Нӕ республикӕмӕ бирӕнымӕц цӕстдарджытӕ ӕрцыд президентон ӕвзӕрстыты размӕ бон, ӕрмӕст Уӕрӕсейы Федерацийӕ нӕ, фӕлӕ ӕввахс ӕмӕ дард фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй дӕр. Уыцы уазджытӕ, ирон уазӕгуарзондзинад банкъаргӕйӕ, ӕмхуызонӕй дзырдтой, цыма Хуссар Ирыстоны цӕстдарджыты хуызы не сты, фӕлӕ ӕввахс хиуӕтты – цыма уазӕгуаты ӕрцыдысты сӕ хӕстӕджытӕм, сӕ хӕлӕрттӕм. Уыцы делегацитӕй алкӕимӕ дӕр уыд официалон фембӕлдтытӕ.

Президент Бибылты Анатоли фембӕлд Республикӕ Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕм ӕхсӕндунеон хъусдарджыты хуызы ӕрцӕуӕг Уӕрӕсейы Федерацийы Федерацийы Советы делегацийы уӕнгтимӕ Сергей Цековы сӕргълӕудӕй. Фембӕлды ма хайад райста Уӕрӕсейы Федерацийы Æххӕстбарджын минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов. Уазджытӕн ӕгасцуай зӕгъгӕйӕ Президент банысан кодта, уӕрӕсейаг коллегӕтӕ Хуссар Ирыстоны политикон процесстӕм сӕ хъусдард кӕй здахынц, уымӕн кӕй ис стыр аргъ.

– Ам цы политикон процесстӕ цӕуы, уыдон бындуриуӕг кӕнынц цыфӕнды ӕхсӕнады рӕзтӕн дӕр. Ныртӕккӕ нӕм уагъд цӕуынц президентон ӕвзӕрстытӕ, уырны мӕ, алцы дӕр кӕй ацӕудзӕн закъоны фӕлгӕтты, ӕмӕ сымах уымӕн уыдзыстут ӕвдисӕн, – загъта Бибылты Анатоли.

Йӕхирдыгӕй фарс Сергей Цеков дӕр бузныджы ныхӕстӕ загъта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕгӕн, ахӕм хъарм райсты тыххӕй, уый банысан кӕнгӕйӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе кӕй цӕрынц иугъуызон интерестӕ ӕмӕ фӕндиӕгтимӕ.

– Мах тынг хорз ӕмбарӕм, Хуссар Ирыстоны цыдӕриддӕр цӕуы, уыдон иууылдӕр кӕй сты Уӕрӕсейы цырддзаст хъусдарды бын, Уӕрӕсейы цы цӕуы, Уӕрӕсеимӕ баст чи у, уыдонмӕ та ахӕм хъусдард ис Хуссар Ирыстоны рдыгӕй. Махӕн алцы дӕр у кӕрӕдзийыл баст, – загъта уый.

Сергей Цеков банысан кодта ныр, ӕртыккаг хатт кӕй дардзӕн йӕ хъус Хуссар Ирыстоны ӕвзарӕн процессмӕ. Ӕмӕ загъта, ныфс ӕй кӕй ис, ацы хатт дӕр закъоны фӕлгӕтты кӕй ацӕудзысты, уымӕй.

– Ам кӕддӕриддӕр ӕмӕ алцы дӕр цӕуы бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Махӕн нӕ хӕс у бакӕсӕм, нӕ хъус ӕрдарӕм ӕмӕ саразӕм раст хатдзӕгтӕ. Хуссар Ирыстонӕн та нӕ цӕст уарзы рӕзт ӕмӕ ӕнтыстытӕ, загъта Сергей Цеков.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент фембӕлд Уӕрӕсейы Федерацийы Æхсӕнадон палатӕйы уӕнгтимӕ дӕр. Делегацийы сконды уыдысты: Уӕрӕсейы Федерацийы Æхсӕнадон палатӕйы Æхсӕннацион ӕмӕ ӕхсӕнрелигион ахастыты фӕдыл къамисы сӕрдар Владимир Зорин, Æхсӕнадон палатӕйы сӕрдары хӕдивӕг Лагкуты Владимир, Æхсӕнадон палатӕйӕ Координацион советы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Александр Малькевич, Æхсӕнадон палатӕйы Æдасдзинад ӕмӕ ӕмархайды фӕдыл къамисы уӕнг Иван Абжер, Самарӕйы областӕй Æхсӕнадон палатӕйы уӕнг Хуыгаты Ростик ӕмӕ ӕндӕр официалон адӕймӕгтӕ. Цытджын уазджытимӕ фембӕлды хайад райста Республикӕ Хуссар Ирыстоны Æхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Куыдзеты Сергей. Бибылты Анатоли арфӕйы ныхӕстӕ загъта уазджытӕн се ‘рцыды тыххӕй:

– Кӕрӕдзийӕн фӕлтӕрддзинадӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ахастытӕ бӕстон кӕнын ахъаз кӕнынц ӕмбӕстагон ӕхсӕнады рӕзтӕн, – загъта уый.

Афтӕ ма Бибылты Анатоли уазджытӕн бузныг загъта Хуссар Ирыстонӕн ахӕм ахсджиаг  процессы – президентон ӕвзӕрстыты хайад исыны тыххӕй дӕр. Уазджыты номӕй Владимир Зорин раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн, ахӕм хъарм ахаст сӕм кӕй равдыстой, уый тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, ӕмбӕстагон ӕхсӕнады нысаниуӕг ахсджиаг кӕй у, уый. Бафиппайдта уый дӕр, ӕрӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцимӕ цы барасткӕнинӕгтӕ бахастой, уыдоны фӕрцы ӕмбӕстагон ӕхсӕнады ахадындзинад кӕй фӕтыхджындӕр. Уыимӕ иумӕ делегацийы уӕнгтӕ ныфс бавӕрдтой дарддӕры ӕнтысгӕ ӕмгуыстад ӕххӕст кӕнынӕй.

Нӕ республикӕйы уагъдцӕуӕг президентон ӕвзӕрстытӕм цӕстдарджытӕ ӕрцыд Сириаг Арабаг Республикӕйӕ дӕр. Делегацийы къухдариуӕггӕнӕг уыд Сириаг-Хуссарирыстойнаг Парламентон хӕлардзинады комитеты сӕргълӕууӕг Юссеф-Аль-Салама. Сириаг делегацийы уӕнгтимӕ фембӕлд Президент Бибылты Анатоли, фембӕлды ма хайад райстой нӕ республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Димитр ӕмӕ Парламенты Сӕрдары хӕдивӕг Чилӕхсаты Владимир.

Бибылты Анатоли арфӕ ракодта уазджытӕн се ‘рцыды ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ сӕ иузӕрдион ахасты тыххӕй.

– Райсом махмӕ уыдзӕн серьезон политикон мадзал. Сымах Сирийӕ ардӕм ӕрцыдыстут цӕстдарджыты хуызы. Ныфс мӕ ис алцы дӕр кӕй ацӕудзӕн закъоны фӕлгӕтты, ӕмӕ сымах уымӕн ӕвдисӕн уыдзыстут, – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Сириаг Арабаг Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад кӕй банымадта, уымӕн куыд ахсджиаг нысаниуӕг ис, уый:

– Мах ӕнӕкӕрон бузныг стӕм Сириаг Арабаг Республикӕйы къухдариуӕгадӕй ахӕм вазыгджын къахдзӕфы тыххӕй. Махӕн иумӕйаг тыхтӕй нӕ къухы бафтдзӕн алы ӕмӕ алы къабӕзты дӕр бӕлвырд нысӕнттӕ сӕххӕст кӕнын дарддӕры рӕзт ӕмӕ ӕмахастыты, нӕ адӕмы уазӕгуарзондзинад ӕмӕ ӕрдзы рӕсугъддзинад та сымахмӕ равзӕрын кӕндзӕн нӕ бӕстӕмӕ хъарм ахаст, – загъта уый.

Юссеф Аль-Салама бузныджы ныхӕстӕ загъта Хуссар Ирыстоны Президентӕн ахӕм зӕрдиаг ӕгасцуайы тыххӕй, Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм ӕнгӕс кӕй сты принципиалондзинадӕй, сӕрибармӕ тырнындзинадӕй, хӕдбар республикӕйы цӕрын ӕмӕ рӕзыны барӕй.

– Махӕн тынг ӕхсызгон у уӕ фарсмӕ уӕвын – сымахӕн ахӕм вазыгджын рӕстӕджы. Сымахӕн ис тынг рӕсугъд паддзахад, алӕмӕты ӕрдзысконд ӕмӕ диссаджы адӕм, кӕцы бӕрӕг дары йӕ фыдӕлты зӕхмӕ уарзондзинад ӕмӕ ӕнувыддзинадӕй. Уырны мӕ, адӕм раст равзӕрст кӕй сараздзысты, уый, ӕмӕ мах та нӕхи рады сараздзыстӕм раст хатдзӕгтӕ. Хуссар Ирыстонӕн нӕ фӕнды сабырад, фӕрныгад ӕмӕ дидинӕфтыд, – загъта сириаг делегацийы къухдариуӕггӕнӕг.

Фембӕлды хайадисджытӕ се ‘ппӕт дӕр ныфс бавӕрдтой дарддӕры ӕнтысгӕ ӕмгуыстад ӕмӕ социалон-экономикон рӕзт къухы бафтын кӕнынӕй.

Бибылты Анатоли бахатыд делегацийы уӕнгтӕм, цӕмӕй йӕ номӕй зӕрдиаг арфӕтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фӕхӕццӕ кӕной сӕ бӕстӕйы Президент Башар Асадмӕ.

Бибылты Анатоли официалонӕй фембӕлд нӕ республикӕйы президентон ӕвзӕрстытӕм Боливарианаг Республикӕ Венесуэлӕйӕ ӕрцӕуӕг ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджыты делегацийы уӕнгтимӕ дӕр. Делегацийы сконды уыдысты. Венесуэлӕйы Националон ӕвзарӕн советы Сӕрдары хӕдивӕг Леонель Энрике Парика Эрнандес ӕмӕ Венесуэлӕйы Националон ӕвзарӕн советы Сӕрдары Аппараты уынаффӕгӕнӕг  Хосе Леонардо Гонсалес Сааведра. Уазджытӕн арфӕйы ныхас ракӕныны фӕстӕ Бибылты Анатоли делегацийы уӕнгтӕм бахатыд, цӕмӕй, сӕхимӕ ныццӕугӕйӕ, йӕ номӕй зӕрдиаг салӕмттӕ зӕгъой Венесуэлӕйы Президент Николас Мадуройӕн.

– Æз алы хатт дӕр ӕхсызгонӕн ӕрымысын мӕ балц Венесуэлӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ махӕн тынг ахсджиаг у, Венесуэлӕ дӕр нын Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ ӕндӕр паддзахадтау нӕ хӕдбардзинад кӕй банымадта, уый. Уый нӕ адӕмӕн у стыр политикон фарсхӕцынад, – загъта Бибылты Анатоли.

Йӕхифарсӕрдыгӕй Леонель Энрике Парика Эрнандес бузныг загъта Президентӕн, зӕрдиагӕй сыл кӕй сӕмбӕлдысты, уый тыххӕй. Уый банысан кодта, республикӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ венесуэлаг делегаци кӕй базонгӕ Ирыстоны культурӕ ӕмӕ историимӕ – уыдысты Хуссар Ирыстоны Национ музей ӕмӕ Паддзахадон университеты.

– Команданте Уго Чавес дызӕрдыг нӕ кодта, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайа ӕви нӕ, ууыл. Æмӕ ныры Президент Николас Мадуро дӕр дарддӕр кӕны уыцы банымады хахх. Мах ам стӕм уый тыххӕй, цӕмӕй уӕ фарсмӕ балӕууӕм, куыд ӕфсымӕрон адӕм, афтӕ, цӕмӕй райсом ӕвдисӕн уӕм, Хуссар Ирыстоны адӕм кӕй саразой, уыцы демократон къахдзӕфӕн. Сымахӕн уӕ бон у, нӕ бӕстӕйы фарсхӕцынадӕй ныфс ӕвӕрын, – загъта венесуэлӕйаг делегацийы сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолийы цӕст Венесуэлӕйы адӕмӕн бауарзта сабыр арвы бын цӕрыны амонд.

– Йӕ интерестӕ чи хъахъхъӕны, уыцы хъӕбатыр адӕмӕн ӕнӕ аргъгӕнгӕ нӕй, -загъта Президент.

Бибылты Анатоли фембӕлд Хуссар Ирыстонмӕ Австрийӕ ӕрцӕуӕг,  Александр Суворовы номыл Венӕйаг институты Генералон секретарь Патрик Попелимӕ. Фембӕлды хайад райста Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Димитр дӕр. Бибылты Анатоли ӕгасцуай загъта цытджын уазӕгӕн ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, ӕхсӕндунеон хъусдарджытӕ алы хатт дӕр ӕвдисӕн кӕй вӕййынц не взӕрстыты демократондзинадӕн.

Патрик Поппель раарфӕ кодта хуссарирыстойнаг паддзахады сӕргълӕууӕгӕн, президентон ӕвзӕрстытӕм ӕй кӕй фӕхуыдтой, уый тыххӕй:

– Æвзӕрстытӕ – уый ахсджиаг процесс у. Мӕнӕн ацы ӕвзӕрстыты хайад райсын ӕрмӕст куыст нӕу, ӕз мӕхицӕн кадыл нымайын ам уӕвын. Мӕн фӕнды уӕ бӕстӕйӕн баххуыс кӕнын ӕхсӕндунеон ахастыты къабазы ӕмӕ уӕ адӕмы фӕрныгады сӕраппонд, – загъта уый.

 

Нӕ республикӕмӕ президентон ӕвзӕрстытӕм ӕхсӕндунеон хъусдарджыты хуызы ӕрцыдысты Туркӕй дӕр – нӕ республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕрмагонд минӕвар Турчы Хоситы Бурхан ӕмӕ Турчы баиугонд кавказаг ӕхсӕнады сӕрдар Йылмыз Батибей (Батиаты).

Бибылты Анатоли зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта уазджытӕн се ‘рцыды тыххӕй, бузныг сын загъта, сӕ фыдыбӕстӕ Ирыстонимӕ ӕнувыд ӕмгуыстадыл сӕ къух кӕй нӕ исынц, уый тыххӕй.

Хоситы Бурхан банысан кодта, тынг ӕхсызгон ын кӕй у, Хуссар Ирыстонӕн ахӕм историон ӕмӕ хъысмӕтӕвзарӕн мадзалы хайад исыны амонд ӕм кӕй ӕрхауд, уый.

Президент Йылмыз Батибейы схорзӕхджын кодта Хӕлардзинады орденӕй, бирӕ азты дӕргъы Хуссар Ирыстонимӕ ӕнгом бастдзинӕдтӕ рӕзын кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй кусы, уый тыххӕй.

Уыд нӕм уазӕг Италийӕ дӕр – нӕ республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады минӕвар Италийы Мауро Мурджа, уымӕн дӕр уыдис цалдӕр фембӕлды, уыцы нымӕцы нӕ республикӕйы Президентимӕ дӕр.

Дыккаг бон, ома, президенты ӕвзӕрстыты бон дӕр бирӕ уазджытӕ ӕрцыд нӕ республикӕмӕ – Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйӕ, Республикӕ Абхазӕй, Донецкы Адӕмон Республикӕйӕ, Луганскы Адӕмон Республикӕйӕ ӕмӕ ӕфсымӕрон Цӕгат Ирыстонӕй. Уыдонӕй алкӕимӕ дӕр хицӕнтӕй фембӕлд Президент Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.