Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ «Стайы цармдарæг»-ы

 

  1. 8. Нарты Батрадзæн хуры чызг амоны, цæмæй авдсæрон уæйыджы амара фынæйæ. Батрадз амардта уæйыджы, куы бафынæй, уæд.

Поэмæйы дæр Нестан-Дареджан æмæ Тариел уынаффæ кæнынц æвæндоны усгурæй фервæзыны тыххæй. Нестан зæгъы Тариелæн, цæмæй йæ амара фынæйæ. Тариел дæр, Батрадзау, сах Харезмы фырты амары фынæйæ.

Дыууæ ран дæр се знæгты марынц фынæйæ æмæ сылгоймаджы амындæй.

  1. 9. Нарты Уæрхæг æруатон æмæ арæнкъард. Уырызмæг æй фæрсы: «Цы кæныс, зæронд, цы дыл æрцыдис? Уæрхæг ын зæгъы: «Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мæ фæстæ цы бауыдзысты Нартæ?» Уырзмæг ын ныфс бавæрдта, кæй уыдзысты уый хуызæн хъæбатыр. Уæрхæг хуыздæрæн равзæрста Уырызмæджы æмæ йæ иунæгæй арвыста балцы.

Поэмæйы дæр Ростеван йæ чызг Тинатины чындзæхсæвы æрæнкъард æмæ йæ Автандил фæрсы: «Цы кодтай, цæмæн æнкъард кæныс?» Ростеван ын дзуапп дæтты: «Базæронд дæн, æмæ мæ фæстæ нæй, мæхуызæн чи уа, æхсæнгарз æмæ цирхъæй мæ хуызæн чи арæхса, ахæм». Автандил æй акодта цуаны æмæ йæ рамбылдта.

Дыууæ ран дæр дыууæ хистæры сагъæс кæнынц, сæ фæстæ кæй ныууадзой, ууыл. Ростеван дæр Автандилы иунæгæй арвиты балцы.

  1. 10. Нарты кадджыты чысыл лæппу райсом раджы бæхыл сбадт, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы Батрадзмæ, кæд æй йемæ стæры акæнид, уый ныфсæй.

Поэмæйы дæр Автандил райсом раджы сбадт йæ бæхыл, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы Ростеванмæ, цæмæй йемæ йæ хъару бавзара стæры.

Дыууæ ран дæр сæ бæхтыл сбадынц райсомæй, дыууæ дæр æнхъæлмæ кæсынц сæхицæй хистæртæм, дыууæмæ дæр ис уыцы-иугъуызон хъуыдытæ.

 

Ирон адæм сты Хуыцауы ратгæ æвдæм фæлтæр

Хуыцау иугæр дуне сфæлдыста,уæд æй бафæндыд адæм скæнын дæр. Фыццаг кæй сфæлдыста, уыдон уыдысты Уадмерытæ. Фæлæ йын æгæр сæвджын æмæ тыхджын адæм рауадысты – кæмтты нæ цыдысты, сæ уæз сын зæхх нæ урæдта, æмæ сæ фесæфта Хуыцау. Уæдæй æртæфондзыссæдз азы куы рацыди, уæд та Хуыцау сфæлдыста Камбадаты – зондæй дæр æмæ тыхæй дæр уыдысты  Уадмерыты хуызæн, фæлæ йын æгæр гыццылтæ рауадысты æмæ та уыдоны дæр фесæфта. Æртæфондзыссæдз азы фæстæ та сфæлдыста Гамерыты, фæлæ та йын уыдон дæр æгæр стыр æмæ тыхджын рауадысты, зæххыл сын цæрæн нæ уыд æмæ та сæ Хуыцау фесæфта. Æртæфондзыссæдз азы та куы рацыд, уæд та сфæлдыста Гуымирыты, фæлæ та йын уыдон дæр зæххыл цæрыны аккаг нæ разындысты æмæ сæ фесæфта. Æртæфондзыссæдз азы та рацыд æмæ сфæлдыста Уæйгуыты. Фæлæ йын уыдон бынтон нæ фесгуыхтысты – чы дзы авдсæрон уыд, чи æртæцæстон. Зæххыл цæрын нæ базыдтой уыдон дæр æмæ та сæ Хуыцау фесæфта. Ноджы ма æртæфондзыссæдз азы куы рацыд, уæд Хуыцау сфæлдыста Нарты æмæ йын уыдон фæрæстмæ сты, асæй дæр æмæ хъаруйæ дæр зæххыл цæрыны аккаг разындысты. Хуыцау цы адæмты сæвзæрста, уыдон нымæцмæ гæсгæ уыдысты æхсæзæм. Нартæй та равзæрдысты ирон адæм, кæцытæ сты, Хуыцау кæй сфæлдыста, уыцы адæмты æвдæм фæлтæр. Уымæ гæсгæ нымæц авд  ирон адæммæ у уæлдай табуйаг.

 

Ирон аргъуыды фыст

Уацамонгæ

Ацы фыст ис цæугæдон Иорданы былыл Есойы Чырысти аргъуыд кæм райста, уыцы бынаты горæт Тверийы. Ацы горæтæн йæ бындур фæзынд дыууæ мин азы размæ æмæ нымад цæуы табуйаг горæтыл Ерусалим æмæ Цфаты æмрæнхъ.

 

Фыды райсом

Ирон адæм ныртæккæ цы марды æгъдæуттæ æххæст кæнынц, уыдонæн сæ уидæгтæ арф сты, рагзамантæй нæм æрхæццæ сты, кæд сыл рæстæджы цыдимæ æндæр адæмтæй æрбайсгæ æгъдæутты æндæвдад фæзынд, уæддæр. Мард куы бавæрынц, уæд ын фыццаг æртæ изæры хурныгуылды фæстæ йæ риуыл скæнынц арт. Абон зын зæгъæн у, ацы мардæгъдау (фыццаг æртæ изæры арт кæнын) дæр уыд нæ фыдæлтæм æмæ фыды райсом дæр, кæцытæ куыдфæстагмæ баиу сты æви сæ иу ферох æмæ йын йæ бынат бацахста æндæр кæйдæр, æцæгæлон æмардæгъдау… Нæ фыдæлтæм уыд ахæм мардæгъдау: мард-иу куы бавæрдтой, уæд-иу ын дыккаг бон, цалынмæ хур не скаст, уæдмæ, боны цъæхыл хъуамæ йæ уæлмæрд бабæрæг кодтаиккой æмæ йыл арт скодтаиккой. Уый та æвдисæн у уымæн, нæ рагфыдæлтæ Хур æмæ Артæн кæй табу кодтой. Уыцы æгъдау хуыдтой фыды райсом.

 

 

Рагон ирон æмбисæндтæ

*Фæндагыл де ’ргом кæцырдæм саразай, уыцырдæм фæхæццæ уыдзынæ

*Фидар лæуу – нæ фыдæлтæ-иу стæгсастæй хъæрзгæ нæ кодтой, сау фыды цæф та-иу хъæр нæ кодтой

*Æндонæй болат фидардæр у

*Зындзинад тыхсынæй нæ къаддæр кæны

*Лæгдзарм æрчъитæн нæ бæззы

*Лæджыхъæд дзыхæй нæу, фæлæ хъаруйæ у

*Хохæй сой цъырдта, къæдзæхæй æхсыр цымдта, ахæм тыхджын уыд

*Куырдалæгонæн дойнаг дур дæр æвзалы уыди

*Комхъæд йе ’лхуый уыди, долапи – йæ уæдæртт

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ДЫУУÆ КЪÆЗÆНÆДЖЫ

Къæзæнæг Ушо хæдзар арæзта æмæ йæ зонгæты дуарахæсты бакодта, шифер асламдæрæй кæм балхæнон, зæгъгæ. Уæд ын чидæр бацамыдта, зæгъгæ, æфсæнвæндаджы станцы вагæттæ чи æвдæлон кæны, уыдонæй искæимæ бадзур. Уыдон, дам, шифер æрдæг аргъыл ауæй кæнынц, стæй гæххæтт саразынц, цыма ныцъæл сты…

Ушойы дæр ма æндæр цы хъуыдис. Вогзалмæ бацыд æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæны. Иу ран вагæтты цур йæ цæст схæцыд къæдзæхыйас сæвджынтæ лæгыл. Бацыд йæ цурмæ æмæ йæ афарста:

– Хо-оо-рз л-л-лæг, ши-ши-фер ам-ам уæ-æй кæ-нн-ынц?..

Лæг æм дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ дынджыр къух дардыл ныззылдта æмæ Ушойы русæн дзæхст… Ушо вагоны бын смидæг. Иу афон йæхимæ куы рцыд, уæд вагоны бынæй ралæст æмæ фæрсы лæджы:

– Цæ-цæ-мæн мæ-мæ ны-ццав-дтаай?

– Уæ-æ-дæ ды-ды кæй-кæй фæз-мы-мыныс?..

 

ЗОНДЦУХ ÆМÆ ЙÆ ДОХТЫР

Æррадоны иу зондцух лæг спичкæты афтид къоппыл бос бабаста æмæ йæ йæ фæдыл фæласы:

– Буци,буци, – дзуры йæм фæстæмæ.

– Цæй дзæбæх куыдз дын ис, – йæ зæрдæ йын алхæдта дохтыр.

– Кæм уыныс куыдз?- фæрсы йæ зондцух.

– Дедтæ дæ фæстæ фæцæуы.

– Уæд мæ хуызæн су, кæд нæу куыдз…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.