РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта стыр теннисæй 2020 азы Токиойы Олимпион хъæзтыты æвзист призер Хъæрæцаты Асланы фыдыбæстæйон æмæ дунеон спорты рæзтмæ йе стыр сæрмагонд хайбавæрды, 2020 азы Токиойы Олимпион XXXII-æм сæрдыгон хъæзтыты йе стыр æнтыстыты тыххæй.

Президент чемпионæн загъта арфæйы ныхæстæ: «Аслан Хъазбеджы фырт, мах стыр цымыдисимæ нæ хъус дардтам де стыр æн-тыстытæм. Тынг æхсызгон нын у, Ирыстоны минæвар дунеон спорты Уæрæсейы Федерацийы тырысайы кад кæй хъахъхъæны, уый. Уыр-ны мæ, спорты ноджы стырдæр æнтыстытæ къухты бафтын кæнынмæ дæм кæй ис фæндондзинад æмæ цæттæдзинад, уый. Мæ зæрдæ дын зæгъы хорз кад, спорты æмæ царды ноджы стырдæр æнтыстытæ!».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.