Хорзæхтæ дæттыны церемони æхсызгон мадзал у кæдфæнды дæр. Фæлæ ацы церемони цыма хицæн кодта – цавæрдæр хъарм æмæ хæларадон уавæры цыд уагъд. Хорзæхтæ бæстæйы сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн райстой, цæрджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны фадыджы æмæ бирæазон æнтыстджын куысты хисæрмагонд стыр лæггæдты тыххæй нæ республикæйы социалон къабазы кусджытæ –  кадджын нæмттæ, юбилейон майдантæ æмæ цытджын грамотæтæ.

Æхсызгон мадзалы хæдразмæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн ацы ахсджиаг къабазы кусджытæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, æгæрон тыхтæ æмæ бинонты хæрзиуæг. Ныфс мæ, зæгъгæ, ис, æмæ социалон кусæджы бæрзонд ном æмæ уæз уын ахъазгæнæг кæй сты уæ миддунейы æнцойдзинадæн.

«Ныры онг дæр паддзахад стыр æххуыс кодта социалон фадыджы кусджытæн. Уыцы æххуыс дарддæр цæудзæн, социалон æххуысы хаххыл чи кусынц, уыдонæн, уæлдайдæр, пенсиисджытæн. Ацы аз бæрæг фæфылдæр сты пенситæ, уыцы – иу рæстæджы æрвылмæйон бафыстытæ фыст кæмæн цæуы, уыцы пенсиисджыты кар фæкъаддæр 80 азæй 75 азмæ æмæ ныр фыст цæуы, 75 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдонæн»,- дзырдта Президент.

Банысан кодта, цæрджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны къабазы сæ фарсмæ балæууын, цы æххуыс бакæныны хъуыддаджы арæзт кæй цæуы серьезон къахдзæфтæ. Æмæ бæстæйы къухдариуæгад ноджыдæр араздзæн æппæт дæр, цæмæй æххуысхъуаг адæм исой æнæмæнгхъæуæг æххуыстæ. Ам бæстæйы сæргълæууæг ахсджиагыл банымадта хуымæтæг адæймагон хъусдард, зæгъгæ, бирæ низтæн æрмæст медицинон хостæй нæ, фæлæ хъарм ныхас æмæ ахастæй ис хосгæнæн, хъæуы æрмæст-дæр хъарм ахаст дарын.

Ныхасæй хос кæнын у сæ сæйраг хотых. Уымæ гæсгæ сын ноджыдæр йæ цæст бауарзта бирæ æхсызгон бæрæгбонтæ нысан кæнын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ мадзалы хайадисджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатолийæн, социалон фадыджы кусджыты тырнындзинæдтæн аккаг аргъ кæй цæуы бæстæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Уымæн æмæ Пре-зидентмæ æмæ Хицауадмæ кæцы-фæнды сидтæн дæр вæййы æмбæлон фæстиуæг. Уый дзурæг у ноджыдæр ууыл, æмæ къухдариуæгады ‘рдыгæй ацы къабазмæ кæй ис аудгæ ахаст.

Банысан кæнын ма хъæуы иу хъуыддаг – алы къабазы кусджытимæ фембæлды рæстæджы фадат вæййы проблемæтæ кæнæ æндæр, куысты сæ чи тыхсын кæны, ахæм фарстытæ бæстæйы сæргълæууæджы размæ рахæссынæн, фæлæ ацы кусджытæ æппæтæй дæр уыдысты райгонд.

Хорзæхтæ спорты

ветерантæн

Уыцы бон ма Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæ радта Хуссар Ирыстоны спорты ветерантæн. Æнæниз, хæрзæгъдау фæсивæды физикон цæттæдзинады хъуыддагмæ стыр хайбавæрды тыххæй ветерантæ хорзæхджын æрцыдысты Хæлардзинады орден, кадджын ном æмæ юбилейон майдантæй.

Спорты ветеранты сгуыхтдзинæдтыл дзургæйæ ма бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта ветерантæн æвзонг спортсменты аккаг хъомылады фæдыл. Банысан кодта, Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æдзух рæгъмæ кæй хæссы, йæ коллегæты цы тыхсын кæны, уыцы проблемæтæ, цæмæй паддзахад ноджы фылдæр хъусдард дара спорты къабазмæ.

«Стыр бузныг уын уæ æнтыстытæ æмæ цардуарзондзинады тыххæй, спортмæ уæ аудгæ ахаст, рæзгæ фæлтæры тыххæй йæ кæй рæзын æмæ   дарддæр кæнут. Ныртæккæ дæр сымахæн спорты фадыджы стыр æнтыстытæ ис, æвзонг фæлтæр спортсментæ уын аргъ кæнынц, сæрыстыр уæ сты æмæ уын уæ æнтыстытæй бузныг сты», – дзырдта Президент.

Банысан кодта, спортсменты хистæр фæлтæр ныртæккæ дæр кæй дарддæр æмæ рæзын кæны хуызтæр спортивон традицитæ, цайдагъ кæны фæсивæды спортмæ æмæ сты хорз дæнцæг æвзонг спотсментæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы церемони раздæр уагъд хъуамæ æрцыдаид, искæцы спортивон бонимæ бастæй, фæлæ дунейы рапарахатгонд вирусон низ ивындзинæдтæ хæссы нæ цардархайдмæ. Æмæ, зæгъгæ, ныр мæнæн æхсызгон у, ацы кадджын мисси æххæст кæй æрцыд, æмæ уын æгас Хуссар Ирыстоны адæмы номæй уæ хъазуатон куыст æмæ архайды тыххæй зæгъын бузныг.

 Спорты ветеран Тедеты Æхсар бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, ахæм бæрзонд аргъ сын кæй æрцыд къухдариуæгады ‘рдыгæй. Фæлæ разы нæу, нæ республикæйы территорийыл официалон спортивон мадзæлттæ уагъд куы фæцæуы, уæд цæмæдæр гæсгæ спорты ветерантæ рохуаты кæй аззайынц, уыимæ. Уыцы хъуыддаг, зæгъгæ, раст нæу. Уымæн æмæ ветерантæй алчи дæр Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты рæзтмæ бахаста стыр хайбавæрд.

«Æз мæ цард футболæн снывонд кодтон, фæлæ уыцы кады аккаг нæ разындтæн, цæмæй мæ бавдыстаиккой ныры футболистты куы хорзæхджын кодтой, уырдæм. Хъыгагæн, рохуаты аззайæм нæ юбилейты дæр», – дзырдта Æхсар.

Бæстæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, уыцы хъуыддаг кæй рараст уыдзæн, уымæй.

Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин дæр банысан кодта ветеранты стыр хайбавæрд спорты рæзтмæ. Бузныджы ныхæстæ загъта Президенты номыл йæ хъусдард æмæ хорзæхты тыххæй, зæгъгæ, сæ æнæниздзинады уавæр дæр ферох бирæты, афтæ райгонд сты уæ хъусдардæй.

Бибылты Анатолийы цæст ноджыдæр ветерантæн бауарзта æнæниздзинад æмæ егъау æнтыстытæ бæстæйы хæрзæбонæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.