Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ реставрацийы фæстæ лæвæрд æрцыдис орнаментимæ бронзæйæ рон, кæцыйы ссардæуыд Тлийы рагон уæлмæрды. Рон дæттыны рæстæджы ам уыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Ирыстоны хуссар æмæ цæгатæй историктæ æмæ археологтæ.

Æрхуыйы тадтагæй арæзт бæрæгбæттыдаргæ иттæг стæм  роныл цæуы æртæ мин азы бæрц. Ссардта йæ стыр ирон ахуыргонд-археолог Тъехты Баграт Дзауы районы Тлийы хъæуы хъобайнаг культурæйы уæлмæрды археологион къахæн куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы. Рон, кæцы арæзт уыд тъæпæн бронзæйæ æмæ йыл уыд иттæг тæнæг гравировкæ, фидаргонд уыд бæзджын царммæ. Археологион къахæн куыстыты рæстæджы уый ссардæуыд тынг мæгуырау уавæры. Уыдис 47 цъæлы æмæ йын экспозицион хуыз дæр нæ уыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта йæ реставрацийы фæдыл куыстытæ бакæнынæн. Реставраци та цыдис РЦИ-Аланийы Истори æмæ археологийы институты лабораторийы æмæ аххæссыд цалдæр мæйы. Райста æххæст хуыз, хорз зынынц, йæ уæлæ цы хуызфыстытæ ис, уыдон.

Бронзæ роныл ирдæй зынынц фæранкты æмæ æндæр цæрæгойты нывтæ, уыцы нымæцы саджы фатæй æхсæг адæймаджы, уæрдоны æфтыгъд бæхты цур лæууæг хæстоны нывтæ, афтæ ма орнаменттæ.

Реставраци йæ скæныны фæстæ роны гæнæн ис зонадон æгъдауæй  сахуыр кæнын, музейы йæ бафснайын. Уый раздæхт æрцыд Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ æмæ йæ бынат ссардта æндæр экспозициты ‘хсæн.

Иттæг зынаргъ артефакт музеймæ цытджын æгъдауæй радтыны церемонийы фæстæ уагъд æрцыдис зонадон конференци, кæцыйы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Уæрæсейы Зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор Цыбырты Алексей, РЦИ-Аланийы Истори æмæ археологийы институты зонадон кусæг Хасан Чшиев, реставратор Сергей Рагуленко, ирон зонадон æмæхсæнады минæвæрттæ.

Арфæйы ныхæстæ конференцийы хайадисджытæн загъта Бибылты Анатоли. «Мæнæн æхсызгон у, ацы музейы залмæ чи æрæмбырд, уыдонæн иууылдæр раарфæ кæнын. Сымах æрæмбырд стут, цæмæй хайад райсат зынгæ цауы – Национ музеймæ Хуссар Ирыстоны рагон истори æмæ культурæйы ахсджиаг материалон æвдисæндар, рагон фæтæджы бæрæгбонон бронзæйæ рон радтыны», – загъта уый.

Президенты ныхæстæм гæсгæ артефакт ссардæуыд тынг мæгуырау уавæры, рæстæг куыд цыд, афтæ йæ уавæр ноджы æвзæрдæр кодта æмæ ахуыргæндтæ бахатыдысты  республикæйы разамынадмæ, цæмæй сын баххуыс кодтаиккой йæ реставраци скæныны.

«Стыр райгондæй уынын, бакæнгæ куыстыты фæстиуæгæн ацы предмет кæй раздæхт Национ музеймæ, экспонаты хуыз райсгæйæ. Бæрæгæй зыны, цæй аив арæзт уыд ацы рон æмæ йыл цы нывтæ конд ис, уыдон бирæ цыдæртæ кæй радзурдзысты ахуыргæндтæн», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æфснайы рагон историйы иттæг хъæздыг бынтæ. Уый загъта, ахæм специалистты хъуыды, кæцытæ бæлвырд кæнынц, зæгъгæ, дунейы бирæ бынæттæ нæй зындгонд, цыран бахъахъхъæд æрцыдысты ахæм бæрцæй алыгъуызон дугты археологион цыртдзæвæнтæ. Уыдонæй иу у Хуссар Ирыстон.

Президент хъусдард аздæхта культурон бынтæ бахъахъхъæныны актуалондзинадмæ, кæцымæ гæсгæ райст æрцыд «Археологи, истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон.

«Боны фæткы ис Хуссар Ирыстоны территори археологион æгъдауæй сахуыр кæныны нысанмæздæхт паддзахадон программæ бакусыны тыххæй фарст», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма хъусдард аздæхта ацы зонадон конференци ауадзыны ахсджиагдзинадмæ. «Куыд зонут, афтæмæй æнæхъæн дунейы æмæ уыимæ Кавказы дæр ныртæккæ политикон æмæ экономикон ситуаци у вазыгджын æнæстабилон. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, мах иттæг хорз æмбарæм, нырыккон адæймаг йæ царды æрмæст цы бахæра, ууыл кæй ма хъуамæ хъуыды кæна. Æнæ культурæ æмæ зонад æнæ хи ахуырадон системæ æмæ историон мысынадæй иу адæмæн дæр нæй рæзты перспективæ», – банысан кодта Президент.

Йæ раныхасы кæрон Бибылты Анатоли бузныг загъта зынаргъ артефакт бахъахъхъæнынмæ йæ бавæрд чи бахаста, уыдонæн.

Дарддæр æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Цыбырты Алексей, кæцы радзырдта, роны реставрацион куыстытæ куыд цыдысты, уый тыххæй.

«Цалдæр азы размæ æз слæууыдтæн Дзæуджыхъæуы зонадон центры сæргъ. Ацы бынаты бирæ рæстæджы дæргъы куыста Ирыстоны иууыл зындгонддæр археологтæй сæ иу – Тъехты Баграт Виссарионы фырт. Йæ кусæн бынаты йæхи сæрмагонд дзаумæттæй цы ныууагъта, уыдоны ‘хсæн æз ссардтон бронзæйæ рон. Уымæн экспозицион хуыз нæ уыд. Æз дисы бахаудтæн æмæ уадид аскъуыддзаг кодтон реставратормæ бахатын. Æрмæст ахæм факт: сæфтыл нымад чи уыд, уыцы артефакт ссардæуыд – æвæлмас никæй ныууагъта. Уый у уникалон дзаума», – банысан кодта уый.

Цыбыры фырт куыд загъта, афтæмæй рон реставраци цыдис афæдзы дæргъы. «Мах активонæй архайдтам ацы проект реализаци кæныныл æмæ афæдзы æмгъуыдмæ реставраци æрцыд. Йæ реставраци ноджыдæр фенын кодта нæ иумæйаг цымыдисондзинад, нæ культурон бынтæм цахæм ахаст хъуамæ дарæм, уымæ. Æмæ, æз, куыд Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор, афтæ арæхдæр реализаци кæн-дзынæн ахæм проекттæ, кæцытæ бæттой Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты», – банысан кодта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.