АВД ХО, АВД СТЪАЛЫ

Ирон адæммæ авд хойы хонынц, арвыл цы стъалыгуппар ис, уый. Бæрæг нæу, кæдæй нырмæ сæ хонæм афтæ, фæлæ рагон таурæгътæм гæсгæ кæддæр хуындысты «Æмбырдтæ», ома, иумæ. Ацы стъалытæ, дам, кæддæр уыдысты авд хойы. Чи сæ хуыздæр у, чи сæ рæсугъддæр у, уыдæттæн зæххон адæмæй ничи ницы зыдта. Уæд, дам, дын иу хатт цалдæр усгуры сфæнд кодтой сæ бафæлварын. Авд хойæ алкæмæн дæр радтой æмхуызон кусинаг ахæм дзырдæй: йæ куыст раздæр чи фæуа, уый уыдзæн хотæн сæ хуыздæр. Чызджытæ уыцы æмхуызонæй фæрæвдз сты кæрдгæ-хуыйгæ куыстмæ æмæ изæры уыцы-иу рæстæгыл æмхуызонæй фесты сæ куыст.

Усгуртæ ма цы загътаиккой, уый нал зыдтой æмæ сæ фæрсынц:

– Уæдæ ма цы амалæй ис базонæн, хуыздæр уæ чи у, уымæн?

Уыдон дзуапп радтой:

– Иунæг Хуыцау йедтæмæ ничи зоны, махæй хуыздæр æмæ æвзæрдæр чи у, уый. Фæлæ авдæй дæр æмсæр, æмхуызон кæй стæм, уымæ гæсгæ нæ цæрæн бынат уæд арвыл, цæмæй нын нæ фæлгонц уыной зæххон адæм æмæ нæ ма ферох кæной. Хуыцауæй ма курæм уый дæр, цæмæй немæ уой нæ сынтæджытæ.

Хуыцау сæххæст кодта авд хойы фæндон æмæ сын цæрæн бынат схай кодта арвыл.

Стъалыгуппар «Авд хойæн» сæ нæмттæ хуыйнынц: Уз, Заз, Цицыр, Зада, Гадæкк, Удыкк æмæ Гæда.

Æрвадиуæггæнæг ирон мыггæгтæ хицæн таурæгътæм гæсгæ

*Бестаутæ – Торотæ – Телитæ – Тъератæ – Булкъатæ

*Берчъысатæ – Тагитæ – Къибиртæ

*Биастæ – Токъатæ – Цъоппойтæ – Хохойтæ

*Бигъуылатæ – Елойтæ – Хохтæ

*Бирæгътæ – Уырымтæ

*Битартæ – Биганатæ – Хоситæ

*Битутæ – Хъуыбадтæ

*Битъартæ – Уазæгтæ – Дзыныхътæ – Биганатæ

*Бицъотæ – Черчестæ – Дзæрæхохтæ – Гагкайтæ – Ханайтæ – Борсæтæ – Тохсыртæ

*Бичегкутæ – Афсæнтæ – Хоситæ

*Блитæ – Царахатæ – Дегъуатæ – Æлбортæ – Сасиатæ

*Богъатæ – Сханатæ

*Боцитæ – Козатæ – Кучитæ

*Боцитæ – Салхъазантæ – Барахътæ – Къацитæ

*Боцитæ – Бæциатæ

*Боцитæ -Цыхуырбатæ – Кучитæ

*Брытъиатæ – Церехъатæ – Муцатæ – Хабыцтæ – Гайттатæ

*Брытъиатæ – Бадриатæ – Тедтойтæ – Хъайтыхътæ – Ходтæ

*Бугъатæ – Цæгæратæ

*Будайтæ – Темыртæ  Батыртæ

*Бузойтæ – Гардантæ – Магкæтæ – Бердиатæ – Бæлойтæ – Малитæ – Хоцхартæ

*Булацатæ – Гадзайтæ – Симетæ – Езетæ – Къостæ – Хабитæ

*Буратæ – Зæгъойтæ – Пæррæстатæ

*Бурдзиатæ – Лиантæ – Хнетæ

*Бутатæ – Габысатæ – Сæлбитæ – Хъæрджынтæ

*Бырнацтæ – Дзапартæ – Дзиуатæ -Дзидахантæ

Æрфæны фæд

Ацы æрдзон фæзынды æмбарынад æрмæст махмæ, ирон адæммæ нæй, бирæ адæмтæм ис алы æмæ алы нæмттæ æмæ æмбарынадтимæ. Уырыссæгтæм у – Млечный путь.

Нарты кадджытæм гæсгæ Æрфæн у Нарты хистæр Уырызмæджы диссаджы, æрвон мыггагæй бæхы ном. Уыд æмбисонды бæх, хуыдтой йæ зæххон бæхтæн се ‘ппæты фыдæл, ома, уымæй равзæрдысты. Мæйрухс æхсæвы арвы иу кæронæй иннæмæ цы фæлурс тæлм разыны, уый хуыйны Æрфæны фæд.

УÆЛБИКЪОН – УÆЛИМОН – ДÆЛИМОН

Ирон адæм уæлбикъон фæхонынц, уæлбартæ чи фæдомы, йæхи æндæртæй уæлдæр чи февæры, ахæм сæрбæрзонд, схъæл адæймаджы. Бирæтæ йæ æмбарынц афтæ, ома, йæ бикъ уæлдæр чи æнхъæлы, ахæм адæймаг. Афтæмæй та уæлбикъонтæ дæр сты адæмы мыггаг. Ирон адæмон сфæлдыстады æмбæлæм ахæм адæмы мыггагыл, кæцытыл, æндæр удгоймæгты уæлдай, нæ цæуы зæдтæ æмæ дауджыты бар, уыдон сты уæлбикъон адæм.

Уæлимонтæ æмæ дæлимонтæ иу сты, фæлæ сæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц, æрмæстдæр, сæ уæвынады бынатмæ гæсгæ. Зæххæн уæлейæ цыдæриддæр хæйрæджы мыггагæй ис: Хæйрæджытæ, зинтæ, иблистæ æмæ афтæ дарддæр – уыдон се ‘ппæт дæр хуыйнынц уæлимонтæ. Дæлзæхх, ома, зæххы бын сæ чи цæры, уыдон та хуыйнынц дæлимонтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.