Токиойы Олимпиаг хъæзтыты ирон хъайтартæ – уæгъдибар хъæбысхæсты уæлахиздзаутæ Сидахъты Зауырбег, æвзист майданы хицау Хъарацаты Аслан (теннис), бронзæ призертæ Найфонты Артур (уæгъдибар хъæбысхæст) æмæ Таймæзты Мæдинæ (дзюдо) хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй. Æмбæлон барлæвæрд бафыста УФ-йы Президент Владимир Путин. «Фыдыбæстæйы спорты рæзтмæ егъау бавæрæны тыххæй, бæрзонд спортивон сгуыхтыты тыххæй, Токиойы сахары (Япони) 2020 азы Олимпиадæйы XXX II Хъæзтыты уæлахизмæ тырнынад, хъару æмæ фæндвидардзинады тыххæй», – загъдæуы гæххæтты. Сыгъзæрин медалы хицау Сидахъты Зауырбег хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады Орденæй, Хъарацаты Аслан æмæ Таймæзты Мæдинæ – Орден «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй»-ы I къæпхæны майданæй, Найфонты Артур – II къæпхæны «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтыты тыххæй».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.