Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинаг Бестауты Андрей ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионаты бронзæйон призер. Ерыстæ уагъд цыдысты Уфайы. Андрей хæцыд 125 кг уæзы категорийы. Бронзæйон майданыл тохы ирон богал 7:3 хыгъдæй фæуæлахиз АИШ-ы минæвар Уайт Хендриксоныл. Хъыгагæн, тренер Коцты Тамерланы иннæ хъомылгæнинаг Дзæгъиаты Сосланæн нæ бантыст пьедесталмæ схизын. Уый та архайдта 97 кг уæзы категорийы.

Дыууæ богалы дæр ацы аз фæуæлахиз сты, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.