Ныр цалдæр боны дæргъы Ирыстоны адæм цæгаты дæр æмæ хуссары дæр стырæй-чысылæй стыр цины æнкъарæнтимæ æмбæлынц ирон богалтыл, кæцытæ Токиойы уагъдцæуæг Олимпиадæйы систы уæлахиздзаутæ. Ирыстоны кад дунеон спортивон аренæйыл бæрзонд чи хæссы æмæ сæ нæмттæ æгас дунейыл кæмæн ахъæр сты, уыцы тыхджын богалтæ Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артур Олимпиадæйæ æрхастой сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ æмæ уымæй фæфылдæр кодтой ирон чемпионты номхыгъд Олимпиадæйы.

Ирон богалтæ, сæ уæлахизтыл фæцин кæнын æмæ сын арфæ ракæныны тыххæй 16-æм августы хуынд æрцыдысты нæ республикæмæ. Уыдон йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, 2016-æм азы Олимпиадæйы уæлахиздзау уæгъдибар хъæбысхæстæй Рæмонты Сослан æмæ уæрæсейаг богал, Токиойы уагъдцæуæг Олимпиадæйы хайадисæг Козырты Сергей, Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Президент Бибылты Анатоли цытджын богалтыл сæ тренеры сæргълæудæй, сæмбæлдис цины æнкъарæнтимæ æмæ хъарм ахастимæ. Уый, фыццаджыдæр, стыр бузныг загъта уæлахиздзау богалтæн се ‘нтыстыты тыххæй Олимпиадæйы æмæ банысан кодта ирон спортсментæн кæй ис егъау потенциал æмæ кæддæриддæр сæ хайбавæрд кæй бахæссынц дунеон спортивон историмæ. «Олимпион хъæзтыты майдан у ахсджиаг æмæ дзурæг у уæ сомбоны егъау фæстиуджытыл. Стыр æхсызгон хъуыддаг у уый, æмæ ахæм уæрæхмасштабон спортивон мадзæлтты Ирыстоны хъæбултæ кæй бацахсынц аккаг бынæттæ æмæ уæлахиздзаутæй кæй ралæууынц пьедесталыл, уый. Нæ спортсментæ гауызмæ куы рахизынц, уæд мах афтæ фæмæт кæнæм, цыма нæхæдæг вæййæм уыцы рингыл. Мах абон иууылдæр  арфæ кæнæм сымахæн Ирыстоны кад та радон хатт бæрзонд кæй систат æмæ ирон спортивон скъола аккагæй кæй равдыстат. Уый сымахæн дæр тынг ахсджиаг у спорты размæцыды хъуыддаджы æмæ уын ноджыдæр нæ зæрдæтæ зæгъынц стыр æнтыстытæ», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг. Бибылты Анатоли ма йæ раныхасы стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Тедеты Дзамболатæн дæр æмæ йын йæ цæст бауарзта, цæмæй йæ хъомылгæнинæгты майдантæ фылдæрæйфылдæр кæной æмæ нæ бæстæйы кад бæрзонд хæссой. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, æмæ Тедеты Дзамболаты хъомылгæнинæгтæй алкæцыйæн дæр кæй уыдзæнис стыр æнтыстытæ æмæ хорз фидæн.

Йæ рады Тедеты Дзамболат дæр банысан кодта æмæ раппæлыд Олимпиадæйы уæлахидзау ирон богалтæй. Уый куыд зæгъы, афтæмæй Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артурæн ис диссаджы фæстиуджытæ æмæ Козырты Сергейæн та нырма æппæт дæр ис разæй. Фембæлды ма Тедеты Дзамболат æрдзырдта Токиойы уагъдцæуæг Олимпиадæйы куыд тох кодтой æмæ сын цы нæ бантыст саразын, æппæт уыдæттыл. Фæлæ куыд банысан кодта, афтæмæй йæ стыр ныфс ис радон Олимпиаг хъæзтыты сæ рæдыдтытæ сраст кæнын æмæ фылдæр æнтыстытæй. «Не спортсментæй кæцыдæртæ æруагътой рæдыдтытæ æмæ уыдон аххосагæн нæ рамбылдтам фылдæр сыгъзæрин май-дантæ. Уырны мæ, æмæ иннæ спортивон мадзæлттæм кæй бакусдзыстæм нæ рæдыдтытыл æмæ хуыздæр кæй уыдзыстæм. Архайдзыстæм ууыл, цæмæй размæ цæуæм», – загъта Тедеты Дзамболат.

Фембæлды кæрон ма Президент Бибылты Анатоли йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, спортсментæн Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад æмæ зындгонд тренеры æххуысы руаджы спортсментæн арæзт кæй цæуынц æппæт уавæртæ æмæ фадæттæ дæр, цæмæй уой хуыздæр æмæ æнтыстджындæр. Уый фæстæ Президент Бибылты Анатоли Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артуры схорзæхджын кодта Хæлардзинады ордентæй, фыдыбæстæйон æмæ дунеон спорты рæзтмæ сæ хайбавæрд егъау кæй у æмæ Токиойы уагъдцæуæг Олимпиадæйы æнтыстджынæй сæхи кæй равдыстой, уый сæраппонд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.