рахиза, уæд фехæлдзæн дунеон æфсæддон-стратегион стабилондзинад», – банысан кодта журнал «Национальная оборона»-йы сæйраг редактор Игорь Коротченко.

Ацы вазыгджын дунейы АИШ фæнд кæны йæхи уагæвæрдтæм гæсгæ архайын. Урс Хæдзары спецминæвары версимæ гæсгæ, ног сразыдзинадмæ хъуамæ хаст æрцæуой ядерон хæцæнгарзы æппæт хуызтæ, уыцы нымæцы раздæр хынцыд чи не ‘рцыдысты, уыдон дæр. Уыимæ бадзырдмæ хъуамæ æрбаиу уа Китай дæр. Æмæ æрмæст йæхæдæг АИШ, кæцы фæстаг рæстæджы уæрæхдæр кæны йæ ядерон арсенал, никæмæй ницы хæсджын у æмæ алыхатт дæр у раст.

Уыимæ АИШ-ы паддзахадон департамент ницæмæ дары Мæскуыйы претензитæ. Зæ-гъæм, Вашингтон арæнгонд кæны Гавайты сакъадахты территориты сæрмæ уæрæсейаг хæдтæхджыты атахтытæн æмæ æхсæвиуаты бынат нæ дæтты уæрæсейаг тæхджытæн АИШ-ы континенталон хайы. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сайты ис æндæр пункттæ дæр: Уæрæсе аразы æппæт дæр бадзырд бахъахъхъæныны тыххæй æмæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайы гом арвы фæдыл Консультативон къамисы фæлгæтты баныхæсты фæрцы уæвæг быцæутæ аиуварс кæнын, æппæт фæрсты претензитæ хынцгæйæ.

Трампы уынаффæйы фæдыл се нæразыдзинад равдыстой Вашингтоны дæр. АИШ-ы конгрессы ацы уынаффæйы се ‘мцæдисонтæн схуыдтой æхсæрфарсы цæфы хуызæн. Æмæ, æгæрыстæмæй конгрессментæ бахастой закъоны проект, кæцымæ гæсгæ президентæн бар нæ уыдзæн дунеон бадзырдтæй рахизынæн, парламентаритæ йæ хорзыл куынæ банымайой, уæд.

НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ Бадзырд æххæст кæнынмæ æрбаздæхдзысты, кæд æмæ Уæрæсе æххæстæй уадза Калининграды областы æмæ Гуырдзыстонимæ арæнмæ æввахс развæдсгарæн атахтытæ, уæд.

Дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачев комментаритæ сарæзта Столтенбергы хъусынгæнинагæн. Сенаторы ны-хæстæм гæсгæ, йæм НАТО-йы позици диссаг нæ фæкаст. «НАТО радон хатт æбæрнонæй лæууынц америкæйаг фарсы æвварс, афтæмæй уыдон бадзырд фехалыны фæдыл операцийы æмхайадисджытæ кæй суыдзысты, уый æнæмбаргæйæ», – банысан кодта уый. Косачевы ныхæстæм гæсгæ, ис карз евроатлантикон дисциплинæ, афтæ ма  АИШ-ы æмцæдисонты ныфс ис, зæгъгæ, «сæ цахæм-фæнды вазыгджын уавæрты дæр америкæйæгтæ бахъахъхъæндзысты. «Номхуындæй, уымæ гæсгæ рæстдзинад æмæ интересты ‘хсæн æвзаргæйæ, ацы бæстæтæ архайынц АИШ-ы интерестæм гæсгæ, æгæрыстæмæй реалон уавæрæн ныхмæвæрд куы уа, уæд-дæр», – загъта Константин Косачев.

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады америкæйаг дипломатийы хъусынгæнинаг банымадтой ультиматумыл æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, «ахæм бындурыл диалог нæ рауайдзæн». Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков ныфс бавæрдта, зæгъгæ, Мæскуы лæмбынæг диалог ауадздзæн бадзырды бæстæтæ-хайадисджытимæ æмæ сын бамбарын кæндзæн Вашингтон цы аххосагмæ гæсгæ халы сразыдзинады уагæвæрд æмæ Уæрæсе цахæм верси размæ кæны, уый тыххæй.

Гом арвы фæдыл Бадзырд арæзт æрцыд 1992 азы 24 марты Хельсинкийы. Документ архайы 2002 азæй фæстæмæ. Ацы Бадзырд уазал хæсты фæстæ ссис Европæйы æууæнкдзинад сфидар кæныны фæдыл мадзæлттæй сæ иу. Бадзырдыл сæ къухтæ æрфыстой 34 бæстæйы.

Уæдæй фæстæмæ Уæрæсейы Æфсæд-дон Уæлдæфон Тыхты специалон хæдтæхджытæ регулярон æгъдауæй атахтытæ арæзтой АИШ æмæ НАТО-йы æфсæддон объектты сæрты, æмæ НАТО-йы хайадисджытæ та – Уæрæсейы уæлдæфон тыгъдады. Хæдтæхджытæ-инспекторты бортыл алыхатт дæр уыдысты «исгæ фарсы» афицертæ.

2019 азы Уæрæсеимæ ахастытæ куы февзæрдæр сты, уæд америкæйаг политиктæ ногæй дзурын райдыдтой, зæгъгæ, гом арвы фæдыл Бадзырд дзуапп нæ дæтты национ интерестæн. АИШ-ы сæйраг аргумент уыд уый, æмæ ацы Бадзырд Мæскуыйæн кæй дæтты «æгæр уæрæх фадæттæ АИШ-ы тыххæй развæдсгарæн бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнынæн».

Уæдæ куыд уынæм, уымæ гæсгæ АИШ ра-гæй фæнд кодтой Бадзырдæй рахизыны тыххæй. Афтæмæй ма Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн архайы æрмæстдæр иу æфсæддон сразыдзинад – стратегион хæцæнгæрзтæ фæкъаддæр кæныны фæдыл мадзæлтты тыххæй Бадзырд. Æниу гæнæн ис æмæ та ацы бадзырдæй дæр рахизой иуварсон фæткы.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.