Нæ рагфыдæлтæ, ома нæ таурæгъон фыдæлтæ – Нартæн, сæ удварны сæйраг хæзнатæй иу уыд Уацамонгæ. Уый уыдис хъæдæй арæзт, рæсугъд нывæфтыд кæхц цыппар къахимæ. Йæ æдзухон æфснайæн бынат уыдис Нарты æртæ мыггагæй иу – Алæгатæм. Уыдонæй-иу æй рахастой сæ хæрзтæ æвзарæн куывдмæ. Стæрæй кæнæ-иу исты фæдисы балцæй куы æрыздæхтысты, уæд-иу сæ балцы, се сгуыхтдзинæдтыл дзургæйæ, рæстытæ чи дзырдта, уымæ-иу Уацамонгæ, йæхи уæлдæфы сисгæ, æлутон бæгæныйæ йедзагæй бацыд. Рæстытæ дзурæг-иу куынæ уыд, уæд-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта…

Уымæ гæсгæ Нартæй алчи дæр йæхи хызта мæнг дзурынæй, алчи дæр тарст адæмы фыдæх æмæ худинагæй. Уацамонгæйы алæмæты тых сæ хызта кæрæдзийы зæрдæхудтæй, æфтыдта сæ раст фæндагыл, цайдагъ сæ кодта æфсарм æмæ æгъдауæн табу кæныныл.

Цы кæнæм, куыд кæнæм мах та, нæ рагфыдæлты абоны фæдонтæ?..

Суæм нæ фыдæлты аккаг, мах дæр хæст уæм ирон уаг æмæ æгъдауыл, æви нæхи стухæм европæйаг хæрвы æмæ, куыд наци, афтæ батайæм æндæр адæмты æхсæн?..  Хуыцау нæ бахизæд ахæм хъысмæтæй, фæлæ нын фыдæлтæй цы баззад, уыдоныл нæ къух куы сисæм, ирон фарн æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ куы нал цæрæм, уæд нæ фæстаг дывыдоны сæфтмæ цæуы… Фæлæ нырма нæ байрæджы нæ национ фарн ногæй бæрзонд сисынæн. Нæ фыдæлтæ нын цы æвидигæ фарн ныууагътой, уымæн йæ цæхæр нæма банымæг, æрмæст æй хъæуы схъауын, цæмæй та нын ногæй ныррухс кæна нæ развæндаг. Цæмæй та нæм ногæй æрыздæха, æндæр адæмты ахуыргæндтæ дæр уæлион дунейы хуыздæр æргъадтæ кæй культурæ æмæ традицитæм гæсгæ агуырдтой, уыцы фыдæлты ирондзинад.

Уыцы ирондзинад нæм абон цы уавæры ис, уый тыххæй фаг у хуымæтæджы цæвиттон æрхæссын: ирон фынгыл нæм кувæг сбадын кæнын ссис национ проблемæ… Уæдæ ма æндæр, вазыгджындæр хъуыддæгтæн та цы кæнæм, куыд сæ сраст кæнæм?.. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, куыд, цы хуызы ма суæм нæ фыдæлты аккаг фæдонтæ?..

ХУЫЦАУ АДÆЙМАДЖЫ КУЫД СФÆЛДЫСТА

Хуыцау сфæлдыста лæджы æмæ йын загъта:

– Ацы лæг, æз дæ сфæлдыстон æмæ цæр, алцы дæр дын фаг уæд, цух мацæмæй у, фæлæ дын цæрæнбон ис æрмæстдæр дæс æмæ ссæдз азы.

Лæг уый куы фехъуыста, уæд йæхинымæры ба-хъынцъым кодта, ома, дæс æмæ ссæдз азы цæй цæрæнбон у, фæлæ уæлæмæ, Хуыцаумæ ницы сдзырд-та.

Уый фæстæ сфæлдыста хæрæг. Хæрæгæн загъта:

– Кус ацы лæгæн. Цыдæриддæр æй хъæуа, уыдон ын куыд хæссай, афтæ æмæ дæс æмæ ссæдз азы фæцæр йемæ.

Хæрæгæн тынг хъыг уыди æмæ загъта:

– Уæ, уаих фæуай, Хуыцау! Цæмæн мын афтæ загътай? Æз уыцы куыс-тæй æмæ уыцы æргъомы бын фондз азы куы фæцæ-рон, уæддæр мын æгъгъæд у. Мæнæн ме стджытæ дæр ныцъæл уыдзысты æмæ мæ нæ хъæуы фондз-æхсæз азы йедтæмæ уыцы цард.

Уый фæстæ сфæлдыста куыдз. Куыдзæн загъта:

– Ацы куыдз! Ацы лæг-мæ цырд лæу æмæ йæм знаггад хæстæг ма ‘руадз: йæ фосмæ, йæ каркмæ, йæ алцæмæ дæр æмæ дæс æмæ ссæдз аз фæцæр йемæ.

Уый та ноджы тынгдæр бахъынцъым кодта æмæ загъта Хуыцауæн:

– Æз фондз азæй уæлæ-мæ куы фæрæйон, уæд ме ‘фсæрыкъæдзтæ фелвæс-дзысты æмæ мæ фондз азæй уæлæмæ цард нæ хъæуы.

Уый фæци æмæ та Хуыцау сфæлдыста маймули. Маймулийæн загъта:

– Ацы лæджы тынг хъæлдзæг дар, йæ разы каф æмæ дæс æмæ ссæдз азы йемæ фæцæр.

Маймули, цъус ма бахъæуа, йæхи амара.

– Æз гомсыдзæй æмæ бæгънæгæй фондз азы куы фæцæрон, уæддæр мын уæлдай у, æндæр мæ нæ хъæуы.

Хуыцау загъта:

– Уæдæ афтæ. Æмæ уæлдай азтæ лæгæн радта.

Лæгæн дæс æмæ ссæдз азмæ йæ туг æддæмæ цæуы, æмæ уæд йæ тых уый тыххæй йæ мидæг вæййы. Стæй бавналы куыстмæ æмæ фæкусы, цалынмæ йæ тых йæ мидæг вæййы, уæдмæ. Стæй кусын йæ бон нал вæййы, æмæ уæд амонын байдайы, фæлæ кæмæн амоны, уый йæм нал фæхъусы æмæ уый йæ куыдзы рæйд у. Стæй та уымæй дæр фервæзы.

Уæд лæг æрхауы æмæ йæ бон кусын дæр нал вæййы, зæгъынхъом дæр; уæраг ын нал вæййы æмæ цæстæй дæр нал фæуыны, уыдон ын куы нал вæййынц, æмæ куы ницыуал фæзоны, гъе уый та вæййы йæ маймулийы хъазт.

АВД УÆЛЗÆХЫ ÆМÆ АВД ДÆЛЗÆХЫ

Уæлзæхты фыццаг у, адæм æмæ æппæт цæрæгойтæ кæм цæрынц. Зайæгойтæ кæм зайынц, уый та зæххы уæлцъар хуыйны. Уырдыгæй уæлæмæ ма арвы тыгъдады ис æхсæз уæлзæхы – уæларвы.

Уыдонæй алкæм дæр цæрынц зæдтæ æмæ дауджытæ. Æппæты уæллаг – æвдæм уæлзæх у Дунесфæлдисæг Иунæг Хуыцауы цæрæнбынат, уырдæм фæсиды зæдтæ æмæ дауджытæм. Æнæхонгæйæ йæм цæуыны бар ис, æрмæстдæр Уастырджийæн. Уымæн, кæддæриддæр, гом сты йæ хæдзары дуæрттæ.

Ис авд дæлзæхы дæр. Авд уæлзæхы æмæ авд дæлзæхы сты кæрæдзийы ныхмæ æвæрд цæрæн бынæттæ. Æвдæм дæлзæхы цæрынц дæлимонтæ. Рагæй фæстæмæ ирон адæммæ иууыл карздæр æлгъыст у: «Авд дæлзæхы фæу». Афтæ æлгъитынц кæрæдзийы дæр, фосы дæр, суанг хæдзары æмæ кусæн дзаумæтты дæр, ома, дæлимонты хай фæу! Мæрдты бæсты иннæ æхсæз дæлзæхты цыфæнды хъизæмæрттæ æвзаргæйæ дæр, марды уд адæмимæ уыдзæн, æвдæмы та дæлимонтимæ.

Санаты Сем дзырдта:

* Уд дзы нæ уыдзæн, афтæмæй зæххыл лæсдзæн тагъд æмæ ласдзæн хæхтæ æмæ бæстæ.

* Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлыл æмæ дзырд хæсдзæн, цы йæ хондзысты, уый нæ зонын.

* Голлаг æмæ хызын уыдзысты æмбартæ.

* Бæсты фæстаг уыдзæн дон æмæ Уырысы.

* Хохы фæстаг суыдзæн быдираг.

* Лæппу-дзураг æмæ чызг-æфсины рæстæг æрцæудзæн.

* Ахæм фæлтæр уыдзæн æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн.

* Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.