Знон Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмбырдтæуадзæн залы 2019 азы йæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад. Хицауады хыгъд Парламентмæ бавдыст æрцыд развæлгъау, цæмæй депутатон корпусæн фадат уыдаид æххæстгæнæг хицауады бакæнгæ куыстимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæвынæн, профилон комитетты йыл æруынаффæ кæнынæн.

Хыгъддæттæн æмбырды куысты хайад райстой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, æххæстгæнæг хицауады уæнгтæ – министрадтæ æмæ комитетты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик депутаттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хицауад йæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд хъуамæ радтаид бирæ раздæр, фæлæ коронавирусы аххосæй сæвзæргæ æндыгъд уавæр нæ радта уый фадат.

Хицауады куысты сæйраг æнтыстдзинæдтыл банымайæн ис бюджет дзæвгар фæрæзтæй фæфылдæр кæнын æмæ Инвестицион программæ æнтыстджынæй сæххæст кæнын.

Хицауады афæдзы дæргъы бакæнгæ куысты фæдыл хыгъд æмæ фæстиуджытимæ уæ лæмбынæгдæр базонгæ кæндзыстæм нæ газеты радон номыры.                                                                                   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.